Левит 10:1—20

10  Цасдӕры фӕстӕ Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуд+ райстой сӕ зынгхӕссӕнтӕ+, нывӕрдтой дзы зынг, зынджы сӕрыл та – буд+, ӕмӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, чи не ’мбӕлд, кӕмӕй сын нӕ загъта, ахӕм зынг+.  Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ сӕ аныхъуырдта+, ӕмӕ Йегъовӕйы раз амардысты+.  Уӕд Моисей Ааронӕн загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕввахс мӕм чи у+, уыдон мын хъуамӕ мӕ ном рухс кӕной+ ӕмӕ мӕ ӕппӕт адӕм дӕр хъуамӕ кадджын кӕной“»+. Ӕмӕ Аарон хъусӕй лӕууыд.  Моисей фӕдзырдта Мисаил ӕмӕ Елцафанмӕ, Ааронӕн йӕ фыдыфсымӕр Узиилы фырттӕм+, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уе ’фсымӕрты сыгъдӕг бынаты разӕй цатырты ӕддӕмӕ ахӕссут»+.  Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ сӕ сӕ даргъ хӕдӕтты мидӕг цатырты ӕддӕмӕ ахастой, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.  Ӕмӕ Моисей Ааронӕн ӕмӕ йӕ иннӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Ифамарӕн, загъта: «Уӕ сӕртӕ ӕнӕфастӕй ма ныууадзут+ ӕмӕ уӕ уӕлӕдарӕс ма ӕрыскъуынут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ цӕмӕй Хуыцау ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа+. Уе ’фсымӕртӕ, Израилы адӕм иууылдӕр, фӕкӕудзысты, чи басыгъд, Йегъовӕ арты хай кӕй бакодта, уыдоныл.  Ӕмбырды цатыры бахизӕны разӕй макуыдӕм ацӕут, цӕмӕй ма амӕлат+, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйы сӕрмагонд сойӕ сӕрст стут»+. Ӕмӕ уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ бакодтой.  Ӕмӕ Йегъовӕ Ааронӕн загъта:  «Ӕмбырды цатырмӕ куы цӕуат, уӕд ма нуазут мадӕр сӕн, мадӕр карз нозт+,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр,– цӕмӕй ма амӕлат. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, 10  цӕмӕй, табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнат+, 11  ӕмӕ цӕмӕй Израилы фырттӕн амонат+, Йегъовӕ сын Моисейы уылты кӕй радта, уыцы уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр». 12  Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн ӕмӕ ма йын чи баззад, уыцы фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Ифамарӕн, загъта: «Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ артыл кӕй басыгътой, уыцы кувинӕгтӕй цы хоры кувинаг+ баззад, уымӕй донгонд дзултӕ скӕнут ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны раз бахӕрут, уымӕн ӕмӕ уый у уӕлдай табуйаг+. 13  Хъуамӕ уыцы кувинаг хӕрат сыгъдӕг бынаты+, уымӕн ӕмӕ уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ уыд загъд. 14  Риуыгуыдыр – кӕй батилынц, уыцы кувинаг+, ӕмӕ агъд – сауджынты хай+, хӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр+, уымӕн ӕмӕ уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Израилы фырттӕ цы фарны нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдонӕй. 15  Израилы фырттӕ-иу агъд – сауджынты хай, ӕмӕ риуыгуыдыр – кӕй батилынц, уыцы кувинаг+, ӕрбахӕсдзысты, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгты фиуимӕ, цӕмӕй, кӕй батилынц, уыцы кувинаг Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилой. Ӕмӕ уый ӕнустӕм уыдзӕн дӕ хай+ ӕмӕ дӕ фыртты хай, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ». 16  Уӕд Моисей агурын райдыдта, тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ цы нӕл сӕгъ ӕрхастой, уый, ӕмӕ базыдта, кӕй йӕ басыгътой. Ӕмӕ йӕ маст ссыгъд Елеазармӕ ӕмӕ Ифамармӕ, Ааронӕн ма цы фырттӕ баззад, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: 17  «Цӕуылнӕ бахордтат тӕригъӕды тыххӕй нывонд сыгъдӕг бынаты?+ Уый уӕлдай табуйаг куы у ӕмӕ уын ӕй уый тыххӕй куы радта, цӕмӕй дзуапп дӕттат ӕппӕт адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ-иу сӕ Йегъовӕйы раз сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнат!+ 18  Йӕ туг сыгъдӕг бынатмӕ хаст не ’рцыд!+ Нывонд хъуамӕ сыгъдӕг бынаты бахордтаиккат, загъд мын куыд уыд, афтӕ»+. 19  Уӕд Аарон Моисейӕн загъта: «Уыдон абон Йегъовӕйӕн ӕрхастой сӕ нывонд тӕригъӕды тыххӕй ӕмӕ сӕ судзинаг нывонд+. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ сӕр ахӕм бӕллӕх баййӕфта, ӕмӕ ӕз абон тӕригъӕды тыххӕй нывондӕй куы бахордтаин, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдаид?»+ 20  Моисей уый куы фехъуыста, уӕд сразы йӕ ныхӕстыл.

Фиппаинӕгтӕ