Левит 13:1—59

13  Йегъовӕ ма Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта:  «Адӕймагӕн йӕ буар куы рафада, науӕд ыл хӕлмаг+ кӕнӕ хъулӕттӕ куы фӕзына ӕмӕ хъотыры хъӕдгомы хуызӕн куы суа+, уӕд ӕй ӕрбакӕнын хъӕуы сауджынмӕ: Ааронмӕ кӕнӕ йӕ фырттӕй искӕмӕ+.  Сауджын ын йӕ хъӕдгом фендзӕн+, ӕмӕ кӕд хъӕдгомыл хъуынтӕ сурс сты ӕмӕ цармӕй арфдӕр зыны, уӕд уый у хъотыр. Сауджын ӕй фендзӕн ӕмӕ уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ.  Фӕлӕ кӕд уыцы хъулон урс у, цармӕй арфдӕр нӕ зыны ӕмӕ йыл цы хъуынтӕ ис, уыдон не сурс сты, уӕд ӕй сауджын авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн+.  Ӕвдӕм бон ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд бӕрӕг у, ӕмӕ хъӕдгом нӕ фестырдӕр, буарыл нӕ апырх, уӕд ма йӕ ноджыдӕр авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн+.  Ӕвдӕм бон та йӕ сауджын ногӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд йӕ хъӕдгом фӕфӕлурс ӕмӕ буарыл нӕ апырх, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Уый уыди ӕнӕуи хӕлмаг. Уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг.  Фӕлӕ кӕд, сауджынмӕ куы ’рбацыд ӕмӕ йӕ сыгъдӕгыл куы банымадта, уый фӕстӕ йӕ хӕлмаг буарыл апырх, уӕд хъуамӕ йӕхи дыккаг хатт сауджынӕн фенын кӕна+.  Сауджын ӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд хӕлмаг йӕ буарыл апырх, уӕд уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр+.  Адӕймагыл хъотыры хъӕдгом куы фӕзына, уӕд ӕй хъӕуы сауджынмӕ ӕрбакӕнын. 10  Сауджын ӕй фендзӕн+, ӕмӕ кӕд йӕ буарыл ис урс хъулӕттӕ ӕмӕ уыцы рӕтты хъуынтӕ сурс сты ӕмӕ йӕ дзидза разынд+, 11  уӕд уый у, рагӕй йыл чи ис, ахӕм хъотыр+. Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Хибар кӕнын ӕй нӕ хъӕуы+, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг нӕу. 12  Фӕлӕ кӕд хъотыр йӕ буарыл апырх ӕмӕ ӕнӕхъӕн буар сӕрӕй къӕхтӕм бамбӕрзта, сауджынӕн йӕ бон фенын цас у, уыйбӕрц, 13  ӕмӕ сауджын куы фена, хъотыр ын йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй бамбӕрзта, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Йӕ царм иууылдӕр сурс. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 14  Фӕлӕ хъӕдгомы дзидза куы разына, уӕд уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сыгъдӕг нал уыдзӕн. 15  Сауджын+ куы фена, йӕ хъӕдгомы дзидза кӕй разынд, уый, уӕд зӕгъдзӕн, уыцы адӕймаг сыгъдӕг кӕй нӕу. Дзидза кӕм разынд, ахӕм хъӕдгом сыгъдӕг нӕу. Уый у хъотыр+. 16  Уыцы хъӕдгом куы байгас уа ӕмӕ куы сурс уа, уӕд хъуамӕ ӕрбацӕуа сауджынмӕ. 17  Сауджын ӕй фендзӕн+, ӕмӕ кӕд йӕ хъӕдгом сурс, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 18  Искӕмӕн йӕ буарыл сынкъ+ куы рацӕуа ӕмӕ йын куы байгас уа, 19  ӕмӕ сынчъы бынат урс хъулӕттӕ кӕнӕ сырхгомау хъулӕттӕ куы суа, уӕд хъуамӕ йӕхи сауджынӕн фенын кӕна. 20  Сауджын ӕй фендзӕн+, ӕмӕ кӕд хъӕдгом цармӕй арфдӕр зыны, цы хъуынтӕ дзы ис, уыдон сурс сты, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. Хъотыр фӕзынд сынчъы бынаты. 21  Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ хъӕдгомыл хъуынтӕ урс не сты, цармӕй арфдӕр нӕу ӕмӕ у фӕлурс, уӕд ӕй авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн+. 22  Хъӕдгом буарыл куы апырх уа, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у низ. 23  Фӕлӕ сынкъ куы нӕ фестырдӕр уа ӕмӕ буарыл куы нӕ апырх уа, уӕд сынкъ ӕнӕуи хӕф кӕны+, ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ+. 24  Исчи йӕхи куы басудза ӕмӕ сыгъды бынаты дзидза кӕм разынд, уый сырхгомау кӕнӕ урс хъулӕттӕ куы суа, 25  уӕд ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд уыцы ран хъуынтӕ сурс сты ӕмӕ хъӕдгом цармӕй арфдӕр у, уӕд уый хъотыр у. Хъотыр фӕзынд хъӕдгомы, ӕмӕ сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. 26  Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ хъӕдгомыл хъуынтӕ урс не сты, цармӕй арфдӕр нӕу ӕмӕ у фӕлурс, уӕд ӕй авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн. 27  Ӕвдӕм бон ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд хъӕдгом буарыл апырх, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. 28  Фӕлӕ кӕд хъӕдгом нӕ фестырдӕр, буарыл нӕ апырх ӕмӕ у фӕлурс, уӕд хъӕдгом ӕнӕуи схӕф. Сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ хъӕдгом хӕф сси. 29  Нӕлгоймагӕн кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ сӕрыл кӕнӕ йӕ роцъойыл хъӕдгом куы фӕзына, 30  уӕд хъуамӕ сауджын+ уыцы хъӕдгом фена. Ӕмӕ кӕд цармӕй арфдӕр зыны, цы хъуынтӕ йыл ис, уыдон сты бур ӕмӕ дзы цалдӕр йеддӕмӕ нал ис, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у цӕгӕрниз+. Уыцы адӕймагӕн йӕ сӕрыл кӕнӕ йӕ роцъойыл фӕзынд хъотыр. 31  Сауджын цӕгӕрнизы хъӕдгом куы фена, ӕмӕ хъӕдгом цармӕй арфдӕр куы нӕ зына ӕмӕ уыцы ран сау хъуынтӕ куы нӕ уа, уӕд цӕгӕрнизӕй рынчын адӕймаджы авд бонмӕ+ ахибар кӕндзӕн+. 32  Ӕвдӕм бон сауджын хъӕдгом фендзӕн, ӕмӕ кӕд хъӕдгом нӕ апырх, бур хъуынтӕ дзы нӕ фӕзынд+ ӕмӕ цармӕй арфдӕр нӕ зыны, 33  уӕд хъуамӕ уыцы адӕймаг йӕхи адаса, фӕлӕ, цӕгӕр кӕм у, уыцы бынатмӕ хъуамӕ ма бавнала+. Ӕмӕ йӕ сауджын ногӕй авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн. 34  Ӕвдӕм бон сауджын цӕгӕры хъӕдгом фендзӕн, ӕмӕ кӕд буарыл нӕ апырх ӕмӕ цармӕй арфдӕр нӕ зыны, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ+. Уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 35  Фӕлӕ кӕд, сыгъдӕгыл нымад куы ’рцыд, уый фӕстӕ йӕ буарыл апырх, 36  уӕд ӕй хъуамӕ сауджын+ фена. Ӕмӕ кӕд цӕгӕрниз буарыл апырх, уӕд сауджын нал кӕсдзӕн, бур хъуынтӕ дзы ис ӕви нӕ – уыцы адӕймаг сыгъдӕг нӕу. 37  Фӕлӕ кӕд бӕрӕг у, ӕмӕ хъӕдгом нӕ фестырдӕр ӕмӕ дзы сау хъуынтӕ разади, уӕд цӕгӕрниз ацыд. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг, ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ+. 38  Нӕлгоймагӕн кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ буарыл урс хъулӕттӕ+ куы фӕзына, 39  уӕд ӕй сауджын+ фендзӕн, ӕмӕ кӕд уыцы хъулӕттӕ фӕлурс сты, уӕд ӕнӕуи рафаста, ӕмӕ дзы тӕссагӕй ницы ис. Йӕ буар рафаста. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 40  Адӕймагӕн йӕ сӕрыхъуынтӕ куы згъӕлой+, уӕд лӕгуын кӕны. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 41  Йӕ сӕрыхъуынтӕ разӕй куы згъӕлой, уӕд лӕгуын кӕны йӕ ных. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 42  Фӕлӕ, йӕ тыл кӕнӕ йӕ ных кӕм слӕгуын, уым сырхгомау хъӕдгом куы фӕзына, уӕд уый у хъотыр – хъотыр фӕзынд йӕ тылыл кӕнӕ йӕ ныхыл. 43  Сауджын+ ӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд, йӕ тыл кӕнӕ йӕ ных кӕм слӕгуын, уым хъотыры хуызӕн сырхгомау хъулӕттӕ фӕзынд, 44  уӕд уыцы адӕймаг у хъотырджын. Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Йӕ сӕрыл ис хъотыр. 45  Хъотырӕй рынчын чи у, уымӕн йӕ уӕлӕдарӕс хъуамӕ уа скъуыдтӕ+, йӕ сӕр ӕнӕфаст+ ӕмӕ хъуамӕ йӕ рихитӕ бамбӕрза+ ӕмӕ хъӕр кӕна: „Сыгъдӕг нӕ дӕн, сыгъдӕг нӕ дӕн!“+ 46  Цалынмӕ йыл хъотыр уа, уӕдмӕ сыгъдӕг нӕ уыдзӕн. Уыцы адӕймаг сыгъдӕг нӕу. Хъуамӕ цӕра хибарӕй, цатырты ӕдде+. 47  Хъотыр уӕлӕдарӕсыл куы фӕзына,– фӕнды къуымбилӕй конд уӕд, фӕнды гӕнӕй, 48  фӕнды уӕфт+ хъуымацӕй* уӕд – къуымбил ӕндӕхтӕй ӕви гӕн ӕндӕхтӕй, фӕнды сӕрак уӕд, фӕнды сӕракӕй конд дзаума+, 49  ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл, сӕракыл, уӕфт дзаумайыл кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл цы хъулӕттӕ фӕзынд, уыдон бурбын-цъӕх кӕнӕ сырх куы уой, уӕд уый у хъотыр, ӕмӕ йӕ хъӕуы сауджынӕн равдисын. 50  Сауджын+ ӕм ӕркӕсдзӕн ӕмӕ йӕ авд бонмӕ хибар ран сӕвӕрын кӕндзӕн+. 51  Ӕвдӕм бон та йӕм сауджын ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ кӕд апырх уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаумайыл+ кӕнӕ сӕракыл, уыцы сӕрак цӕмӕнфӕнды ма уа, уӕддӕр, уӕд уый у ӕвзӕр хъотыр+. Уыцы дзаума сыгъдӕг нӕу. 52  Ӕмӕ, хъотыр кӕуыл фӕзынд, уыцы уӕлӕдарӕс, уӕфт дзаума+ кӕнӕ сӕракӕй конд дзаума хъуамӕ басудза, уымӕн ӕмӕ уый у ӕвзӕр+ хъотыр. Уыцы дзаума хъӕуы басудзын. 53  Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаума кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл цы хъулӕттӕ фӕзынд, уыдон нӕ апырх сты+, 54  уӕд зӕгъдзӕн, цӕмӕй уыцы дзаума ныхсой ӕмӕ йӕ авд боны хибар ран дарой. 55  Дзаума куы ныхсой, уӕд ӕм сауджын ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ кӕд уыцы хъулӕттӕ сӕ хуыз нӕ фӕивтой, уӕд сыгъдӕг нӕу,– кӕд нӕ апырх сты, уӕддӕр. Хъӕуы йӕ басудзын. Хъотыр ӕй бахордта зыгъуымырдыгӕй кӕнӕ ӕддӕрдыгӕй. 56  Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ ӕхсады фӕстӕ уыцы хъулӕттӕ сты фӕлурс, уӕд хъуамӕ уӕлӕдарӕсӕй, уӕфт дзаумайӕ кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайӕ раскъуына, хъулӕттӕ кӕм ис, уыцы хай. 57  Фӕлӕ та уый фӕстӕ дӕр уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаумайыл+ кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл куы фӕзыной, уӕд уый у, чи райдыдта, ахӕм хъотыр. Уыцы дзаума цыфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй хъӕуы басудзын+. 58  Уӕлӕдарӕс, уӕфт дзаума кӕнӕ сӕракӕй конд дзаума куы ныхсай ӕмӕ уыцы хъулӕттӕ куы фесӕфой, уӕд ма йӕ иу хатт ныхс, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 59  Ай у закъон, къуымбилӕй кӕнӕ гӕнӕй+ конд уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаумайыл кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл хъотыр куы фӕзына, уый тыххӕй, цӕмӕй сауджын зона, сыгъдӕгыл ӕй банымайӕн ис ӕви нӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «хъуымацӕн йӕ дӕргъырдӕм кӕнӕ йӕ цӕхгӕрмӕ ӕндӕхтӕ».