Левит 14:1—57

14  Йегъовӕ ма дарддӕр Моисейӕн загъта:  «Ай у закъон, хъотырджын+ сыгъдӕгыл нымад куы ’рцӕуа, уыцы бон цы бакӕнын хъӕуы, уый тыххӕй. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕной сауджынмӕ+.  Сауджын цатырты ӕддӕмӕ рацӕудзӕн ӕмӕ йӕ фендзӕн, ӕмӕ кӕд йӕ хъотыр фесӕфт+,  уӕд ын зӕгъдзӕн, цӕмӕй йӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй ӕрбахӕсса, сыгъдӕгыл нымад чи у, дыууӕ ахӕм удӕгас маргъы+, кедры къалиу+, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ+ ӕмӕ иссопы къалиутӕ+.  Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, цӕмӕй мӕргътӕй иуы аргӕвдой, суадоны дон кӕм уа, ахӕм ӕлыг мигӕнӕны сӕрмӕ+.  Уый фӕстӕ райсдзӕн удӕгас маргъы, кедры къалиу, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ ӕмӕ иссопы къалиутӕ, ӕмӕ уыдон иууылдӕр, стӕй удӕгас маргъы дӕр, атулдзӕн, суадоны доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы.  Стӕй, йӕхи хъотырӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, ууыл тугӕй авд хатты+ бапырх кӕндзӕн+ ӕмӕ зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ+. Удӕгас маргъы та ауадздзӕн тыгъд быдыры+.  Уый фӕстӕ, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаг хъуамӕ ныхса йӕ уӕлӕдарӕс+, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныддаса, йӕхи ныннайа+, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын. Ӕмӕ авд боны хъуамӕ цӕра йӕ цатыры ӕдде+.  Ӕвдӕм бон хъуамӕ адаса йӕ сӕр+, йӕ роцъо ӕмӕ йе ’рфгуытӕ. Хъуамӕ ныддаса йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр, йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 10  Ӕстӕм+ бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыркъайы ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм ӕнӕсахъат сыл уӕрыкк+ ӕмӕ хоры кувинагӕн+ ӕрбахӕссӕд ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы* ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ хӕццӕйӕ, ӕмӕ иу лог* сой+. 11  Ӕмӕ уыцы адӕймаджы, сыгъдӕгыл ӕй чи банымайдзӕн, уыцы сауджын ӕй йӕ нывӕндтимӕ ӕрлӕууын кӕндзӕн Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бахизӕны цур. 12  Ӕмӕ сауджын фыркъатӕй иуы ӕрхӕсдзӕн иу лог+ соимӕ аххосы тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилдзӕн – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 13  Фыркъайы аргӕвддзӕн, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ ӕмӕ судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым+, сыгъдӕг бынаты+, уымӕн ӕмӕ аххосы тыххӕй нывонд дӕр у сауджыны, тӕригъӕды тыххӕй нывонд куыд у, афтӕ+. Уый у уӕлдай табуйаг. 14  Ӕмӕ сауджын аххосы тыххӕй нывонды тугӕй райсдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 15  Уый фӕстӕ сауджын райсдзӕн иу лог+ сой ӕмӕ дзы йӕ галиу къухы ӕркӕндзӕн. 16  Стӕй сауджын, йӕ галиу къухы цы сой ис, уым йӕ рахиз къухы амонӕн ӕнгуылдз атулдзӕн ӕмӕ дзы авд хатты+ Йегъовӕйы раз бапырх кӕндзӕн. 17  Уый фӕстӕ, йӕ къухы цы сой уа, уымӕй ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн аххосы тыххӕй нывонды тугӕй кӕм ацахуырста, уым – йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 18  Ӕмӕ ма сауджынӕн йӕ къухы цы сой баззайа, уый та рауадздзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы сӕрыл, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+. 19  Стӕй сауджын тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕрхӕсдзӕн+ ӕмӕ, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ аргӕвддзӕн судзинаг нывонд. 20  Ӕмӕ сауджын+ нывондхӕссӕныл ӕрхӕсдзӕн судзинаг нывонд ӕмӕ хоры кувинаг+ ӕмӕ афтӕмӕй уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг+. 21  Фӕлӕ кӕд адӕймаг мӕгуыр у+ ӕмӕ йӕ къух уыйбӕрц нӕ амоны+, уӕд аххосы тыххӕй нывондӕн, кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыркъа, цӕмӕй йӕхи йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна, хоры кувинагӕн ӕрбахӕссӕд ефӕйы дӕсӕм хай ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ хӕццӕйӕ, иу лог сой, 22  стӕй дыууӕ ӕхсинӕджы+ кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны, йӕ къух куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ: иуы – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн. 23  Хъуамӕ сӕ ӕстӕм бон+ ӕрбахӕсса сауджынмӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ+, Йегъовӕйы размӕ, цӕмӕй сыгъдӕгыл нымад ӕрцӕуа+. 24  Сауджын райсдзӕн, аххосы тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрбакодта, уыцы фыркъайы+, стӕй сойы лог ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилдзӕн – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 25  Ӕмӕ сауджын уыцы фыркъайы аргӕвддзӕн, йӕ тугӕй йын райсдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 26  Уый фӕстӕ сауджын йӕ галиу къухы сойӕ ӕркӕндзӕн+, 27  ӕмӕ, йӕ галиу къухы цы сой ис, уым йӕ рахиз къухы амонӕн ӕнгуылдз атулдзӕн ӕмӕ дзы авд хатты Йегъовӕйы раз бапырх кӕндзӕн+. 28  Уый фӕстӕ, йӕ къухы цы сой уа, уымӕй ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн аххосы тыххӕй нывонды тугӕй кӕм ацахуырста, уым – йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 29  Ӕмӕ ма сауджынӕн йӕ къухы цы сой баззайа, уый та рауадздзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы сӕрыл+, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна. 30  Стӕй сауджын райсдзӕн ӕхсинджытӕй кӕнӕ лӕппын бӕлӕттӕй иуы, уыцы адӕймагӕн йӕ къух цы амона, уымӕ гӕсгӕ+, 31  ӕмӕ йӕ ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн+, хоры кувинагимӕ иумӕ. Ӕмӕ сауджын, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ+ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. 32  Ай у закъон, хъотыр кӕуыл уыд ӕмӕ, цӕмӕй сыгъдӕгыл нымад ӕрцӕуа, уый тыххӕй йӕ къух бирӕ кӕмӕн нӕ амоны, уыцы адӕймагӕн». 33  Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 34  «Ханааны зӕхмӕ+, кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ+, куы бацӕуат, ӕмӕ ӕз уӕ зӕххыл искӕцы хӕдзарыл хъотыр куы бафтауон+, 35  уӕд хӕдзары хицау хъуамӕ сауджынмӕ бацӕуа ӕмӕ йын зӕгъа: „Мӕ хӕдзарыл хъотыры хуызӕн цыдӕр фӕзынд“. 36  Уӕд сауджын, цалынмӕ уыцы хӕдзармӕ бацӕуа ӕмӕ хъотыр фена, уӕдмӕ бардзырд ратдзӕн, цӕмӕй хӕдзарӕй алцыдӕр ӕддӕмӕ рахӕссой ӕмӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ма зӕгъа, сыгъдӕг не сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ хӕдзармӕ бацӕудзӕн, цӕмӕй йӕ фена. 37  Ӕмӕ куы фена, къултыл кӕй ис бурбын-цъӕх кӕнӕ сырхгомау дзыхъхъытӕ ӕмӕ къулӕй арфдӕр зынынц, 38  уӕд ӕддӕмӕ рахиздзӕн ӕмӕ хӕдзар авд бонмӕ сӕхгӕндзӕн+. 39  Ӕвдӕм бон сауджын фӕстӕмӕ ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ хӕдзар фендзӕн+, ӕмӕ кӕд хъулӕттӕ къултыл апырх сты, 40  уӕд бардзырд ратдзӕн, цӕмӕй, чи схъулӕттӕ, уыцы дуртӕ ракалой+ ӕмӕ сӕ аппарой, горӕты ӕдде чъизитӕ кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм. 41  Ӕмӕ сауджын хӕдзары къултӕ мидӕгӕй иууылдӕр ныххафын кӕндзӕн ӕмӕ, цы ӕлыгӕй сӕрст уыдысты, уый акалын кӕндзӕн, горӕты ӕдде чъизитӕ кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм. 42  Стӕй хъуамӕ райсой ӕндӕр дуртӕ ӕмӕ сӕ иннӕты бынаты бавӕрой, ӕмӕ сауджын къултӕ ног ӕлыджы змӕстӕй байсӕрдын кӕндзӕн. 43  Фӕлӕ та кӕд, дуртӕ куы ракалдтой, къултӕ куы ныххафтой ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ куы байсӕрстой, уый фӕстӕ ногӕй схъулӕттӕ сты, 44  уӕд сауджын+ ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ хӕдзар фендзӕн. Ӕмӕ кӕд хӕдзарыл хъулӕттӕ апырх сты, уӕд уый у ӕвзӕр хъотыр+. Уыцы хӕдзар сыгъдӕг нӕу. 45  Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, цӕмӕй хӕдзар ныппырх кӕной ӕмӕ дзы дурӕй, хъӕдӕй ӕмӕ ӕлыгӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ахӕссой горӕты ӕддӕмӕ, чъизитӕ кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм+. 46  Уыцы хӕдзар ӕхгӕд куы уа+, уыцы бонты мидӕмӕ чи бацӕуа, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+. 47  Уыцы хӕдзары чи схуысса, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса+, ӕмӕ дзы хӕринаг чи хӕра, уый дӕр хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса. 48  Фӕлӕ сауджын куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы фена, хӕдзары къултӕ ногӕй куы байсӕрстой, уый фӕстӕ хъулӕттӕ кӕй нӕ апырх сты, уӕд зӕгъдзӕн, хӕдзар сыгъдӕг у, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ хъотыр фесӕфт+. 49  Ӕмӕ цӕмӕй хӕдзар тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕна, уый тыххӕй райсдзӕн дыууӕ маргъы+, кедры къалиу+, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ+ ӕмӕ иссопы къалиутӕ. 50  Ӕмӕ мӕргътӕй иуы аргӕвддзӕн, суадоны дон кӕм уа, ахӕм ӕлыг мигӕнӕны сӕрмӕ+. 51  Стӕй райсдзӕн кедры къалиу, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ, иссопы+ къалиутӕ ӕмӕ удӕгас маргъы ӕмӕ сӕ атулдзӕн, суадоны доны сӕрмӕ кӕй аргӕвста, уыцы маргъы туджы. Уый фӕстӕ тугӕй авд хатты+ бапырх кӕндзӕн+ уыцы хӕдзары ’рдӕм. 52  Ӕмӕ маргъы тугӕй, суадоны донӕй, удӕгас маргъ, кедры къалиу, иссопы къалиутӕ ӕмӕ сырх-сырхид ӕндӕхты фӕрцы хӕдзар йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. 53  Удӕгас маргъы та ауадздзӕн горӕты ӕдде тыгъд быдыры, ӕмӕ афтӕмӕй хӕдзар ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 54  Ай у закъон алы хуызы хъотыры+ ӕмӕ цӕгӕрнизы тыххӕй+, 55  уӕлӕдарӕсыл+ ӕмӕ хӕдзарыл хъотыр куы фӕзына, 56  буар куы рафада, хӕлмаг кӕнӕ йыл хъулӕттӕ куы фӕзына, уый тыххӕй+, 57  цӕмӕй йӕ зонат+, исты сыгъдӕг у ӕви сыгъдӕг нӕу. Ай у закъон хъотыры тыххӕй»+.

Фиппаинӕгтӕ

Иу лог у 0,31 л.
6,5 л бӕрц.