Левит 15:1—33
15 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн дарддӕр загъта:
2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Нӕлгоймагмӕ ахӕм низ куы уа, ӕмӕ йе ’фсӕрмыйаг уӕнгӕй чъизитӕ цӕуы+, уӕд уыцы низ сыгъдӕг нӕу.
3 Ӕмӕ уыцы низы тыххӕй сыгъдӕг нӕ уыдзӕн: йӕ чъизитӕ ӕфсӕрмыйаг уӕнгӕй ӕддӕмӕ цӕуой ӕви мидӕгӕй ӕмбырд кӕной ӕмӕ йӕ хъыгдарой, уӕддӕр сыгъдӕг нӕу.
4 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уыцы адӕймаг цы хуыссӕныл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ цӕуылфӕнды ма ’рбада, уыцы дзаума дӕр фӕчъизи уыдзӕн.
5 Ӕмӕ йын йӕ хуыссӕнмӕ чи бавнала, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+.
6 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый кӕуыл бадт, уыцы дзаумайыл чи ’рбада, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса+ ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
7 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уыцы адӕймагмӕ чи бавнала+, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+.
8 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый, сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймагыл куы бату кӕна, уӕд уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
9 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уыцы адӕймаг цы саргъыл+ сбада, уый фӕчъизи уыдзӕн.
10 Ӕмӕ цӕуыл бадти, уыдонмӕ чи бавнала, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи, ӕмӕ сӕ чи ахӕсса, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
11 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц+, уыцы адӕймаг ӕнӕхсад къухӕй кӕмӕ бавнала, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
12 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый ӕлыг мигӕнӕнмӕ куы бавнала, уӕд уыцы мигӕнӕн хъӕуы ныппырх кӕнын+. Хъӕдын+ мигӕнӕн куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы донӕй ныхсын.
13 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый йӕ чъизитӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд хъуамӕ авд боны анымайа+, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи суадоны донӕй ныннайа+, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг.
14 Ӕстӕм бон та хъуамӕ райса дыууӕ ӕхсинӕджы+ кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны, хъуамӕ ӕрбацӕуа Йегъовӕйы размӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ ӕмӕ сӕ сауджынмӕ ратта.
15 Ӕмӕ сӕ сауджын нывондӕн ӕрхӕсдзӕн: иуы – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн+, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сауджын Йегъовӕйы раз йӕ чъизийӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн.
16 Нӕлгоймагӕн йӕ мыггаг куы ракӕла+, уӕд хъуамӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
17 Йӕ мыггагӕй уӕлӕдарӕсыл кӕнӕ сӕрак дзаумайыл куы бахауа, уӕд уыцы дзаума хъӕуы донӕй ныхсын, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+.
18 Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ йӕ мыггаг куы ракӕла, уӕд сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ сӕхи ныннайой, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзысты чъизи+.
19 Сылгоймагӕн йӕ чъизитӕ куы цӕуой ӕмӕ уыцы чъизитӕ туг куы уой+, уӕд йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты+ тыххӕй авд боны сыгъдӕг нӕ уыдзӕн+, ӕмӕ йӕм чи бавнала, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
20 Ӕмӕ йӕ тугцыды бонты цӕуыл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ, цӕуыл ӕрбада, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн+.
21 Йӕ хуыссӕнмӕ йын чи бавнала, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+.
22 Ӕмӕ цӕуыл бадти, уымӕ чи бавнала, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+.
23 Цы хуыссӕныл кӕнӕ цы дзаумайыл бадт, уымӕ чи бавнала+, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
24 Ӕмӕ уыцы сылгоймагимӕ нӕлгоймаг ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ йӕ тугцыдӕй куы фӕчъизи уа+, уӕд авд боны уыдзӕн чъизи, ӕмӕ цы хуыссӕныл хуысса, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн.
25 Сылгоймагӕн йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты+ афон куы нӕ уа, афтӕмӕй дзы бирӕ бонты туг куы цӕуа+ кӕнӕ дзы туг йӕ тугцыды бонтӕй фылдӕр рӕстӕг куы цӕуа, уӕд ӕппӕт уыцы бонты сыгъдӕг нӕ уыдзӕн, йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты куыд нӕ вӕййы сыгъдӕг, афтӕ. Ахӕм сылгоймаг сыгъдӕг нӕу.
26 Туг дзы куы цӕуа, уӕд цы хуыссӕныл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн, йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты куыд вӕййы, афтӕ+. Ӕмӕ цы дзаумайыл ӕрбада, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн, йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты куыд вӕййы, афтӕ.
27 Ӕмӕ сӕм чи бавнала+, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
28 Йӕ чъизитӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд хъуамӕ авд боны анымайа, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕн сыгъдӕг+.
29 Ӕстӕм бон та хъуамӕ райса дыууӕ ӕхсинӕджы+ кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕсса сауджынмӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ+.
30 Ӕмӕ дзы сауджын иуы ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн+, ӕмӕ йӕ сауджын Йегъовӕйы раз йӕ чъизийӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн+.
31 Израилы фырттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сыгъдӕг уой ӕмӕ мын ма фӕчъизи кӕной мӕ цатыр, се ’хсӕн чи ис, уыцы цатыр, ӕмӕ чъизи кӕй сты, уый тыххӕй ма амӕлой+.
32 Ай у закъон, йӕ чъизитӕ кӕмӕн рацӕуынц+ кӕнӕ йӕ мыггаг кӕмӕн ракӕлы+ ӕмӕ чи счъизи вӕййы, уыцы нӕлгоймаджы тыххӕй;
33 стӕй ӕрвылмӕйон тугцыды бонты+ чи фӕчъизи вӕййы, уыцы сылгоймаджы тыххӕй; йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц+, уыцы адӕймаджы тыххӕй, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, ӕмӕ сылгоймаг сыгъдӕг куы нӕ уа, уӕд йемӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уыцы нӕлгоймаджы тыххӕй“».