Левит 16:1—34

16  Аароны дыууӕ фырты Йегъовӕйы размӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ куы амардысты+, уый фӕстӕ Йегъовӕ дзырдта Моисеимӕ.  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн зӕгъ, Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ+, ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ+, бадзырды чырыны сӕры размӕ йын кӕдфӕнды кӕй нӕй цӕуӕн, цӕмӕй ма амӕла+, уымӕн ӕмӕ-иу ӕз мигъы+ мидӕг фӕзындзынӕн чырыны сӕрӕн йӕ сӕрмӕ+.  Аарон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ+ бацӕуыны размӕ хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса уӕныг тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ фыр – судзинаг нывондӕн+.  Хъуамӕ йӕ уӕлӕ скӕна кӕттаг даргъ хӕдон+, йӕ уӕлӕ хъуамӕ уа кӕттаг мидӕггаг хӕлаф+, хъуамӕ йӕ астӕуыл ӕрбабӕтта кӕттаг рон+ ӕмӕ йӕ сӕрыл ӕркӕна кӕттаг сарыхъ+. Уыдон сты сӕрмагонд дарӕс+. Хъуамӕ йӕхи ныннайа+ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй скӕна йӕ уӕлӕ.  Хъуамӕ Израилы фырттӕй+ райса дыууӕ нӕл сӕныччы тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ иу фыр судзинаг нывондӕн+.  Аарон ӕрбакӕндзӕн, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы уӕныджы+, ӕмӕ йӕхи+ дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты+ дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+.  Уый фӕстӕ ракӕндзӕн дыууӕ сӕгъы* ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз ӕмбырды цатыры бахизӕны цур ӕрлӕууын кӕндзӕн.  Ӕмӕ Аарон уыцы дыууӕ сӕгъыл хӕлттӕ сӕппардзӕн+: иу – Йегъовӕйы тыххӕй, иннӕ та – азазелы тыххӕй*+.  Ӕмӕ, Йегъовӕйы хал кӕуыл схауа+, уыцы сӕгъы акӕндзӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрхӕсдзӕн+. 10  Азазелы хал цы сӕгъыл схауа, уый та тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй удӕгасӕй ӕрлӕууын кӕндзӕн Йегъовӕйы раз ӕмӕ йӕ ауадздзӕн+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ азазелы тыххӕй+. 11  Уӕдӕ Аарон ӕрбакӕндзӕн, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы уӕныджы, цӕмӕй йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна. Ӕмӕ уыцы уӕныджы аргӕвддзӕн+. 12  Уый фӕстӕ райсдзӕн зынгхӕссӕн+, хъуамӕ йӕ тӕккӕ дзаг уа, Йегъовӕйы раз цы нывондхӕссӕн ис, уырдыгӕй ист судзгӕ зынгтӕй+, стӕй дыууӕ армыдзаг+ лыстӕгмур хӕрздӕф буд+ ӕмӕ сӕ бахӕсдзӕн ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ+. 13  Буд ӕрӕвӕрдзӕн судзгӕ зынгтыл Йегъовӕйы раз+, ӕмӕ буды фӕздӕг бамбӕрздзӕн бадзырды чырыны* сӕр+, цӕмӕй ма амӕла. 14  Стӕй уӕныджы тугӕй райсдзӕн+, йе ’нгуылдз дзы атулдзӕн ӕмӕ дзы чырыны сӕры раз скӕсӕнырдыгӕй бапырх кӕндзӕн+. Чырыны сӕры раз тугӕй бапырх кӕндзӕн авд хатты+. 15  Уый фӕстӕ аргӕвддзӕн, адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы сӕгъы+, ӕмӕ йын йӕ туг бахӕсдзӕн ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ+. Ӕмӕ уыцы тугӕн+ дӕр бакӕндзӕн, уӕныджы тугӕн куыд бакодта, афтӕ: бапырх дзы кӕндзӕн чырыны сӕры раз. 16  Ӕмӕ Аарон ссыгъдӕг кӕндзӕн Ӕппӕты сыгъдӕг бынат, цӕмӕй уыцы бынат ма фӕчъизи уа+ Израилы фыртты чъизитӕй, сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй+. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ бакӕна ӕмбырды цатырӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ уый ис Израилы фыртты ’хсӕн, сыгъдӕг чи нӕу, уыдоны ’хсӕн. 17  Аарон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ тӕригъӕдтӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ куы бацӕуа, уӕд ӕмбырды цатыры иу адӕймаг дӕр хъуамӕ ма уа, ӕмӕ цалынмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕуа, уӕдмӕ дӕр дзы хъуамӕ мачи уа. Ӕмӕ йӕхи+ дӕр, йӕ хӕдзаронты дӕр ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+. 18  Уый фӕстӕ рацӕудзӕн, Йегъовӕйы раз чи ис, уыцы нывондхӕссӕнмӕ+ ӕмӕ уый дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн: райсдзӕн уӕныджы тугӕй ӕмӕ сӕгъы тугӕй ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕй алкӕцыдӕр ацахордзӕн+. 19  Стӕй йе ’нгуылдз туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Израилы фыртты чъизитӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. 20  Аарон Ӕппӕты сыгъдӕг бынат, ӕмбырды цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кӕна+, уӕд хъуамӕ ӕрбакӕна иннӕ сӕгъы+. 21  Ӕмӕ Аарон йӕ дыууӕ къухы+ дӕр ӕрӕвӕрдзӕн удӕгас сӕгъы сӕрыл ӕмӕ радзурдзӕн+ Израилы фыртты ӕппӕт рӕдыдтыты тыххӕй+, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй+. Ӕмӕ ӕппӕт уыцы тӕригъӕдтӕ сӕвӕрдзӕн сӕгъы сӕрыл+ ӕмӕ йӕ нысангонд лӕгӕн+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ ауадзын кӕндзӕн+. 22  Ӕмӕ сын уыцы сӕгъ сӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр йӕ уӕлӕ ахӕсдзӕн+ ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ+. Афтӕмӕй сӕгъы ауадзын кӕндзӕн ӕдзӕрӕг быдырмӕ+. 23  Уый фӕстӕ Аарон бацӕудзӕн ӕмбырды цатырмӕ ӕмӕ, Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ цӕугӕйӕ йӕ уӕлӕ цы кӕттаг дарӕс скодта, уыдон раласдзӕн ӕмӕ сӕ уым сӕвӕрдзӕн+. 24  Сыгъдӕг бынаты+ йӕхи ныннайдзӕн+, йӕ дарӕс скӕндзӕн+, стӕй рацӕудзӕн ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн судзинаг нывонд йӕхи тыххӕй+ ӕмӕ судзинаг нывонд адӕмы тыххӕй+, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+. 25  Ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн йӕ фиу нывондхӕссӕныл басудздзӕн+. 26  Азазелы тыххӕй сӕгъы чи ауадза+, уыцы адӕймаг+ та хъуамӕ йӕ дарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа+, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын. 27  Тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы уӕныг ӕмӕ цы сӕгъ ӕрхастой, сӕ туг Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хаст кӕмӕн ӕрцыд, уыдоны та рахӕсдзысты цатырты ӕддӕмӕ ӕмӕ сын сӕ царм, сӕ дзидза ӕмӕ сӕ фаджыс арты басудздзысты+. 28  Чи сӕ басудза, уый хъуамӕ йӕ дарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын. 29  Ай уын у закъон ӕнустӕм+: ӕвдӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон-иу+ хъуамӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнат*+ ӕмӕ хъуамӕ мацы кусат+, нӕдӕр израилаг, нӕдӕр уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг. 30  Уымӕн ӕмӕ-иу уыцы бон сыгъдӕггонд ӕрцӕудзыстут уӕ тӕригъӕдтӕй+, цӕмӕй сыгъдӕгыл нымад ӕрцӕуат. Сымах сыгъдӕг уыдзыстут, Йегъовӕйы раз цы тӕригъӕдтӕ ракодтат, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр+. 31  Уый уын у сабат+, улӕфты бон. Уыцы бон-иу уӕхи ӕрныллӕг кӕнут. Уый у закъон ӕнустӕм. 32  Сауджынӕй лӕггад кӕнынӕн сӕрст чи ’рцӕуа+ ӕмӕ бартӕ кӕй къухмӕ ӕрцӕуой лӕвӕрд, цӕмӕй йӕ фыды фӕстӕ+ сауджынӕй лӕггад кӕна+, уый хъуамӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывӕндтӕ ӕрхӕсса ӕмӕ йӕ уӕлӕ скӕна кӕттаг дарӕс+. Уыдон сты сӕрмагонд дарӕс+. 33  Тӕригъӕдтӕй хъуамӕ ссыгъдӕг кӕна Ӕппӕты сыгъдӕг бынат+, ӕмбырды цатыр+ ӕмӕ нывондхӕссӕн+, стӕй сауджынты ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр+. 34  Уый уын у закъон ӕнустӕм+, цӕмӕй Израилы фырттӕ афӕдз иу хатт сыгъдӕггонд цӕуой се ’ппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр»+. Ӕмӕ уый бакодта, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «дыууӕ нӕл сӕныччы», 5 ст. куыд у, афтӕ.
«Азазелы» тыххӕй кӕс «Дзырдуат», 2089 ф.
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Уымӕ хауы ком дарын, кӕнӕ ма адӕймаг йӕхи ноджыдӕр цӕмӕй цух кодта, уыдӕттӕ.