Левит 17:1—16

17  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн дарддӕр загъта:  «Ааронӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы:  „Израилы адӕмӕй исчи гал, фыркъа кӕнӕ сӕгъ куы аргӕвда, цатыртӕ кӕм сты, уым кӕнӕ цатырты ӕдде,  ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ йӕ куы не ’рбакӕна+, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйы цатыры раз Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕсса, уӕд уыцы адӕймагыл уыдзӕн туг. Уый ныккалдта туг, ӕмӕ йӕ хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+,  цӕмӕй Израилы фырттӕ сӕ нывӕндтӕ тыгъд быдыры мауал хӕссой+, фӕлӕ-иу сӕ ӕрбакӕной Йегъовӕмӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ, сауджынмӕ+, ӕмӕ-иу сӕ Йегъовӕйӕн фарны нывондӕн ӕрхӕссой+.  Сауджын сын сӕ тугӕй бапырх кӕндзӕн Йегъовӕйы нывондхӕссӕн+, ӕмбырды бахизӕны раз чи ис, уый, ӕмӕ сын сӕ фиу+ басудздзӕн, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.  Уыдон хъуамӕ мауал хӕссой нывӕндтӕ, сӕгъы хуызӕн чи у, уыцы хӕйрӕджытӕн*+, кӕимӕ хӕтынц, уыдонӕн+. Уый уын уыдзӕн закъон ӕнустӕм, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ“.  Ноджыдӕр сын зӕгъ: „Израилы адӕмӕй кӕнӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи судзинаг нывонд+ кӕнӕ ӕндӕр нывонд куы хӕсса  ӕмӕ йӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ куы не ’рбакӕна, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕсса+, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. 10  Израилы адӕмӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи цӕйфӕнды туг дӕр куы хӕра+, уӕд ӕз, туг чи хӕры, уымӕн*+ йӕ ныхмӕ суыдзынӕн ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй. 11  Уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд* ис туджы+, ӕмӕ йӕ ӕз рахицӕн кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнат+, уымӕн ӕмӕ туг+ сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй+, уд туджы кӕй ис, уый фӕрцы. 12  Ӕмӕ ӕз уымӕн загътон Израилы фырттӕн: „Уӕ иу дӕр* туг ма хӕрӕд, ӕмӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у+, уыдонӕй дӕр хъуамӕ туг мачи хӕра“+. 13  Израилы фырттӕй кӕнӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи цуаны, хӕрӕн кӕй ис, ахӕм сырд кӕнӕ маргъ куы ’рцахса, уӕд ын хъуамӕ йӕ туг рауадза+ ӕмӕ туг сыджыты бын фӕкӕна+. 14  Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд ис сӕ туджы – уд ис туджы. Израилы фырттӕн афтӕ дӕр уымӕн загътон: „Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕй макӕцыйы туг хӕрут, уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд сӕ туг у+. Туг чи хӕра, уый сӕфт ӕрцӕудзӕн“+. 15  Хӕдмӕл дзидза кӕнӕ, хъӕддаг сырд кӕй бахордта, ахӕм цӕрӕгойы фыд чи бахӕра+, израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг, уый* хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+, уый фӕстӕ та уыдзӕн сыгъдӕг. 16  Фӕлӕ йӕ уӕлӕдарӕс куы нӕ ныхса ӕмӕ йӕхи куы нӕ ныннайа, уӕд хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратта“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Чи сын куывта, уыдонмӕ, ӕвӕц., афтӕ каст, ӕмӕ уыдысты хъуынджын, сӕгъты хуызӕн.
Комк. «уыцы удӕн»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «цард».
Комк. «Сымахӕй иу уд дӕр»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.