Левит 19:1—37
19 Дарддӕр ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта:
2 «Израилы фырттӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр, афтӕ зӕгъ: „Ут сыгъдӕг адӕм+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг Хуыцау – ӕз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ+.
3 Алчидӕр уӕ хъуамӕ тӕрса йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕй+. Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
4 Ма кувут ницӕйаг хуыцӕуттӕн+ ӕмӕ уӕхицӕн ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ ма аразут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
5 Йегъовӕйӕн фарны нывонд куы хӕссат+, уӕд-иу ӕй афтӕ ӕрхӕссут, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат+.
6 Нывонды дзидза бахӕрын хъӕуы, цы бон ӕй ӕрхӕссат, уыцы бон ӕмӕ иннӕ бон. Ӕртыккаг бонмӕ дзы цы баззайа, уый та хъӕуы басудзын+.
7 Ӕртыккаг бон дзы куы бахӕрат, уӕд уыцы нывонд у ӕлгъаг+. Хуыцау ӕй нӕ айсдзӕн+.
8 Чи дзы хӕра, уый йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратдзӕн+, уымӕн ӕмӕ фӕчъизи кодта, Йегъовӕ табуйагыл цы нымайы, уый. Уыцы адӕймаджы* хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй.
9 Уӕ хуымтӕ куы кӕрдат, уӕд-иу сӕ суанг сӕ кӕрӕтты онг ма ныккӕрдут ӕмӕ хуымгӕрдӕны фӕстӕ цы ӕфсиртӕ баззайа, уыдон-иу ма ӕрӕмбырд кӕнут+.
10 Уӕ сӕнӕфсирыл цы баззайа+, уый дӕр-иу ма ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ, зӕхмӕ цы гагатӕ ӕрхауа, уыдон дӕр-иу ма ӕруидзут. Ныууадзут сӕ мӕгуырӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕггагӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
11 Давгӕ ма кӕнут+, ма сайут+, ма кӕнут цӕстфӕлдахӕн митӕ+.
12 Мӕ номӕй мӕнг сомы ма кӕнут+ ӕмӕ уӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
13 Сайдӕй макӕуыл цӕут+ ӕмӕ макӕй стигъут+. Ӕххуырст кусӕджы мызд-иу райсоммӕ уӕхимӕ ма ныууадзут+.
14 Къуырма адӕймаджы ма ӕлгъит ӕмӕ куырм адӕймаджы раз цӕлхдур ма ӕвӕр+. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
15 Хӕрам тӕрхон ма кӕнут. Мӕгуыр адӕймаджы ма хъулон кӕнут+ ӕмӕ кадджын адӕймаджы фарс ма ут+. Иннӕтӕн рӕстӕй тӕрхон кӕнут.
16 Дӕ адӕмыл ма разил-базил кӕн ӕмӕ иннӕты фыдкой ма кӕн+. Иннӕйы туг ма ныккалын кӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
17 Де ’фсымӕрмӕ дӕ зӕрдӕйы фыдӕх ма хӕсс+. Де ’мбалӕн-иу бауайдзӕф кӕн+, цӕмӕй йӕ тӕригъӕд дӕуыл дӕр ма уа.
18 Дӕ маст ма ис+ ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс+. Иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
19 Мӕ закъӕттӕ мын ӕххӕст кӕнут: хӕдзарон фосы иу мыггаг ӕндӕр фосы мыггагӕй ма схъазын кӕн. Дӕ хуымы дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма байтау+ ӕмӕ дӕ уӕлӕ дыууӕ хуызы ӕндахӕй* конд дарӕс ма скӕн+.
20 Нӕлгоймаг, ӕндӕрӕн лӕвӕрд чи у, ахӕм лӕггадгӕнӕг-сылгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ уыцы сылгоймаг нырма ӕлхӕд куы нӕ уа ӕмӕ йын сӕрибардзинад лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд сӕ хъӕуы бафхӕрын. Марын сӕ нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг нырма сӕрибар нӕ уыд.
21 Уыцы лӕг хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕрбакӕна фыр аххосы тыххӕй нывондӕн+.
22 Ӕмӕ сауджын фыры ӕрхӕсдзӕн аххосы тыххӕй нывондӕн ӕмӕ уыцы лӕджы Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. Ӕмӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый йын хатыргонд ӕрцӕудзӕн+.
23 Уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ дзы дыргъбӕлӕстӕ куы ныссадзат, уӕд сын сӕ дыргътӕ фыццаг рӕстӕг нымайут чъизийыл, цыма сунӕтгонд не сты, афтӕ. Ӕртӕ азы уын уыдзысты ӕнӕсунӕт. Хӕрӕн сӕ нӕ уыдзӕн.
24 Фӕлӕ цыппӕрӕм аз сӕ дыргътӕ+ иууылдӕр суыдзысты табуйаг, ӕмӕ сӕ цины бӕрӕгбоны ӕрбахӕсдзыстут Йегъовӕйӕн+.
25 Фӕндзӕм аз та уӕ бон уыдзӕн сӕ дыргътӕй хӕрын, уыдон уын ратдзысты хъӕздыг тыллӕг+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
26 Тугимӕ мацы хӕрут+.
Дӕсны ма фӕрсут*+ ӕмӕ кӕлӕнтӕ ма кӕнут+.
27 Уӕ къӕмисӕнтӕ-иу цыбыр ма сӕлвынут ӕмӕ-иу уӕ боцъоты кӕрӕттӕ ма ныффыдынд кӕнут*+.
28 Марды номыл* уӕ буар ма лыгтӕ кӕнут+, стӕй уӕхиуыл нывтӕ* ма кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
29 Дӕ чызджы ма ӕгад кӕн, хӕтаг сылгоймаг дзы ма сараз+, цӕмӕй адӕм хӕтындзинадыл ма бафтой ӕмӕ зӕхх хӕлд митӕй ма байдзаг уа+.
30 Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут+ ӕмӕ мын мӕ кувӕн бынатӕн кад кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
31 Ма цӕут, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+, уӕхи сӕ ма фӕчъизи кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
32 Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст+ ӕмӕ зӕрондӕн кад кӕн+. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
33 Дӕ зӕххыл ӕрцӕуӕггаг куы цӕра, уӕд ӕй ма ’фхӕр+.
34 Уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уый дын уӕд израиладжы хуызӕн. Уарз ӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
35 Хӕрам тӕрхон ма кӕнут+, дӕргъ ӕмӕ уӕз баргӕйӕ ма сайут+.
36 Уӕ уӕзбарӕнтӕ+, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ ефӕ ӕмӕ уӕ гин* уӕнт раст. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, Египеты зӕххӕй уӕ чи ракодта, уый.
37 Ме ’ппӕт закъӕттӕ ӕмӕ мын ме ’ппӕт тӕрхӕттыл фидар хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ“».
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Кӕнӕ «Дӕ хионы».
^ Ацы ран «дӕсны фӕрсын» амоны, фидӕны цы уыдзӕн, уый цавӕрдӕр нысӕнтты уылты бамбарыныл архайын кӕнӕ, цыдӕр хабар хорзмӕ ӕви ӕвзӕрмӕ рацӕудзӕн, уыдӕттӕ халын.
^ Ахӕм ӕгъдӕуттӕ уыд мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕм. Афтӕ ӕмбарын ӕй нӕ хъӕуы, ӕмӕ сын сӕ боцъотӕ ӕппындӕр нӕ уыд фӕцыбырдӕр кӕнӕн.
^ Кӕнӕ «татуировкӕтӕ».
^ Комк. «Уды номыл»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Иу гин у 3,67 л.