Левит 2:1—16

2  Искӕй* Йегъовӕйӕн хоры кувинаг+ ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ уа ӕппӕты хуыздӕр ссад+. Хъуамӕ йыл рауадза сой ӕмӕ йыл ӕркӕна урс буд  ӕмӕ йӕ ӕрбахӕсса Аароны фырттӕм, сауджынтӕм. Ӕмӕ сауджын уыцы ссадӕй, соимӕ ӕмӕ ӕппӕт будимӕ, армыдзаг сисдзӕн ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон.  Хоры кувинагӕй ма цы баззайа, уый та уыдзӕн Аароны ӕмӕ йӕ фыртты+. Уый у, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, ӕмӕ у уӕлдай табуйаг+.  Хоры кувинагӕн, пецы цы сфыцынц, ахӕм исты куы хӕссай, уӕд хъуамӕ конд уа ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй: соимӕ конд донгонд гуылтӕ*+ кӕнӕ сойӕ сӕрст+ донгонд+ лауызтӕ.  Кӕд дӕ хоры кувинаг тебӕйы фых+ уа, уӕд хъуамӕ уа донгонд ӕмӕ конд уа ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, соимӕ.  Хъӕуы йӕ ӕрсӕттын ӕмӕ йыл сой рауадзын+. Уый у хоры кувинаг.  Кӕд дӕ хоры кувинаг аджы мидӕг сойы фых уа, уӕд хъуамӕ конд уа ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, соимӕ.  Уыцы кувинаг ӕрбахӕсс Йегъовӕйӕн. Ратт ӕй сауджынмӕ, ӕмӕ йӕ уый бахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ.  Сауджын дзы иуцасдӕр райсдзӕн ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+. 10  Хоры кувинагӕй ма цы баззайа, уый та уыдзӕн Аароны ӕмӕ йӕ фыртты. Уый у, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, ӕмӕ у уӕлдай табуйаг+. 11  Йегъовӕйӕн цы хоры кувинӕгтӕ хӕссай, уыдонӕй иуыл дӕр хъуамӕ ӕнхъизӕн ма уа+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн ӕнхъизӕн ӕмӕ мыд* нӕй хӕссӕн. 12  Йегъовӕйӕн-иу сӕ ӕрбахӕсс фыццаг тыллӕджы+ кувинагӕн. Фӕлӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл судзай, сӕ тӕф ын ӕхсызгон уыдзӕн, зӕгъгӕ. 13  Дӕ хоры кувинӕгтӕй-иу алкӕцыйыл дӕр цӕхх ныккӕн+. Цӕхх ныккӕнын-иу дӕ ма ферох уӕд – цӕхх дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн Хуыцауы бадзырд+. Дӕ хоры кувинӕгтӕй алкӕцыйыл дӕр хъуамӕ ныккӕнай цӕхх. 14  Кӕд дӕ фӕнда Йегъовӕйӕн хоры кувинаг фыццаг тыллӕгӕй ӕрбахӕссын, уӕд ног ӕфсиртӕй нӕмгуытӕ фӕхицӕн кӕн, цӕкуытӕ сӕ скӕн ӕмӕ сӕ ныммур кӕн. Уый у хоры кувинаг фыццаг тыллӕгӕй+. 15  Рауадз ыл сой ӕмӕ йыл ӕркӕн урс буд. Уый у хоры кувинаг+. 16  Сауджын райсдзӕн, кӕй ныммур кӕнай, уыцы нӕмгуытӕй ӕмӕ сойӕ иуцасдӕр ӕмӕ буд иууылдӕр ӕмӕ сӕ артыл басудздзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Искӕцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Уыцы гуылтӕ астӕуӕй уыдысты хуынкъ.
Ӕвӕц., уый бындзыты мыд нӕ уыди, фӕлӕ легъуийы кӕнӕ ӕндӕр дыргъты дон кӕнӕ сироп.