Левит 20:1—27
20 Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Моисейӕн загъта:
2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Израилы фырттӕй ӕмӕ, Израилы ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн+ куы снывонд кӕна, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын. Адӕм ӕй хъуамӕ дуртӕй амарой.
3 Ӕз суыдзынӕн уыцы адӕймаджы ныхмӕ ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны снывонд кодта Молохӕн, цӕмӕй мын мӕ сыгъдӕг бынатӕй фӕхынджылӕг кӕна+ ӕмӕ мын мӕ сыгъдӕг ном фӕчъизи кӕна+.
4 Фӕлӕ адӕм сӕхи ницыуынӕг куы скӕной ӕмӕ, йӕ сывӕллоны Молохӕн чи снывонд кодта, уый куы нӕ амарой+,
5 уӕд ӕз рацӕудзынӕн уыцы адӕймаджы ныхмӕ ӕмӕ йӕ бинонты ныхмӕ+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ ма йемӕ иумӕ Молохимӕ чидӕриддӕр хӕты+, уыдоны дӕр фесафдзынӕн сӕ адӕмы ’хсӕнӕй.
6 Мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны+, уыдонмӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+ чи* ацӕуа ӕмӕ мыл афтӕмӕй гадзрахатӕй чи рацӕуа*, уымӕн* ӕз йӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+.
7 Хъуамӕ уӕхи сыгъдӕг кӕнат ӕмӕ уат сыгъдӕг адӕм+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
8 Мӕ закъӕттыл мын фидар хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, чи уӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау+.
9 Йӕ фыды ӕмӕ йӕ мады чи ралгъита+, уый хъӕуы амарын+, уымӕн ӕмӕ йӕ фыды ӕмӕ йӕ мады ралгъыста. Йӕ туг ис йӕхиуыл+.
10 Искӕй усимӕ чи хӕты, уый хӕты йӕ хионы усимӕ+, ӕмӕ йӕ хъӕуы амарын. Сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы амарын – хӕтаг нӕлгоймаджы дӕр ӕмӕ хӕтаг сылгоймаджы дӕр+.
11 Йӕ фыды усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уый байгом кодта йӕ фыды буар+. Ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы амарын. Сӕ туг ис сӕхиуыл.
12 Нӕлгоймаг йӕ чындзимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы амарын+. Уый у ӕбуалгъы ми*. Сӕ туг ис сӕхиуыл+.
13 Нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуа, афтӕ, уӕд сӕ дыууӕ дӕр бакодтой ӕлгъаг ми+. Ӕмӕ сӕ хъӕуы амарын. Сӕ туг ис сӕхиуыл.
14 Нӕлгоймаг ус куы ракура ӕмӕ йын йӕ мадимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд уый у хӕлд ми+. Ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр хъӕуы амарын ӕмӕ басудзын+, цӕмӕй уе ’хсӕн хӕлд митӕ ма уа+.
15 Нӕлгоймаг фосимӕ куы схуысса+, уӕд ӕй хъӕуы амарын, стӕй амарут фосы дӕр.
16 Ӕмӕ сылгоймаг дӕр фосы размӕ куы бацӕуа, цӕмӕй йемӕ схуысса+, уӕд амарут сылгоймаджы дӕр ӕмӕ фосы дӕр. Хъуамӕ сӕ амарат. Сӕ туг ис сӕхиуыл.
17 Нӕлгоймаг йӕ хойы, йӕ фыды чызджы кӕнӕ йӕ мады чызджы куы ракура ӕмӕ йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд уый у худинаджы ми+. Уыдоны хъӕуы фесафын сӕ адӕмы фыртты раз. Уый байгом кодта йӕ хойы буар, ӕмӕ хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратта.
18 Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ йын йӕ буар куы байгом кӕна, уӕд сӕ дыууӕ дӕр уымӕй равдыстой, туг табуйагыл кӕй нӕ нымайынц+. Ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы фесафын сӕ адӕмы ’хсӕнӕй.
19 Ма байгом кӕн дӕ мады хойы+ кӕнӕ дӕ фыды хойы буар+, уымӕн ӕмӕ афтӕ чи бакӕна, уый йӕ тугхӕстӕджы буар гом кӕны+. Сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ дзуапп раттой сӕ тӕригъӕды тыххӕй.
20 Йӕ фыдыфсымӕры усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уый байгом кодта йӕ фыдыфсымӕры буар+, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ дзуапп раттой сӕ тӕригъӕды тыххӕй. Уыдон хъуамӕ амӕлой. Сывӕллон сын нӕ уыдзӕн+.
21 Нӕлгоймаг йе ’фсымӕры усы куы ракура, уӕд уый у ӕнаккаг ми+. Уый байгом кодта йе ’фсымӕры буар. Сывӕллон сын нӕ уыдзӕн.
22 Ме ’ппӕт закъӕттӕ+ ӕмӕ мын ме ’ппӕт тӕрхӕттыл фидар хӕцут+ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй уӕ цӕрынмӕ кӕдӕм кӕнын, уыцы зӕхх уӕ йӕхицӕй ма раппара+.
23 Уӕ разӕй уын цы адӕмты сурын, уыдоны закъӕттӕм гӕсгӕ ма цӕрут+, уымӕн ӕмӕ уыдон кӕнынц ӕппӕт уыдӕттӕ ӕмӕ мын сты ӕнад+.
24 Афтӕ дӕр уын уымӕн загътон+: „Сымах бауыдзӕн сӕ зӕхх, ӕз уын ӕй ратдзынӕн – ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ чи рахицӕн кодта, уыцы Хуыцау“+.
25 Цӕрӕгойтӕй дӕр ӕмӕ мӕргътӕй дӕр сыгъдӕг кӕцы у ӕмӕ кӕцы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнут+. Ӕмӕ, кӕй ахицӕн кодтон ӕмӕ кӕмӕй загътон, сымахӕн сыгъдӕг не сты, зӕгъгӕ, уыцы цӕрӕгойтӕй, мӕргътӕй ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы, уыдонӕй уӕхи ма фелгъаг кӕнут+.
26 Мӕ разы ут сыгъдӕг адӕм+, уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, дӕн сыгъдӕг Хуыцау+. Ӕз уӕ хицӕн кӕнын иннӕ адӕмтӕй, цӕмӕй уат мӕн+.
27 Нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг мӕрдтимӕ куы уынаффӕ кӕна кӕнӕ дӕсны куы фӕрса+, уӕд ӕй хъӕуы амарын+. Хъуамӕ йӕ дуртӕй амарой. Йӕ туг ис йӕхиуыл“»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «цы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Комк. «афтӕмӕй семӕ чи хӕта».
^ Комк. «уыцы удӕн»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Кӕнӕ «адӕймаджы ӕрдзыхъӕды ныхмӕ».