Левит 21:1—24

21  Дарддӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Сауджынтӕн, Аароны фырттӕн, афтӕ зӕгъ: „Марды* тыххӕй уӕ йӕ адӕмы ’хсӕн йӕхи мачи фӕчъизи кӕнӕд+.  Фӕлӕ йӕ тугхӕстӕг куы уа, йӕ бинонтӕй исчи: йӕ мад, йӕ фыд, йӕ фырт, йӕ чызг, йе ’фсымӕр  кӕнӕ йӕ хо – иу хӕдзары кӕимӕ цард*, чындзыцыд чи нӕ уыд, ахӕм, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ йыл фӕхъыг кӕна ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кӕна.  Сӕрыхицау кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаджы тыххӕй та ма хъыг кӕнӕд ӕмӕ йӕхи ма фӕчъизи кӕнӕд йӕ адӕмы ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд сыгъдӕг нал уыдзӕн.  Сауджынтӕ хъуамӕ сӕ сӕртӕ ма дасой+, сӕ боцъоты кӕрӕттӕ ма ’лвыной+ ӕмӕ сӕ буӕрттӕ ма лыгтӕ кӕной+.  Уыдон сӕ Хуыцауы раз хъуамӕ уой сыгъдӕг+ ӕмӕ хъуамӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕной+, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрхӕссынц Йегъовӕйы кувинӕгтӕ, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕ – сӕ Хуыцауы дзул+, ӕмӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг+.  Сауджынӕн нӕй курӕн, хӕтаг чи у+ кӕнӕ кӕй фӕрӕдийын кодтой, ахӕм сылгоймаджы. Нӕй йын курӕн+, йӕ лӕгӕй хицӕн чи у+, ахӕм сылгоймаджы дӕр, уымӕн ӕмӕ сауджын сыгъдӕг у йӕ Хуыцауы цӕсты.  Ӕмӕ йӕ хъуамӕ ссыгъдӕг кӕнай+, уымӕн ӕмӕ уый ӕрхӕссы йӕ Хуыцауы дзул. Дӕ цӕсты хъуамӕ уа сыгъдӕг+, уымӕн ӕмӕ ӕз, чи уӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау Йегъовӕ, дӕн сыгъдӕг+.  Сауджынӕн йӕ чызг куы хӕта ӕмӕ йӕхи куы фегад кӕна, уӕд йӕ фыды ӕгад кӕны. Хъуамӕ йӕ басудзат*+. 10  Йе ’фсымӕрты ’хсӕн хистӕр сауджын чи уа, йӕ сӕрыл сӕрмагонд сой кӕмӕн рауадзой+ ӕмӕ йӕ къухмӕ бартӕ лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕуой ӕмӕ сӕрмагонд дарӕс чи дара+, уый та-иу йӕ сӕр ӕнӕфастӕй ма ныууадзӕд+ ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ма ӕрыскъуынӕд+. 11  Ӕмӕ мардмӕ* хӕстӕг дӕр ма бацӕуӕд+. Ма хъыг кӕнӕд йӕ фыдыл ӕмӕ йӕ мадыл ӕмӕ йӕхи ма фӕчъизи кӕнӕд. 12  Стӕй кувӕн бынатӕй дӕр ма рацӕуӕд ӕмӕ йӕ Хуыцауы кувӕн бынат ма фӕчъизи кӕнӕд+, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕлӕ ис, Хуыцауӕн нывондгонд кӕй у, уый нысан – уый сӕрст у йӕ Хуыцауы сӕрмагонд сойӕ+. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 13  Хистӕр сауджын хъуамӕ ракура ӕнӕвнӕлд чызг+. 14  Нӕй йын курӕн идӕдз сылгоймаджы, йӕ лӕгӕй хицӕн чи у, кӕй фӕрӕдийын кодтой кӕнӕ хӕтаг чи у, ахӕм сылгоймаджы. Хъуамӕ ракура ӕнӕвнӕлд чызг йӕ адӕмӕй. 15  Йӕ байзӕддаджы ма фӕчъизи кӕнӕд йӕ адӕмы ’хсӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, чи йӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау“»+. 16  Стӕй Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 17  «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕ байзӕддӕгтӕй се ’ппӕт фӕлтӕрты дӕр йӕ буары исты хъуагдзинад+ кӕмӕн уа, уыдонӕй иуӕн дӕр нӕй кувӕн бынатмӕ бацӕуӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы дзул ӕрхӕссӕн+. 18  Кувӕн бынатмӕ бацӕуӕн нӕй, исты хъӕндзинад кӕй буары ис, ахӕм адӕймагӕн: куырм кӕнӕ къуылых чи у, йӕ фындз хъыгдард кӕмӕн у, науӕд йӕ буары уӕнгтӕй иу иннӕмӕй даргъдӕр кӕмӕн у, ахӕмӕн+; 19  йӕ къух кӕнӕ йӕ къах саст кӕмӕн у, 20  гуыбыр кӕнӕ тынг фыдхуыз чи у, цӕстыты низ, гӕбӕрниз кӕнӕ хӕрӕджыхойраг* кӕуыл ис кӕнӕ йӕ мӕхстӕттӕ* цъӕл кӕмӕн сты, ахӕмӕн+. 21  Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕй йӕ буары исты хъӕндзинад кӕмӕн уа, уымӕн нӕй нывондхӕссӕнмӕ бацӕуӕн ӕмӕ Йегъовӕйы кувинӕгтӕ – артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕ+ – ӕрхӕссӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ буары ис хъӕндзинад. Уымӕн нӕй нывондхӕссӕнмӕ бацӕуӕн ӕмӕ йыл йӕ Хуыцауы дзул ӕрхӕссӕн+. 22  Йӕ Хуыцауы дзул ын хӕрӕн ис, табуйаг цы у+ ӕмӕ уӕлдай табуйаг цы у+, уыдонӕй. 23  Фӕлӕ ӕмбӕрзӕны размӕ ма бацӕуӕд+, стӕй йын нӕй нывондхӕссӕнмӕ дӕр бацӕуӕн+, уымӕн ӕмӕ йӕ буары ис хъӕндзинад+. Мӕ кувӕн бынат мын ма фӕчъизи кӕнӕд+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, чи сӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау“»+. 24  Ӕмӕ Моисей дӕр ӕппӕт уыдӕттӕ загъта Ааронӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Мард уды тыххӕй»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «ӕввахс ӕм чи у».
Кӕс Рд 38:24, фип.
Комк. «мард удмӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Уырыс. «лишай».
Кӕнӕ «хъӕппытӕ».