Левит 22:1—33

22  Дарддӕр ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта:  «Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй сын куы не ’мбӕла, уӕд Израилы фыртты кувинӕгтӕм ма ’вналой ӕмӕ, Израилы фырттӕ мӕ номыл цы снывонд кӕнынц+, уыдонӕй мын мӕ сыгъдӕг ном ма фӕчъизи кӕной+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.  Зӕгъ сын афтӕ: „Уӕ байзӕддӕгтӕй алы фӕлтӕрты дӕр исчи, сыгъдӕг куы нӕ уа+, афтӕмӕй, Израилы фырттӕ Йегъовӕйы номыл цы снывонд кӕнынц, уыдонмӕ хӕстӕг куы бацӕуа, уӕд ӕй* хъӕуы фесафын, цӕмӕй мӕ разы мауал уа. Ӕз дӕн Йегъовӕ.  Аароны байзӕддӕгтӕй хъотыр+ кӕуыл уа кӕнӕ йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуой+, уымӕн кувинӕгтӕй хӕрӕн нӕй, цалынмӕ не ссыгъдӕг уа+, уӕдмӕ. Хӕрӕн дзы нӕй, мардмӕ* бавналгӕйӕ+ йӕхи чи фӕчъизи кодта, ахӕм адӕймагмӕ чи бавнала, уымӕн дӕр, стӕй йӕ мыггаг кӕмӕн ракӕла+  кӕнӕ, зӕхх йедзаг кӕмӕй у, уыцы лыстӕг цӕрӕгойтӕм, чъизи чи у, уыцы цӕрӕгойтӕм+, кӕнӕ, цӕйфӕнды тыххӕй дӕр сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм адӕймагмӕ чи бавнала, уымӕн дӕр+.  Ахӕм истӕмӕ чи бавнала, уый* изӕрмӕ уыдзӕн чъизи ӕмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрӕн нӕ уыдзӕн. Хъуамӕ йӕхи ныннайа+.  Ӕмӕ хур куы аныгуыла, уӕд уыдзӕн сыгъдӕг, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн кувинӕгтӕй хӕрын, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хӕринаг у+.  Хӕрӕн ын нӕй хӕдмӕл дзидза кӕнӕ, хъӕддаг сырд кӕй бахордта, ахӕм цӕрӕгойы фыд, цӕмӕй дзы ма фӕчъизи уа+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.  Уыдон хъуамӕ ӕххӕст кӕной, мӕ разы сыл цы хӕс ис, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ куы не ’ххӕст кӕной, уӕд сыл уыдзӕн тӕригъӕд ӕмӕ уыцы тӕригъӕды тыххӕй – кувинӕгтӕ кӕй фӕчъизи кодтой, уый тыххӕй – амӕлдзысты+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, чи сӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау. 10  Кувинӕгтӕй ӕддагӕттӕй никӕмӕн ис хӕрӕн+. Нӕй дзы хӕрӕн нӕдӕр, сауджынмӕ чи цӕры, уыцы ӕрлидзӕгӕн, нӕдӕр ӕххуырст кусӕгӕн. 11  Фӕлӕ сауджын искӕй* йе ’хцайӕ куы балхӕна, уӕд дзы уымӕн ис хӕрӕн. Йӕ хӕринагӕй хӕрӕн ис, йӕ хӕдзары чи райгуырд, уыцы цагъартӕн дӕр+. 12  Сауджынӕн йӕ чызг ӕддагонмӕ куы смой кӕна, уӕд ын сыгъдӕг кувинӕгтӕй хӕрӕн нӕй. 13  Фӕлӕ сауджыны чызг идӕдзӕй куы баззайа кӕнӕ йӕ лӕгӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ йын зӕнӕг куы нӕ уа, ӕмӕ йӕ фыды хӕдзармӕ куы ’рбаздӕха ӕмӕ уым куы цӕра, йӕ чызгон бонты куыд уыди, афтӕ+, уӕд ын ис йӕ фыды хӕринӕгтӕй хӕрӕн+. Фӕлӕ дзы ӕддагӕттӕй иуӕн дӕр хӕрӕн нӕй. 14  Исчи кувинӕгтӕй ӕнӕрхъуыдыйӕ куы бахӕра+, уӕд хъуамӕ сауджынӕн бафида йӕ аргъ ӕмӕ ма йӕм ноджыдӕр бафтауа, кувинаг цӕй аргъ у, уымӕн йӕ фӕндзӕм хай+. 15  Сауджынтӕ хъуамӕ ма фӕчъизи кӕной, Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн кӕй ӕрбахӕссынц, уыцы кувинӕгтӕ+, 16  ӕмӕ уыдоны тыххӕй Израилы фырттӕ хъуамӕ ӕфхӕрд ма баййафой – кувинӕгтӕй хӕрын сӕ кӕй бауагътой, уый тыххӕй. Ӕз дӕн Йегъовӕ, чи сӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау“». 17  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 18  «Ааронӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ: „Израилы адӕмӕй кӕнӕ, Израилы ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уый номыл+ кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ+ нывонд куы хӕсса+ – Йегъовӕйӕн судзинаг нывонд, 19  уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+ фос, уӕныг, фыркъа кӕнӕ нӕл сӕгъ, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат+. 20  Хъӕндзинад кӕмӕ ис, ахӕм фос ма ӕрхӕссут нывондӕн+, уымӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хорзӕх не ссардзыстут. 21  Искӕй Йегъовӕйӕн фарны нывонд+ ӕрхӕссын куы фӕнда, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уый номыл+ кӕнӕ та йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат стур, йе та сӕгъ кӕнӕ фыс, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссара. Хъуамӕ йӕм ӕппындӕр мацы хъӕндзинад уа. 22  Куырм чи у, йӕ къах саст кӕмӕн у, хъӕдгом, бызычъи, гӕбӕрниз кӕнӕ хӕрӕджыхойраг+ кӕуыл ис, ахӕм фос Йегъовӕйӕн нывондӕн ма ӕрхӕссут ӕмӕ ахӕм фос нывондхӕссӕныл ма ӕрӕвӕрут Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн+. 23  Гал кӕнӕ фысӕн йӕ уӕнгтӕй иу иннӕтӕй даргъдӕр кӕнӕ цыбырдӕр куы уа+, уӕд ӕй ӕрхӕссӕн ис, дӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссыс, ахӕм нывондӕн. Фӕлӕ, Хуыцауӕн дзырд кӕй радтай, уый номыл ӕй куы хӕссай нывондӕн, уӕд ӕй нӕ айсдзӕн. 24  Фӕлӕ, йӕ мӕхстӕттӕ*+ пырх кӕнӕ цъӕл кӕмӕн сты кӕнӕ ӕрдызт чи у, ахӕм фос Йегъовӕйӕн ма нывонд кӕнут ӕмӕ уӕ зӕххыл ахӕм нывӕндтӕ ма хӕссут. 25  Ахӕм фос ма исут ӕндӕрбӕстаджы къухӕй дӕр, цӕмӕй йӕ уӕ Хуыцауӕн нывондӕн* ӕрхӕссат, уымӕн ӕмӕ йӕм ис хъӕндзинад. Уый у сахъат фос+. Хуыцау ахӕм нывонд нӕ айсдзӕн“»+. 26  Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта: 27  «Ногзад роды, уӕрыччы кӕнӕ сӕныччы авд боны хъӕуы йӕ мадимӕ ныууадзын+. Ӕстӕм бонӕй фӕстӕмӕ та йӕ ис Йегъовӕйӕн нывондӕн хӕссӕн – артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн. Уӕд ӕй Хуыцау айсдзӕн. 28  Стурвосӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй куы ’ргӕвдат, уӕд роды кӕнӕ уӕрыччы йӕ мадимӕ иу бон ма аргӕвдут+. 29  Йегъовӕйӕн арфӕйы нывонд куы хӕссат+, уӕд-иу ӕй афтӕ ӕрхӕссут, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат. 30  Хъӕуы йӕ уыцы бон бахӕрын+. Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 31  Мӕ фӕдзӕхстытӕм мын хъусут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 32  Мӕ сыгъдӕг ном мын ма фӕчъизи кӕнут+. Израилы фырттӕ мын хъуамӕ мӕ ном рухс кӕной+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, чи уӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау+. 33  Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау+. Ӕз дӕн Йегъовӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уыцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «удмӕ» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «искӕцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «хъӕппытӕ».
Комк. «дзулӕн».