Левит 24:1—23

24  Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта:  «Израилы фырттӕн зӕгъ, ӕмӕ дын хӕссой сыгъдӕг оливӕйы сой цырагъдарӕны кӕнынӕн+, цӕмӕй цырагъдарӕн ӕдзухдӕр судза+.  Аарон хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕ хъус дара, цӕмӕй Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны* цур чи ис, уыцы ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй, рухс судза изӕрӕй райсоммӕ. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр.  Уый ӕдзухдӕр йӕ хъус дардзӕн+, Йегъовӕйы раз сыгъдӕг сызгъӕринӕй цы цырагъдарӕн+ ис, уымӕн йӕ цырӕгътӕм+.  Райс ӕппӕты хуыздӕр ссад ӕмӕ дзы скӕн дыууадӕс гуылы, алы гуылӕн дӕр хъӕуы ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы ссад.  Ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд стъолыл+ дыууӕ рӕнхъӕй кӕрӕдзи сӕрыл сӕвӕр: ӕхсӕз гуылы – иуырдыгӕй+, ӕхсӕз – иннӕрдыгӕй.  Ӕмӕ дыууӕрдыгӕй дӕр гуылты сӕрыл ӕрӕвӕр сыгъдӕг урс буд, уый уыдзӕн зӕрдылдарӕн дзул+, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн.  Уыцы дзул Йегъовӕйы раз ӕвӕрын хъӕуы алы сабат дӕр+. Уый у бадзырд ӕнустӕм мӕн ӕмӕ Израилы фыртты ’хсӕн.  Уыцы дзул уыдзӕн Аарон ӕмӕ йӕ фыртты+, ӕмӕ йӕ хъуамӕ хӕрой сыгъдӕг бынаты+, уымӕн ӕмӕ уый сауджынӕн у уӕлдай табуйаг, уый у йӕ хай, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй. Уый у закъон ӕнустӕм». 10  Иу израилаг сылгоймагӕн уыди фырт, йӕ фыд та уыди египетаг+. Иухатт уый ӕрбацыд израилӕгты цурмӕ, ӕмӕ, цатыртӕ кӕм уыдысты, уым иу израилагимӕ хыл кӕнын+ райдыдтой. 11  Ӕмӕ израилаг сылгоймаджы фырт райдыдта Хуыцауы ном+ фауын ӕмӕ ӕлгъитын+. Гъемӕ йӕ Моисеймӕ ӕрбакодтой+. Йӕ мады ном уыди Шеломиф, Диврийы чызг, Даны мыггагӕй. 12  Ӕмӕ уыцы лӕппуйы ахстӕй дардтой+, цалынмӕ не сбӕлвырд уыдаид, Йегъовӕ цы зӕгъдзӕн, уый+. 13  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 14  «Чи мӕ ’лгъыста, уыцы адӕймаджы ракӕнут цатырты ӕддӕмӕ+, ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чидӕриддӕр фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт+, ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр дуртӕй амарӕнт+. 15  Ӕмӕ Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Йӕ Хуыцауы чи ӕлгъита, уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратта. 16  Йегъовӕйы ном чи фауа, уый хъӕуы амарын+. Адӕм ӕй иууылдӕр хъуамӕ дуртӕй амарой. Хуыцауы ном чифӕнды ма фауа, фӕнды ӕрцӕуӕггаг уӕд, фӕнды израилаг,– хъӕуы йӕ амарын+. 17  Адӕймаг искӕй* куы амара, уӕд ын йӕхи дӕр хъӕуы амарын+. 18  Искӕй фос* чи амара, уый та хъуамӕ бафида – уды тыххӕй уд+. 19  Иу адӕймаг иннӕмӕн куы разиан кӕна, уӕд ын йӕхицӕн дӕр хъӕуы бакӕнын, уый куыддӕриддӕр бакодта, афтӕ+: 20  уӕнджы састӕн – уӕнджы саст, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст. Иннӕ адӕймагӕн цы зиан ракодта, раст ахӕм зиан ракӕнын хъӕуы уымӕн дӕр+. 21  Искӕй фос чи амара+, уый хъуамӕ уый тыххӕй бафида+. Адӕймаджы чи амара, уымӕн та йӕхи дӕр хъӕуы амарын+. 22  Иу тӕрхон уын хъуамӕ уа куыд ӕрцӕуӕггагӕн, афтӕ израилагӕн дӕр+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“»+. 23  Моисей Израилы фырттӕн уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, Хуыцауы чи ӕлгъыста, уыцы адӕймаджы цатырты ӕддӕмӕ ракодтой ӕмӕ йӕ дуртӕй амардтой+. Израилы фырттӕ бакодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Ӕвдисӕнады».
Комк. «адӕймаджы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «фосы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.