Левит 3:1—17

3  Искӕй йе стуртӕй фарны нывонд+ ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбакӕна ӕнӕсахъат+ стур – нӕл уа ӕви сыл.  Йӕ нывонды сӕрыл+ йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны раз аргӕвддзысты. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты.  Уыцы фарны нывондӕй, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн Йегъовӕйӕн хъуамӕ ӕрхӕсса тъӕнгты фиу+ – тъӕнгтыл цы фиу ис, уый иууылдӕр+,  стӕй йӕ дыууӕ уырджы+ ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр.  Ӕмӕ сӕ Аароны фырттӕ+ нывондхӕссӕныл басудздзысты+ – зынгтыл, сугты+ уӕлӕ чи ис, уыцы нывондимӕ. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф+ Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон.  Искӕй Йегъовӕйӕн фарны нывондӕн лыстӕг фосӕй ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд – нӕл уа ӕви сыл – хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+.  Нывондӕн фыркъа куы хӕсса, уӕд ӕй хъуамӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбакӕна+.  Йӕ нывонды сӕрыл+ йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры раз аргӕвддзысты+. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты.  Ӕмӕ фарны нывондӕн йӕ фиу хъуамӕ Йегъовӕйӕн ӕрхӕсса, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн+. Йӕ дымӕг+ ын ӕнӕхъӕнӕй дӕр, рагъыстӕджы онг, фӕхицӕн кӕндзӕн, сисдзӕн ын йӕ тъӕнгты фиу – тъӕнгтыл цы фиу ис, уый иууылдӕр+, 10  стӕй йӕ дыууӕ уырджы ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр+. 11  Ӕмӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудздзӕн+. Уый у хӕринаг+, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн. 12  Нывондӕн ӕй сӕгъ+ ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд ӕй хъуамӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбакӕна. 13  Йӕ сӕрыл+ ын йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры раз аргӕвддзысты+. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты. 14  Ӕмӕ уыцы нывондӕй, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн Йегъовӕйӕн хъуамӕ ӕрхӕсса тъӕнгты фиу – тъӕнгтыл цы фиу ис, уый иууылдӕр+, 15  стӕй йӕ дыууӕ уырджы ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр. 16  Ӕмӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у хӕринаг, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Хуыцауӕн уыдзӕн ӕхсызгон. Фиу иууылдӕр у Йегъовӕйы+. 17  Фиу ӕмӕ туг+ ӕппындӕр ма хӕрут. Кӕмфӕнды ма цӕрат, уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр“».

Фиппаинӕгтӕ