Левит 5:1—19

5  Исчи*+ искӕй ӕвзӕрдзинад аразгӕ куы фена, уыцы хъуыддагӕн ӕвдисӕн куы уа кӕнӕ уый тыххӕй исты куы зона ӕмӕ, адӕмы ӕлгъыст*+ фехъусгӕйӕ, цы зоны, уый куы нӕ зӕгъа+, уӕд ракодта тӕригъӕд, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта.  Исчи, чъизи цы у, ахӕмӕй истӕмӕ куы бавнала, зӕгъӕм, чъизийыл нымад чи у, ахӕм хъӕддаг сырды мардмӕ кӕнӕ хӕдзарон фосы мардмӕ кӕнӕ лыстӕг цӕрӕгойы мардмӕ+, уӕд йӕхи фӕчъизи кодта ӕмӕ Хуыцауы раз у аххосджын+, кӕд ӕй нӕ зыдта, уӕддӕр+.  Кӕнӕ исчи адӕймаджы чъизитӕй истӕмӕ ӕнӕзонгӕйӕ куы бавнала, сыгъдӕг цы нӕу, уыдонӕй цӕмӕфӕнды дӕр+, ӕмӕ йӕхи куы фӕчъизи кӕна, уӕд Хуыцауы раз у аххосджын, кӕд ӕй зонгӕ уый фӕстӕ бакодта, уӕддӕр.  Исчи ӕнӕахъуыды кӕнгӕйӕ куы расомы кӕна+,– ӕвзӕрдзинад саразыны тыххӕй уа+ ӕви хорздзинад саразыны тыххӕй,– ӕмӕ йӕ куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд у аххосджын+ – йӕ бон ӕй сӕххӕст кӕнын кӕй нӕ бауыдзӕн, уый кӕд не ’мбӕрста ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бамбӕрста, уӕддӕр.  Ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы куы фӕаххосджын уа, уӕд хъуамӕ йӕ тӕригъӕд раргом кӕна+.  Ӕмӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн хъуамӕ ӕрхӕсса нывонд – йӕ дзугӕй ӕрбакӕна сыл уӕрыкк кӕнӕ сыл+ сӕныкк. Уый у нывонд аххосы тыххӕй+. Ӕмӕ сауджын уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+.  Кӕд йӕ бон нӕу фыс+ ӕрхӕссын, уӕд та Йегъовӕйӕн йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса дыууӕ ӕхсинӕджы+ кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны: иуы – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн. Уый у нывонд аххосы тыххӕй.  Хъуамӕ сӕ ӕрбахӕсса сауджынмӕ, ӕмӕ уый цъиутӕй иуы ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн: йӕ къубал ын атондзӕн+, йӕ сӕр ма гыццыл куыд хӕца, афтӕ.  Ӕмӕ уыцы нывонды тугӕй нывондхӕссӕны фарсыл бапырх кӕндзӕн. Цы туг ма дзы баззайа, уый та ӕртӕдздзӕн нывондхӕссӕны бынмӕ+. Уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй. 10  Иннӕ цъиуы та ӕрхӕсдзӕн судзинаг нывондӕн, уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+. Афтӕмӕй сауджын уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн+. 11  Кӕд йӕ бон дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны дӕр ӕрхӕссын нӕу+, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы*+ дӕсӕм хай. Сой йыл ма рауадзӕд+ ӕмӕ йыл урс буд дӕр ма ӕркӕнӕд, уымӕн ӕмӕ уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй+. 12  Хъуамӕ йӕ ӕрбахӕсса сауджынмӕ, ӕмӕ дзы уый армыдзаг сисдзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн – Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ артыл кӕй басыгътой, уыцы нывӕндтимӕ+. Уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй+. 13  Ӕмӕ сауджын уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕндзӕн+ йӕ тӕригъӕдӕй, уыцы тӕригъӕдтӕй кӕцыфӕндыйӕ дӕр, ӕмӕ йын хатыргонд ӕрцӕудзӕн. Уыцы нывондӕй ма цы баззайа, уый та у сауджыны+, хоры кувинагӕй цы баззайы, уый куыд вӕййы сауджыны, афтӕ“». 14  Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 15  «Йегъовӕ табуйагыл цы нымайы+, уыдӕттӕм исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ куы бавнала ӕмӕ афтӕмӕй йӕ разы тӕригъӕд куы сараза, уӕд хъуамӕ йӕ дзугӕй аххосы тыххӕй нывондӕн+ Йегъовӕйӕн ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр. Йӕ нывонд хъуамӕ уа, ӕвзист сиклтӕй*+, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй*, цас загътой, уый аргъ. Уый у нывонд аххосы тыххӕй. 16  Ӕмӕ сыгъдӕг бынаты ныхмӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый тыххӕй хъуамӕ бафида, цас хъӕуы, уыйбӕрц, ӕмӕ ма йӕм хъуамӕ ноджыдӕр бафтауа уымӕн йӕ фӕндзӕм хай+ ӕмӕ сӕ сауджынмӕ ратта, цӕмӕй сауджын аххосы тыххӕй нывондӕн фыр ӕрхӕсса ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕна+ йӕ тӕригъӕдӕй, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕуа+. 17  Исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй искӕцы куы фехала ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд куы сараза+, уӕд у аххосджын, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта+. 18  Ӕмӕ хъуамӕ аххосы тыххӕй йӕ дзугӕй нывондӕн+ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр. Йӕ нывонд хъуамӕ уа, цас загътой, уый аргъ. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕна сауджынмӕ, ӕмӕ сауджын уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕнӕрхъуыдыйӕ ӕмӕ ӕнӕзонгӕйӕ кӕй сарӕзта, уыцы тӕригъӕдӕй, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн+. 19  Уый у нывонд аххосы тыххӕй. Уыцы адӕймаг ӕцӕгдӕр фӕаххосджын+ Йегъовӕйы раз».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс 2, 4, 15, 17 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Ӕвӕц., амоны, ӕвзӕрдзинад кӕмӕн ракодтой, уый адӕмы раз рӕстдзинад кӕй домдта, уымӕ, зӕгъӕм, цӕмӕй фыдгӕнӕджы кӕнӕ, ӕвдисӕн ныллӕууын кӕй нӕ фӕндыд, уыцы адӕймаджы ралгъыстаиккой.
Иу ефӕ у 22 л.
Иу сикл у 11,4 г.
Кӕс Рц 30:13, фип.