Левит 6:1—30
6 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта:
2 «Адӕймагӕн* исты йӕ бар куы бакӕной ӕмӕ сӕ куы фӕсайа+, кӕнӕ исты куы адава ӕмӕ йӕ куы не схъӕр кӕна+, йе та искӕуыл сайдӕй куы рацӕуа+, уӕд Йегъовӕйы раз сарӕзта тӕригъӕд+. Уый у тӕригъӕд.
3 Науӕд искӕмӕй исты куы фесӕфа ӕмӕ йӕ уый куы ссара+, фӕлӕ йӕ куы басусӕг кӕна ӕмӕ мӕнг сомы куы ракӕна+, ӕз ницы тӕригъӕд сарӕзтон, зӕгъгӕ, уӕд дӕр тӕригъӕд сарӕзта Хуыцауы раз.
4 Ӕмӕ, тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ куы фӕаххосджын уа+, уӕд хъуамӕ фӕстӕмӕ ратта, цы адавта, кӕнӕ цы байста, кӕнӕ цы расайдта, кӕнӕ йын йӕ бар цы бакодтой, кӕнӕ цы ссардта,
5 кӕнӕ мӕнг сомы цӕй тыххӕй ракодта, уый. Цы зиан ракодта, уый хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕй бафида+ ӕмӕ ма йӕм ноджыдӕр бафтауа уымӕн йӕ фӕндзӕм хай. Уыдон иууылдӕр хъуамӕ ратта сӕ хицауӕн, йӕ аххос цы бон сбӕлвырд уа, уыцы бон.
6 Ӕмӕ аххосы тыххӕй нывондӕн хъуамӕ Йегъовӕйӕн йӕ дзугӕй ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр+. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕна сауджынмӕ, йӕ нывонд хъуамӕ уа, цас зӕгъой, уый аргъ. Уый у нывонд аххосы тыххӕй+.
7 Афтӕмӕй йӕ сауджын Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ, цы сарӕзта ӕмӕ цы хъуыддӕгты фӕаххосджын, уыдон ын иууылдӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты».
8 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта:
9 «Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Судзинаг нывӕндты тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон+: судзинаг нывонд нывондхӕссӕны зынгтыл хъуамӕ уа ӕнӕхъӕн ӕхсӕв суанг райсомы онг, ӕмӕ йыл хъуамӕ судза арт.
10 Сауджын йӕ уӕлӕ хъуамӕ скӕна, лӕггад кӕнынӕн чи у, уыцы кӕттаг уӕлӕдарӕс+, стӕй мидӕггаг кӕттаг хӕлаф+, цӕмӕй йын йӕ буар ӕмбӕрза. Ӕмӕ хъуамӕ нывондхӕссӕнӕй ракала, судзинаг нывондӕй цы сойӕдзаг фӕнык+ баззад, уый, ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕра нывондхӕссӕны фарсмӕ.
11 Стӕй хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс раива+ ӕмӕ сойӕдзаг фӕнык ахӕсса сыгъдӕг ранмӕ, цатырты ӕддӕмӕ+.
12 Нывондхӕссӕныл та хъуамӕ судза арт, хъуамӕ ма ахуысса. Ӕмӕ йыл сауджын алы райсом дӕр хъуамӕ ӕвӕра сугтӕ+, стӕй-иу ыл хъуамӕ ӕрӕвӕра судзинаг нывонд ӕмӕ йыл басудза фарны нывӕндты фиу дӕр+.
13 Нывондхӕссӕныл арт+ хъуамӕ судза ӕдзухдӕр, хъуамӕ ма ахуысса.
14 Хоры+ кувинӕгты тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон: Аароны фырттӕ-иу сӕ хъуамӕ бахӕссой Йегъовӕйы размӕ, нывондхӕссӕны цурмӕ.
15 Ӕмӕ йӕ фырттӕй иу хъуамӕ армыдзаг сиса хоры кувинагӕй – ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ӕмӕ сойӕ иу гыццыл ӕмӕ, кувинагыл цы урс буд ис, уый иууылдӕр, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудза, цӕмӕй Йегъовӕ уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+ ӕмӕ йын йӕ тӕф уа ӕхсызгон.
16 Цы ма дзы баззайа, уый та у Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн+. Скӕнын дзы хъӕуы донгонд дзултӕ+ ӕмӕ сӕ бахӕрын хъӕуы сыгъдӕг бынаты. Бахӕрӕнт сӕ ӕмбырды цатыры кӕрты.
17 Ӕнхъизӕн сыл кӕнӕн нӕй+. Уый у сӕ хай – ӕз сын ӕй раттон, мӕнӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй+. Уый у уӕлдай табуйаг+, тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ аххосы тыххӕй нывонд табуйаг куыд сты, афтӕ.
18 Хъуамӕ дзы хӕрой Аароны хӕдзарвӕндагӕй нӕлгоймӕгтӕ+ иууылдӕр. Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй уый у уӕ хай фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. Цыдӕриддӕр сыл андзӕва, уый уыдзӕн табуйаг“».
19 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта:
20 «Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕй исчи сӕрст цы бон ӕрцӕуа ӕмӕ хистӕр сауджын цы бон суа+, уыцы бон-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕн ӕрхӕссой кувинаг+: ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы+ дӕсӕм хай. Уый у хоры кувинаг+. Йӕ иу ӕмбис ын-иу хъуамӕ ӕрхӕссой райсомӕй, иннӕ ӕмбис та – изӕрӕй.
21 Хъӕуы йӕ соимӕ сызмӕнтын ӕмӕ йӕ тебӕйы сфыцын+. Уый фӕстӕ йыл сой дзӕбӕх рауадз. Фых кувинаг ӕрсӕстытӕ кӕн ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕрхӕсс Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын йӕ тӕф уыдзӕн ӕхсызгон.
22 Афтӕ хъуамӕ бакӕна, Аароны фӕстӕ йӕ фырттӕй сӕрст чи ’рцӕуа, уыцы сауджын дӕр+. Ӕмӕ кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъӕуы басудзын+ – уыцы кувинаг у Йегъовӕйы. Уый у закъон ӕнустӕм.
23 Сауджын+ цы хоры кувинӕгтӕ хӕсса, уыдон ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъӕуы судзын. Хӕрӕн сӕ нӕй».
24 Уый фӕстӕ ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта:
25 «Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Тӕригъӕды тыххӕй цы нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон+: тӕригъӕды тыххӕй нывонд хъуамӕ ӕргӕвдой Йегъовӕйы раз, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым+. Уыцы нывонд у се ’ппӕтӕй табуйагдӕр+.
26 Йӕ дзидза йын хӕрдзӕн, цы сауджын ӕй ӕрхӕсдзӕн, уый+. Хъуамӕ йӕ хӕра сыгъдӕг бынаты+, ӕмбырды цатыры кӕрты+.
27 Йӕ дзидзайыл цыдӕриддӕр андзӕва, уый уыдзӕн табуйаг+, ӕмӕ йӕ туг искӕмӕн йӕ дзаумӕттыл куы бакӕла+, уӕд сӕ ныхсын хъӕуы сыгъдӕг бынаты+.
28 Кӕд дзидза ӕлыг+ мигӕнӕны фыхти, уӕд уыцы мигӕнӕн хъӕуы ныппырх кӕнын. Фӕлӕ йӕ кӕд ӕрхуы мигӕнӕны фыхтой, уӕд уыцы мигӕнӕн хъӕуы дзӕбӕх ныссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ ныхсын.
29 Дзидза хъуамӕ хӕрой, сауджынтӕй чи лӕггад кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+. Уый у уӕлдай табуйаг+.
30 Фӕлӕ тӕригъӕды тыххӕй хаст нывондӕн йӕ тугӕй+ ӕмбырды цатырмӕ, сыгъдӕг бынатмӕ, куы бахӕссой, цӕмӕй адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕной, уӕд уымӕн йӕ дзидза хӕрӕн нӕй. Уыцы нывонд хъӕуы басудзын.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «удӕн» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.