Левит 8:1—36

8  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта:  «Ӕрбакӕн Аароны ӕмӕ йӕ фыртты+, райс сын сӕ уӕлӕдарӕс+ ӕмӕ сӕрмагонд сой*+, ӕрбакӕн уӕныг тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, дыууӕ фыры ӕмӕ райс чыргъӕд донгонд дзултимӕ+.  Стӕй адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй иууылдӕр ӕмбырды цатыры+ бахизӕны раз ӕрӕмбырд уой»+.  Моисей бакодта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, ӕмӕ адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмбырды цатыры бахизӕны раз+.  Ӕмӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Йегъовӕ бафӕдзӕхста афтӕ бакӕнын»+.  Ӕмӕ Аароны йӕ фырттимӕ ӕрбакодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сӕхи ныхсой+.  Уый фӕстӕ Аароныл скодта даргъ хӕдон+ ӕмӕ йын йӕ астӕуыл рон ӕрбабаста+. Стӕй йыл скодта ӕнӕдыс къаба+ ӕмӕ ефод+ ӕмӕ йыл ефод йӕ ронӕй+ ӕнгом ӕрбабаста.  Уый фӕстӕ йыл бакодта риуылдарӕн+ ӕмӕ дзы нывӕрдта урим ӕмӕ туммим*+.  Стӕй йын йӕ сӕрыл ӕркодта сарыхъ+ ӕмӕ сарыхъыл разӕй бакодта ӕрттиваг сызгъӕрин тъӕпӕн гӕбаз*+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 10  Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрмагонд сой ӕмӕ дзы байсӕрста цатыр+ ӕмӕ йӕ мидӕг цы уыди, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ систы табуйаг. 11  Стӕй сойӕ авд хатты бапырх кодта нывондхӕссӕн ӕмӕ йын байсӕрста йӕхи дӕр+, йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ уыдис, уыдон дӕр, стӕй стыр аг ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр систы табуйаг. 12  Уый фӕстӕ байсӕрста Аароны – сӕрмагонд сой йын йӕ сӕрыл рауагъта – ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы цӕсты сси сыгъдӕг+. 13  Стӕй Моисей ӕрбакодта Аароны фыртты+, скодта сыл даргъ хӕдӕттӕ, сӕ астӕутыл сын рӕттӕ+ ӕрбабаста ӕмӕ сыл худтӕ+ ӕркодта, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 14  Уый фӕстӕ Моисей ӕрбакодта уӕныг+ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн. Ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ нывонды сӕрыл+ ӕрӕвӕрдтой. 15  Стӕй Моисей уӕныджы аргӕвста+, йӕ туг+ ын райста ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕны сыкъатӕй алкӕцы дӕр ацахуырста, ӕмӕ нывондхӕссӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кодта. Тугӕй ма цы баззад, уый та акалдта нывондхӕссӕны бынмӕ, цӕмӕй суыдаид табуйаг ӕмӕ йыл уыдаид нывӕндтӕ хӕссӕн адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕныны тыххӕй+. 16  Уый фӕстӕ Моисей систа тъӕнгты фиу иууылдӕр, игӕры фиу, дыууӕ уырджы сӕ фиутимӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта+. 17  Уӕныгӕн йӕ царм, йӕ дзидза ӕмӕ йӕ фаджыс та басыгъта цатырты ӕдде+, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 18  Стӕй ӕрбакодта фыр судзинаг нывондӕн, ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ фыры сӕрыл ӕрӕвӕрдтой+. 19  Уый фӕстӕ йӕ Моисей аргӕвста ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта+. 20  Стӕй фыры ауӕнгтӕ кодта+ ӕмӕ йын йӕ сӕр, йӕ уӕнгтӕ ӕмӕ йӕ фиу нывондхӕссӕны зынгтыл ӕрӕвӕрдта. 21  Уый фӕстӕ ныхсадта тъӕнгтӕ ӕмӕ къӕхтӕ, ӕмӕ фыры ӕнӕхъӕнӕй дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта+. Уый уыд судзинаг нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Хуыцауӕн уыди ӕхсызгон+. Уый уыд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн. Моисей бакодта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 22  Уый фӕстӕ Моисей ӕрбакодта иннӕ фыры, ацы нӕлгоймӕгтӕ сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый номыл нывондӕн ӕрхӕссынӕн+, ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ фыры сӕрыл ӕрӕвӕрдтой. 23  Стӕй йӕ аргӕвста, райста йын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы ацахуырста Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 24  Уый фӕстӕ та Моисей ӕрбакодта Аароны фыртты ӕмӕ уыдонӕн дӕр тугӕй ацахуырста сӕ рахиз хъусты кӕрӕттӕ, сӕ рахиз къухты стыр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта+. 25  Стӕй фырӕн райста йӕ фиу ӕмӕ йӕ дымӕг, тъӕнгты фиу иууылдӕр+, игӕры фиу, йӕ дыууӕ уырджы сӕ фиутимӕ ӕмӕ йӕ рахиз агъд+. 26  Йегъовӕйы раз донгонд дзултимӕ цы чыргъӕд уыди, уырдыгӕй систа иу донгонд гуыл+, соимӕ конд гуыл+ ӕмӕ иу лауыз+ ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕрдта фиуыл ӕмӕ рахиз агъдыл. 27  Стӕй сӕ иууылдӕр ӕрӕвӕрдта Аароны ӕмӕ йӕ фыртты къухтыл ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм батылдта – уый уыд, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 28  Уый фӕстӕ сын сӕ Моисей сӕ къухтӕй райста ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл, судзгӕ кӕй бакодтой, уыцы нывонды сӕрыл басыгъта+. Уый уыд нывонд, ацы нӕлгоймӕгтӕ сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый номыл+, ӕмӕ йӕ тӕф Хуыцауӕн уыди ӕхсызгон+. Уый уыд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн+. 29  Стӕй Моисей райста нывондӕн йӕ риуыгуыдыр+ ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм батылдта – уый уыд, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. Нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы фырӕй уый сси Моисейы хай+, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 30  Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрмагонд сойӕ+ ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй ӕмӕ дзы бапырх кодта Ааронӕн йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ дарӕсыл дӕр, стӕй йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл дӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй йӕ фыртты+ ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр Хуыцауӕн снывонд кодта+. 31  Стӕй Моисей Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Дзидза сфыцут+ ӕмбырды цатыры бахизӕны раз, ӕмӕ йӕ уым, чыргъӕды цы дзултӕ ис, уыдонимӕ хӕрут+, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ загъд уыд: „Хъуамӕ сӕ хӕрой Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ“. 32  Дзидзайӕ ӕмӕ дзултӕй цы баззайа, уый та-иу басудзут+. 33  Цатыры бахизӕнӕй авд боны макуыдӕм ацӕут+, цалынмӕ сауджынтӕй ӕвӕрд не ’рцӕуат, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ бахъӕудзӕн авд боны, цӕмӕй бартӕ уӕ къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕуой+. 34  Йегъовӕ афтӕ загъта, ӕмӕ, абон цы ’рцыд арӕзт, уый аразын хъӕуы иннӕ бонты дӕр, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат+. 35  Авд боны, ӕхсӕвы дӕр ӕмӕ бонӕй дӕр, хъуамӕ уат цатыры бахизӕны раз+ ӕмӕ Йегъовӕйы раз уӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнат+, цӕмӕй ма амӕлат, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ загъд уыд». 36  Ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ, Йегъовӕ сын Моисейы уылты цы загъта, уыдон иууылдӕр сарӕзтой.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Рц 25:6, фип.
Кӕс Рц 28:30, фип.
Кӕс Рц 39:30, фип.