Левит 9:1—24

9  Ӕстӕм+ бон Моисей фӕдзырдта Ааронмӕ, йӕ фырттӕм ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕм.  Ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Дӕхи номыл ӕрбакӕн род тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ фыр судзинаг нывондӕн+, хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. Ӕрбакӕн сӕ Йегъовӕйы размӕ+.  Израилы фырттӕн та зӕгъ: „Ӕрбакӕнут нӕл сӕгъ+ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, стӕй род ӕмӕ фыркъа+ судзинаг нывондӕн, дыууӕ дӕр хъуамӕ уой афӕдздзыд ӕмӕ ӕнӕсахъат,  ӕмӕ гал ӕмӕ фыр та – фарны нывондӕн+, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссат. Стӕй ӕрбахӕссут хоры кувинаг+ дӕр соимӕ змӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уӕм абон Йегъовӕ фӕзындзӕн“»+.  Уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ бакодтой – ӕмбырды цатыры размӕ ӕрбакодтой нывонд фос ӕмӕ ӕрбахастой кувинӕгтӕ. Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр уырдӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдысты+.  Ӕмӕ сын уӕд Моисей загъта: «Афтӕ бакӕнын уын Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй уӕм фӕзына Йегъовӕйы кад»+.  Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Бацу нывондхӕссӕны цурмӕ ӕмӕ ӕрхӕсс дӕ нывӕндтӕ – тӕригъӕды тыххӕй нывонд+ ӕмӕ судзинаг нывонд, ӕмӕ дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронты дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕн+. Стӕй адӕмӕн дӕр ӕрхӕсс сӕ нывӕндтӕ+ ӕмӕ уыдоны дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕн+, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ».  Ӕмӕ Аарон уайтагъд бацыд нывондхӕссӕны цурмӕ ӕмӕ аргӕвста, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй кӕй хъуыд ӕрхӕссын, уыцы роды+.  Уый фӕстӕ Ааронмӕ йӕ фырттӕ бахастой нывонды туг+, ӕмӕ уый йе ’нгуылдз туджы атылдта+ ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахуырста+, тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны бынмӕ акалдта. 10  Стӕй Аарон тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн йӕ фиу+, йӕ уыргтӕ ӕмӕ йӕ игӕры фиу нывондхӕссӕныл басыгъта+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 11  Нывондӕн йӕ дзидза ӕмӕ йӕ царм та басыгъта цатырты ӕдде+. 12  Уый фӕстӕ Аарон аргӕвста судзинаг нывонд, ӕмӕ йӕм йӕ фырттӕ бахастой нывонды туг, ӕмӕ йӕ уый нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта+. 13  Стӕй йӕм радтой судзинаг нывонды уӕнгтӕ ӕмӕ йӕ сӕр, ӕмӕ сӕ уый нывондхӕссӕныл басыгъта+. 14  Уый фӕстӕ ныхсадта тъӕнгтӕ ӕмӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл судзинаг нывонды сӕрыл басыгъта+. 15  Уый фӕстӕ адӕмӕн дӕр сӕ нывӕндтӕ ӕрхаста+. Адӕмы тӕригъӕды тыххӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы нӕл сӕгъы аргӕвста ӕмӕ, тӕригъӕды тыххӕй фыццаг нывондӕн куыд бакодта, афтӕ бакодта ацы нывондӕн дӕр. 16  Стӕй ӕрхаста судзинаг нывонд дӕр, уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк уыд, уымӕ гӕсгӕ+. 17  Уый фӕстӕ ӕрхаста хоры кувинаг+, систа дзы армыдзаг ӕмӕ йӕ басыгъта нывондхӕссӕныл, райсомӕй цы судзинаг нывонд ӕрхаста, уымӕй уӕлдай+. 18  Уый фӕстӕ та аргӕвста, адӕм сӕхи тыххӕй фарны нывондӕн+ кӕй ӕрбакодтой, уыцы гал ӕмӕ фыры. Ӕмӕ Ааронмӕ йӕ фырттӕ бахастой нывӕндты туг, ӕмӕ йӕ уый нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта+. 19  Галы фиу+ ӕмӕ фыры дымӕг+, стӕй тъӕнгты фиу, уыргтӕ ӕмӕ игӕры фиу та 20  Аароны фырттӕ ӕрӕвӕрдтой галы риуыгуыдырыл+ ӕмӕ фыры риуыгуыдырыл, ӕмӕ уый фӕстӕ Аарон фиу нывондхӕссӕныл басыгъта. 21  Нывӕндтӕн сӕ риуыгуыдыртӕ ӕмӕ сӕ рахиз ӕгъдтӕ та – кӕй батилынц, уыцы кувинаг+ – Аарон Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атылдта, Моисей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 22  Аарон тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ куы ’рхаста, уӕд йӕ къухтӕ адӕмы ’рдӕм адардта, раарфӕ сын кодта+ ӕмӕ бынмӕ ӕрхызт+. 23  Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты ӕмбырды цатырмӕ. Стӕй фӕстӕмӕ рацыдысты ӕмӕ адӕмӕн раарфӕ кодтой+. Уӕд адӕммӕ фӕзынди Йегъовӕйы кад+, 24  ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт+ ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы судзинаг нывонд ӕмӕ фиу уыди, уыдон аныхъуырдта. Адӕм уый куы федтой, уӕд ныхъхъӕр кодтой+ ӕмӕ зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтой.

Фиппаинӕгтӕ