Лукайы 10:1—42

10  Уыцы хабӕртты фӕстӕ ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста ӕвдай+ адӕймаджы ӕмӕ, йӕхӕдӕг цӕуинаг кӕдӕм уыд, уыцы горӕттӕм ӕмӕ сӕ уыцы бынӕттӕм йӕ разӕй дыгӕйттӕй+ арвыста.  Ӕмӕ сын загъта: «Кӕрдинаг+, бӕгуыдӕр, бирӕ ис, кусджытӕ+ та – гыццыл. Уӕдӕ курут+ хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ+ рарвита.  Цӕут! Ӕз сымах ӕрвитын, уӕрыччыты+ бирӕгъты ’хсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау.  Уемӕ ма ахӕссут нӕдӕр ӕхцадон, нӕдӕр хызын+, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй-иу фӕндагыл салам дӕтгӕйӕ хъӕбыстӕ+ макӕмӕн кӕнут.  Цы хӕдзармӕ-иу бацӕуат, уым-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“+  Ӕмӕ кӕд уыцы хӕдзары фарнуарзаг адӕймаг нӕ уа, уӕд уӕ фарн уӕхимӕ раздӕхдзӕн+. Кӕд дзы фарнуарзаг адӕймаг уа, уӕд та уӕ фарнӕй фӕхайджын уыдзӕн+.  Гъемӕ-иу уыцы хӕдзары ӕрлӕуут+, ӕмӕ-иу уын уӕ разы цы ӕрӕвӕрой, уый-иу бахӕрут ӕмӕ бануазут+, уымӕн ӕмӕ фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн бафидой+. Фӕлӕ иу хӕдзарӕй иннӕ хӕдзармӕ ма цӕут – уӕ бынат ма раив-баив кӕнут+.  Стӕй, искӕцы горӕтмӕ дӕр куы бацӕуат ӕмӕ уӕ уым куы суазӕг кӕной, уӕд-иу уын уӕ разы цы ӕрӕвӕрой, уый-иу бахӕрут.  Уыцы горӕты цы рынчынтӕ уа, уыдоны-иу сдзӕбӕх кӕнут+ ӕмӕ-иу се ’ппӕтӕн дӕр дзурут: „Хуыцауы паддзахад+ ӕрхӕстӕг“. 10  Фӕлӕ искӕцы горӕтмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уӕ куы не суазӕг кӕной+, уӕд та-иу рацӕут уыцы горӕты стыр уынгтӕм ӕмӕ-иу зӕгъут: 11  „Уӕ горӕты нӕ къӕхтыл цы рыг сбадт, уый дӕр нӕ къӕхтӕй цӕгъдӕм, цӕмӕй йӕ зонат, кӕй рӕдийут+. Фӕлӕ зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг“. 12  Зӕгъын уын: уыцы бон Содомӕн+ уыцы горӕтӕй ӕнцондӕр уыдзӕн. 13  Мӕгуыр дӕ бон, Хоразин!+ Мӕгуыр дӕ бон, Вифсаидӕ!+ Сымах цы диссӕгтӕ* федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕ куы федтаиккой, уӕд сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой: сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скодтаиккой ӕмӕ фӕнычы сбадтаиккой+. 14  Уӕдӕ тӕрхоны рӕстӕг Тир ӕмӕ Сидонӕн сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн+. 15  Науӕд ды, Капернаум, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты?+ Дӕлдзӕхмӕ*+ ныххаудзынӕ! 16  Сымахмӕ чи хъусы+, уый хъусы мӕнмӕ дӕр. Сымах чи ницӕмӕ дары, уый ницӕмӕ дары мӕн дӕр. Ӕмӕ мӕн чи ницӕмӕ дары, уый та ницӕмӕ дары+, мӕн чи рарвыста, уый дӕр». 17  Уый фӕстӕ уыцы ӕвдай ахуыргӕнинаджы цингӕнгӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ загътой: «Хицау, дӕ ном куы сдзурӕм, уӕд хӕйрӕджытӕ дӕр нӕ коммӕ бакӕсынц»+. 18  Уӕд сын уый афтӕ бакодта: «Ӕз федтон, арвӕрттывд куыд вӕййы, афтӕ Сайтан арвӕй куыд ӕрхауд+. 19  Ӕз уын радтон уыцы хъомыс, цӕмӕй кӕлмытӕ+ ӕмӕ скорпионты+ уӕ къӕхты бын ссӕндат ӕмӕ знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕнат+. Ӕмӕ уын ничи ницы ракӕндзӕн. 20  Фӕлӕ уӕддӕр, дӕлимонтӕ уӕ коммӕ кӕй кӕсынц, ууыл ма цин кӕнут – цин кӕнут, уӕ нӕмттӕ+ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл». 21  Раст уыцы сахат Йесойыл ӕрцыд Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг+ ӕмӕ загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ+ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй. О, мӕ Фыд, дӕу афтӕ бафӕндыд. 22  Мӕнӕн мӕ Фыд ӕппӕт дӕр радта+. Ӕмӕ, Фырт чи у, уый Фыды йеддӕмӕ ничи зоны+. Фыд чи у, уый дӕр Фырты+ йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны». 23  Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хибарӕй загъта: «Амондджын сты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ чи уыны+. 24  Зӕгъын уын: пехуымпартӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй бирӕтӕ бӕллыдысты+, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ фенынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ федтой, ӕмӕ сымах цытӕ хъусут, уыдӕттӕ фехъусынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой». 25  Уӕд, Закъон+ хорз чи зыдта, иу ахӕм лӕг сыстад ӕмӕ йӕ барӕй бафарста: «Ахуыргӕнӕг, цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?»+ 26  Йесо йын загъта: «Закъоны цы фыст ис?+ Цы дзы бакастӕ?» 27  Уый йын дзуапп радта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй*, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“+, стӕй: „Иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“»+. 28  Уӕд ын уый загъта: «Раст зӕгъыс. „Афтӕ кӕн, ӕмӕ ӕнусон цардӕй хайджын уыдзынӕ“»+. 29  Фӕлӕ уыцы лӕг, рӕстаг адӕймаг дӕн, зӕгъгӕ, уый равдисыны тыххӕй Йесойы бафарста: «Ӕмӕ, кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?»+ 30  Уӕд ын Йесо ракодта иу хабар: «Иу лӕг Иерусалимӕй Иерихонмӕ ӕрцӕйцыд ӕмӕ фӕндагыл абырджыты къухтӕм бахауд. Уыдон ӕй сбӕгънӕг кодтой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ уым ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. 31  Ныр рауад афтӕ, ӕмӕ уыцы фӕндагыл ӕрцӕйцыд иу сауджын, ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд фӕндагӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызт ӕмӕ йӕ рӕзты аивгъуыдта+. 32  Афтӕ левит дӕр, уыцы бынатмӕ куы ’рхӕццӕ ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд фӕндагӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызт ӕмӕ йӕ рӕзты аивгъуыдта+. 33  Фӕлӕ ма уыцы фӕндагыл фӕцӕйцыд иу самариаг+ лӕг дӕр. Уый йӕ цурмӕ куы бахӕццӕ ӕмӕ йӕ куы ауыдта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта. 34  Гъемӕ йӕм бацыд, йӕ цӕфтыл ын сой ӕмӕ сӕн рауагъта ӕмӕ йын сӕ бабаста+. Стӕй йӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта, фысымуатмӕ йӕ баласта ӕмӕ йӕм базылд. 35  Дыккаг бон фысымуаты хицауӕн дыууӕ динары* радта ӕмӕ йын загъта: „Ацы лӕгмӕ дӕ хъус фӕдар. Уымӕй уӕлдай ма йыл цы схардз кӕнай, уый та дын, куы ӕрыздӕхон, уӕд бафиддзынӕн“. 36  Куыд дӕм кӕсы, абырджыты къухтӕм чи бахауд, уыцы адӕймаджы уыцы ӕртӕйӕ чи уарзта?»+ 37  Уый йын дзуапп радта: «Чи йын фӕтӕригъӕд кодта+ ӕмӕ йын чи баххуыс кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Уӕдӕ ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн»+. 38  Иу бон фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Йесо бацыд иу хъӕумӕ. Уым ӕй суазӕг кодта иу сылгоймаг, Марфӕ+, зӕгъгӕ. 39  Уыцы сылгоймагӕн ма уыд хо – Марийӕ. Ӕмӕ Марийӕ Йесойы къӕхты+ раз сбадти ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ хъуыста. 40  Марфӕ та цӕттӕ кӕныныл фӕци+. Ӕмӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Хицау, мӕ хо ӕппӕт кӕнинӕгтӕ дӕр мӕнӕн кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс?+ Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса». 41  Йесо йын дзуапп радта: «Ехх, Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс+ ӕмӕ тыхсыс+. 42  Афтӕмӕй та бирӕ ницы хъӕуы+, йе та иу цыдӕр дӕр фаг у. Марийӕ та хуыздӕр хай+ равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «хъомысджын хъуыддӕгтӕ».
Комк. «Гадесмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «Дӕ хионы».
Кӕс Мф 20:2, фип.