Лукайы 11:1—54

11  Иуафон Йесо иу ран куывта ӕмӕ куывд куы фӕци, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу бахатыд: «Хицау, сахуыр-ма нӕ кӕн кувын+, Иоанн дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд сахуыр кодта, афтӕ»+.  Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Куы фӕкувут+, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд, срухс уӕд дӕ ном+. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад+.  Ратт нын абоны фаг къӕбӕр+.  Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ+, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы*+, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ныххатыр кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ фӕлварӕны ма баппар“»+.  Стӕй ма сын загъта: «Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр уӕ ис ӕрдхорд. Ӕмбисӕхсӕв ӕм бацыдтӕ ӕмӕ йын загътай: „Ме ’рдхорд, ӕртӕ дзулы-ма мын ӕфстау авӕр.  Гыццыл раздӕр мӕм ме ’мбал ӕрбацыд, фӕндагыл уыд, ӕмӕ йын йӕ разы цы ӕрӕвӕрон, уый мӕм нӕй“.  Уый та дӕм ӕддӕмӕ радзырдта: „Ныууадз мӕ!+ Дуар дӕр сӕхгӕдтон, мӕ сывӕллӕттӕ дӕр мӕ фарсмӕ хуыссынц. Сыстон ӕмӕ дын исты раттон, уый мӕ бон нӕу“.  Зӕгъын уын: ӕрдхӕрдтӕ кӕй сты, уый тыххӕй куы нӕ сыста ӕмӕ йын куы ницы ратта, уӕддӕр ӕй куы нал ӕмӕ куы нал уадза+, уӕд сыстдзӕн ӕмӕ йӕ цы хъӕуа, уый йын ратдзӕн.  Уӕдӕ уын зӕгъын: курут+, ӕмӕ уын ратдзысты, агурут+, ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты, 10  уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц+, чи агуры, уый ссары, ӕмӕ, чи хойы, уымӕн бакӕнынц. 11  Уе ’хсӕн ахӕм фыд ис, ӕмӕ дзы йӕ фырт+ кӕсаг куы ракура, уӕд ын кӕсаджы бӕсты калм ратта? 12  Кӕнӕ дзы айк куы ракура, уӕд ын скорпион ратта? 13  Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн+ хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых+, чи дзы куры, уыдонӕн!» 14  Фӕстӕдӕр Йесо иу лӕгӕй расырдта, адӕймаджы ӕгомыг+ чи кӕны, ахӕм дӕлимоны. Ӕмӕ дзы дӕлимон куы рацыд, уӕд лӕг сдзырдта. Гъемӕ адӕм дисы бафтыдысты. 15  Фӕлӕ дзы чидӕртӕ афтӕ бакодтой: «Ай хӕйрӕджыты суры хӕйрӕджытӕн се ’лдар Велзевулы хъаруйӕ»+. 16  Чидӕртӕ та, цӕмӕй йӕ ракъахтаиккой, уый тыххӕй дзы куырдтой, уӕларвӕй нын диссаг+ равдис, зӕгъгӕ. 17  Уый сын зыдта сӕ хъуыдытӕ+ ӕмӕ сын загъта: «Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ныххӕлӕттаг уыдзӕн, ӕмӕ хӕдзары мидӕг дӕр бинонтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ куы суой, уӕд сӕ цард фехӕлдзӕн+. 18  Ӕмӕ кӕд Сайтан дӕр йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ сси, уӕд йӕ паддзахад куыд фӕлӕудзӕн?+ Афтӕ куы зӕгъут, ӕмӕ Велзевулы хъаруйӕ сурын хӕйрӕджыты. 19  Кӕд ӕз Велзевулы хъаруйӕ сурын хӕйрӕджыты, уӕд сӕ уӕ фӕдылдзӕуджытӕ+ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уӕдӕ уын уӕ фӕдылдзӕуджытӕ уыдзысты тӕрхонгӕнджытӕ. 20  Фӕлӕ кӕд ӕз хӕйрӕджыты Хуыцауы тыхӕй*+ сурын, уӕд уӕ Хуыцауы паддзахад ӕцӕгдӕр ӕрӕййӕфта+. 21  Тыхджын лӕг+ йӕ галуан ӕд хӕцӕнгарз куы фӕхъахъхъӕны, уӕд йӕ мулкӕн тӕссаг ницӕмӕй вӕййы. 22  Фӕлӕ йӕм йӕхицӕй тыхджындӕр+ куы бабырса ӕмӕ йыл куы фӕуӕлахиз уа+, уӕд ын, ныфсджын кӕмӕй уыд, уыцы хӕцӕнгӕрзтӕ иууылдӕр байсдзӕн, ӕмӕ дзы цы рахӕсса, уыдон иннӕтыл байуардзӕн. 23  Мӕ фарс чи нӕу, уый мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый фӕйнӕрдӕм пырх кӕны+. 24  Дӕлимон адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд хус рӕтты йӕхицӕн бынат агурӕг фӕзилы, ӕмӕ куы ницы ссары, уӕд фӕзӕгъы, цӕуон фӕстӕмӕ мӕ хӕдзармӕ, кӕцӕй рацыдтӕн, уырдӕм, зӕгъгӕ+. 25  Ӕмӕ йӕ ӕрӕййафы хӕрзмарзт ӕмӕ хӕрзӕфснайдӕй. 26  Уӕд раздӕхы, йемӕ ракӕны ӕндӕр авд+ дӕлимоны, йӕхицӕй фыддӕрты, ӕмӕ бацӕуынц уыцы хӕдзармӕ ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ уавӕр, цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр фӕвӕййы»+. 27  Уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд ын адӕмы ’хсӕнӕй иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта: «Цы амондджын у, дӕу йӕ гуыбыны+ чи хаста ӕмӕ дын дзидзи чи дардта, уыцы мад!» 28  Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!»+ 29  Йӕ разы адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр куы кодтой, уӕд райдыдта дзурын: «Ацы фӕлтӕр у фыдзӕрдӕ фӕлтӕр ӕмӕ агуры диссаг+. Фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ницы диссаг фендзысты+. 30  Уымӕн ӕмӕ Ионӕ+ ниневиӕгтӕн нысанӕн куыд уыд, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр ацы фӕлтӕрӕн. 31  Тӕрхоны бон хуссайраг ус-паддзах+ ацы фӕлтӕримӕ мӕрдтӕй сыстдзӕн ӕмӕ сын стӕрхон кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрцыд Соломоны зондмӕ байхъусынмӕ. Ӕмӕ ам та ис, Соломонӕй дӕр уӕлдӕр+ чи у, уый. 32  Тӕрхоны бон Ниневийы адӕм ацы фӕлтӕримӕ мӕрдтӕй сыстдзысты ӕмӕ сын стӕрхон кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы ныхӕсты фӕстӕ ӕрфӕсмон кодтой+. Ӕмӕ ам та ис, Ионӕйӕ дӕр уӕлдӕр+ чи у, уый. 33  Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ кӕмдӕр нӕ бамбӕхсы кӕнӕ йӕ барӕн къусӕй нӕ ӕрӕмбӕрзы, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл+, цӕмӕй, мидӕмӕ чи хиза, уыдонӕн рухс кӕна. 34  Дӕ буарӕн йӕ цырагъ дӕ цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уа*, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн рухс+. Фӕлӕ дӕ цӕст, ӕвзӕр цы у, уымӕ куы уа арӕзт*, уӕд та дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн талынг. 35  Гъемӕ уӕдӕ дӕхимӕ кӕс. Кӕд, мыййаг, дӕ мидӕг цы рухс ис, уый талынг у+. 36  Уӕдӕ кӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр рухс у ӕмӕ дзы талынгӕй ӕппындӕр ницы ис, уӕд ӕнӕхъӕнӕй дӕр афтӕ рухс+ уыдзӕн, раст дӕм цыма цырагъы рухс кӕлы». 37  Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд ӕй иу фарисей сӕхимӕ къӕбӕр хӕрынмӕ+ фӕхуыдта. Ӕмӕ сӕм уый дӕр бацыд ӕмӕ фынгыл ӕрбадт. 38  Фӕлӕ хӕрды размӕ йӕ къухтӕ кӕй нӕ ныхсадта*+, ууыл фарисей тынг бадис кодта. 39  Уӕд ын Йесо загъта: «Сымах, фарисейтӕ, къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ ныссыгъдӕг кӕнут, уӕ зӕрдӕты мидӕг+ та, кӕй бастигъат ӕмӕ цы ӕвзӕрдзинад ракӕнат, ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыдытӕ ис+. 40  Куыд ӕнӕмбаргӕ стут! Ӕддейӕ+ цы ис, уый чи сфӕлдыста, мидӕгӕй цы ис, уый дӕр уый не сфӕлдыста? 41  Уӕдӕ, уӕ зӕрдӕты мидӕг цы ис, уымӕй мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнут+, ӕмӕ уӕм уӕд алцыдӕр уыдзӕн сыгъдӕг. 42  Фӕлӕ додой уӕ къона, фарисейтӕ! Битъына, рутӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон кӕрдӕджытӕй дӕсӕм хай+ дӕттут, рӕстдзинад ӕмӕ Хуыцауы уарзын та уӕм нымады дӕр нӕу. Дӕсӕм хай дӕттын уӕ хӕс уыд, фӕлӕ уӕ адӕттӕ дӕр рох кӕнын нӕ хъуыд+. 43  Додой уӕ къона, фарисейтӕ! Сымах уарзут ӕмбырдгӕнӕнты разӕй бадын, стӕй уын цӕмӕй базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой+. 44  Додой уӕ къона! Сымах стут, чи нал зыны, ахӕм ингӕнты* хуызӕн – адӕм сыл рацу-бацу кӕнынц, зонгӕ та йӕ нӕ кӕнынц»+. 45  Уӕд ын, Закъон хорз чи зыдта+, уыдонӕй иу афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг, афтӕ кӕй зӕгъыс, уымӕй мах дӕр ӕфхӕрыс». 46  Уый та йын загъта: «Додой уӕ къона сымахӕн дӕр, Закъон хорз чи зоны! Адӕмыл ӕвӕрут уӕззау уӕргътӕ, уӕхӕдӕг та сӕм уе ’нгуылдзӕй дӕр не ’вналут+. 47  Додой уӕ къона! Сымах, уӕ фыдӕлтӕ кӕй амардтой, уыцы пехуымпартӕн зӕппӕдзтӕ аразут+. 48  Сымах зонут, уӕ фыдӕлтӕ цытӕ фӕкодтой, уый, ӕмӕ уӕм уӕддӕр раст кӕсынц+. Уыдон фӕмардтой+ пехуымпарты, ӕмӕ сымах та уыцы пехуымпартӕн зӕппӕдзтӕ аразут. 49  Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау дӕр йе стыр зондӕй+ загъта: „Арвитдзынӕн сӕм пехуымпарты ӕмӕ апостолты, ӕмӕ дзы кӕйдӕрты амардзысты, кӕйдӕрты фӕстӕ та дзы зилдзысты. 50  Гъемӕ ацы фӕлтӕрӕн фидинаг уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй* нырмӕ+ цы пехуымпарты туг+ ныккалди, уый: 51  Авелы+ тугӕй райдай ӕмӕ, нывондхӕссӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзары ’хсӕн кӕй амардтой+, уыцы Захарийы+ тугӕй фӕу“. Зӕгъын уын: ацы фӕлтӕрӕн уыдзӕн фидинаг. 52  Додой уӕ къона, Закъон хорз чи зоны! Сымах зонындзинӕдты дӕгъӕл уӕхи бакодтат+. Уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут*, ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыд, уыдоны дӕр нӕ бауагътат»+. 53  Гъемӕ уырдыгӕй куы рацыд, уӕд чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йӕ бирӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты фӕрсын райдыдтой, 54  ӕмӕ йӕм гӕппӕввонгӕй лӕууыдысты+, цӕмӕй йӕ ныхасӕй ӕрцахстаиккой+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «хӕсджын нӕ чи у».
Комк. «Хуыцауы ӕнгуылдзӕй».
Комк. «дӕ цӕст хуымӕтӕг куы уа».
Комк. «дӕ цӕст ӕвзӕр куы уа».
Ома ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Кӕс Мч 7:3.
Комк. «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты».
Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.
Ома уӕларвон паддзахадмӕ. Кӕс Мф 23:13.