Лукайы 14:1—35
14 Иу сабатбон Йесо бацыд фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ къӕбӕр хӕрынмӕ+, ӕмӕ дзы чи уыд, уыдон ӕм иууылдӕр лӕмбынӕг кастысты+.
2 Уым уыди доннизӕй рынчын адӕймаг.
3 Гъемӕ Йесо, Закъон хорз чи зыдта, уыдоны ӕмӕ фарисейты бафарста: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»+
4 Фӕлӕ уыдон ницы дзырдтой. Уӕд уыцы лӕгыл йӕ къух ӕрӕвӕрдта, сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йын загъта, ныр ацу, зӕгъгӕ.
5 Уыдонӕн та загъта: «Искӕмӕн уӕ йӕ фырт кӕнӕ йӕ гал сабаты цъайы куы ныххауа+, уӕд ӕй уайтагъд не сласдзӕн?»+
6 Ӕмӕ йын сӕ бон ницы уыд зӕгъын+.
7 Йесо бафиппайдта, уазджытӕй алчидӕр фынгыл уӕлейӕ сбадыныл куыд архайдта, уый, ӕмӕ сын загъта*+:
8 «Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхона, уӕд-иу фынгыл уӕлейӕ ма сбад+. Науӕд уазджытӕй исчи дӕуӕй кадджындӕр куы разына,
9 уӕд дӕм, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый бацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ-ма ацы лӕджы ам бауадз“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй дӕлдӕр абаддзынӕ+.
10 Фӕлӕ дӕ куы фӕхоной, уӕд-иу ацу ӕмӕ-иу фынгыл дӕлейӕ сбад+, цӕмӕй дӕм фысым бацӕуа ӕмӕ дын зӕгъа: „Мӕ хӕлар, уӕлдӕр сбад“. Ӕмӕ дын уӕд иннӕ уазджыты цӕсты уыдзӕни стыр кад+.
11 Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн»+.
12 Уый фӕстӕ фысымӕн дӕр загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕрмӕ искӕй куы хонай, уӕд мадӕр де ’рдхӕрдты фӕхон, мадӕр де ’фсымӕрты, мадӕр дӕ хӕстӕджыты, мадӕр дӕ хъӕздыг сыхӕгты. Кӕннод дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты, ӕмӕ дӕ хорздзинад уымӕй фыст ӕрцӕудзӕн.
13 Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд-иу фӕхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты+.
14 Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидой, уый сӕм нӕй. Дӕ хорздзинад дын фыст ӕрцӕудзӕн, рӕстгӕнджытӕ куы ӕгас кӕной+, уӕд».
15 Уый фехъусгӕйӕ уазджытӕй иу загъта: «Амондджын у, Хуыцауы паддзахады къӕбӕр чи хӕрдзӕн, уый»+.
16 Йесо та йын загъта: «Иу лӕг сфӕнд кодта стыр куывд скӕнын ӕмӕ бирӕ адӕмы фӕхуыдта+.
17 Куывды афон куы ’рцыд, уӕд та, кӕй фӕхуыдта, уыдонмӕ йӕ цагъары арвыста, рацӕут+, алцыдӕр цӕттӕ у, зӕгъгӕ.
18 Фӕлӕ се ’ппӕт дӕр, цыма ӕмдзырд бакодтой, уыйау ӕфсӕнттӕ кӕнын райдыдтой+. Сӕ иу ын афтӕ бакодта: „Зӕхх балхӕдтон, ӕмӕ йӕ хъуамӕ фенон. Хатырӕй мын уӕд“+.
19 Иннӕ та йын загъта: „Дӕс галы* балхӕдтон, ӕмӕ сӕ фӕлварынмӕ цӕуын. Хатырӕй мын уӕд“+.
20 Иу та йын афтӕ бакодта: „Ус нырма гъеныр ракуырдтон+, ӕмӕ мӕ бон ацӕуын нӕу“.
21 Гъемӕ цагъар раздӕхт ӕмӕ уыдӕттӕ иууылдӕр йӕ хицауӕн радзырдта. Уӕд хӕдзары хицау смӕсты ӕмӕ йӕ цагъарӕн загъта: „Тагъддӕр ацу горӕты стыр ӕмӕ гыццыл уынгтӕм, ӕмӕ мӕгуырты, цӕнкуылты, куырмыты ӕмӕ къуылыхты ӕрбакӕн“+.
22 Цасдӕры фӕстӕ цагъар загъта: „Мӕ буц хицау, куыд загътай, афтӕ бакодтон, фӕлӕ ма дзы уӕддӕр бынат ис“.
23 Хицау та йын афтӕ: „Ацу фӕндӕгтӕм+ ӕмӕ къахвӕндӕгтӕм, ӕмӕ тыхӕй дӕр ракӕн адӕмы, цӕмӕй мӕ хӕдзар уазджытӕй байдзаг уа+.
24 Зӕгъын уын: хуынд чи уыд, уыдонӕй иу дӕр мӕ куывды фынгӕй нӕ бахӕрдзӕн“»+.
25 Йесоимӕ фӕндагыл цыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕм иуафон йе ’ргом раздӕхта ӕмӕ сын загъта:
26 «Мӕнмӕ чи ӕрцӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты ӕмӕ суанг йӕ уд*+ дӕр мӕнӕй фылдӕр куы уарза*, уӕд мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы+.
27 Йӕ хъизӕмӕртты хъӕд чи нӕ хӕссы ӕмӕ мӕ фӕдыл чи нӕ цӕуы, уый мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы+.
28 Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн+, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ?
29 Кӕннод бындур куы ӕрӕвӕра, фӕлӕ йӕ йӕ бон кӕронмӕ саразын куы нӕ бауа, уӕд ӕй чи фена, уыдон ыл иууылдӕр худдзысты
30 ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы лӕг аразын райдыдта, фӕлӕ йӕ кӕронмӕ фӕуын йӕ бон не сси“.
31 Кӕнӕ иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ цӕуынвӕнд куы кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ иннӕтимӕ нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн, йӕ ныхмӕ дыууын мин ӕфсӕддонимӕ чи рацӕуы, уымӕн йӕ дӕс мин ӕфсӕддонимӕ йӕ бон исты бауыдзӕн бакӕнын ӕви нӕ?+
32 Кӕд йӕ бон нӕ уа, уӕд, цалынмӕ ма дард у, уӕдмӕ йӕм йӕ минӕвӕртты арвитдзӕн, бафидауӕм, зӕгъгӕ+.
33 Уӕдӕ уын зӕгъын: сымахӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый чи нӕ ныууадза+, уый мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.
34 Цӕхх, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз у. Фӕлӕ йӕ тых куы фесафа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ?+
35 Нӕдӕр дзы сыджыт фӕхъӕздыг кӕнӕн ис, нӕдӕр ӕй фаджысимӕ схӕццӕ кӕндзынӕ. Ӕддӕмӕ йӕ акалынц. Уӕдӕ, хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «ӕрхаста цӕвиттон».
^ Комк. «Фондз цӕды галтӕ».
^ Кӕнӕ «мӕнӕй къаддӕр куы нӕ уарза»; комк. «йе сӕфт куы нӕ уына».
^ Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.