Лукайы 15:1—32

15  Хъалонисджытӕ+ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ+ иууылдӕр цыдысты йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ.  Фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ та хъуыр-хъуыр кодтой: «Ацы лӕг тӕригъӕдджынтӕм кӕсы хорз цӕстӕй ӕмӕ семӕ хӕры»+.  Уӕд сын Йесо ӕрхаста иу ахӕм цӕвиттон:  «Искӕмӕ уӕ сӕдӕ фысы куы уа ӕмӕ йын дзы иу куы фесӕфа, уӕд нӕуӕдз фараст фысы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууадзид ӕмӕ йӕ сӕфт фысы агурӕг нӕ ацӕуид ӕмӕ йӕ цалынмӕ не ссара, уӕдмӕ йӕ нӕ агурид?+  Куы йӕ ссара, уӕд та йӕ йе уӕхсчытыл сӕвӕрдзӕн ӕмӕ цин кӕндзӕн+.  Ӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рцӕуа, уӕд фӕдзурдзӕн йе ’мбӕлттӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Мӕ циныл мын фӕцин кӕнут, чи мын фесӕфт, уыцы фысы ссардтон“+.  Зӕгъын уын: иу тӕригъӕдджын адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕна+, уӕд ууыл, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, уыцы нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй тынгдӕр цин кӕндзысты уӕлӕрвты+.  Кӕнӕ сылгоймагмӕ дӕс драхмӕйы* куы уа ӕмӕ йын дзы иу куы фесӕфа, уӕд цырагъ не ссудздзӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар мӕрзын нӕ райдайдзӕн ӕмӕ йӕ цалынмӕ не ссара, уӕдмӕ йӕ нӕ агурдзӕн?  Куы йӕ ссара, уӕд та фӕдзурдзӕн йе ’мбал сылгоймӕгтӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Мӕ циныл мын фӕцин кӕнут. Цы драхмӕ мӕ фесӕфт, уый ссардтон“. 10  Зӕгъын уын: гъе афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ, иу тӕригъӕдджын дӕр куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд»+. 11  Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты+. 12  Ӕмӕ иу бон кӕстӕр фырт йӕ фыдӕн загъта: „Мӕ фыд, дӕ исбонӕй мӕм цы хай хауы, уый мын ратт“+. Гъемӕ фыд дӕр йӕ исбон+ йӕ фырттыл адих кодта. 13  Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый бамбырд кодта ӕмӕ дард бӕстӕм ацыд. Уым алы ӕвзӕр митыл бафтыд ӕмӕ йӕ мулк бахордта+. 14  Куы ницыуал ӕм баззад, раст уыцы рӕстӕг уыцы бӕстӕйы скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ хъуаг ӕййафын байдыдта. 15  Гъемӕ уӕд ацыд ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕй иумӕ йӕхи ӕххуырстӕй айсын кодта. Уый йӕ арвыста йӕ быдыртӕм хуытӕ хизынмӕ+. 16  Бӕргӕ-иу бӕллыд, йӕ гуыбын хуыты хӕринагӕй уӕддӕр куы бафсӕстаид, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта+. 17  Йӕ рӕдыд куы бамбӕрста, уӕд загъта: „Ай мӕ фыдмӕ дуне ӕххуырстытӕ куы ис, ӕмӕ сын дзул фагӕй дӕр фылдӕр куы ис, ӕз та ам ӕххормагӕй мӕлын! 18  Цӕуон+ мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъон: „Мӕ фыд, ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон Хуыцауы раз* дӕр ӕмӕ дӕ разы дӕр+. 19  Дӕ фырт мӕ хонай, уый аккаг нал дӕн. Фӕлӕ мӕ ӕххуырстӕй айс дӕхимӕ“. 20  Гъемӕ сыстад ӕмӕ йӕ фыдмӕ араст. Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕмӕ йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта. 21  Фырт та йын загъта: „Мӕ фыд, ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ дӕ разы дӕр+. Дӕ фырт мӕ хонай, уый аккаг нал дӕн. Фӕлӕ мӕ ӕххуырстӕй айс дӕхимӕ“+. 22  Фыд та йӕ цагъартӕн загъта: „Рӕвдздӕр! Ӕппӕты хуыздӕр даргъ дарӕс ын рахӕссут ӕмӕ йыл ӕй скӕнут+, йӕ къухыл ын бакӕнут къухдарӕн+, йӕ къӕхтыл та йын скӕнут дзабыртӕ. 23  Ӕмӕ ракӕнут хаст+ уӕныг, аргӕвдут ӕй, ӕмӕ фӕцин-фӕминас кӕнӕм, 24  уымӕн ӕмӕ мын ацы фырт уыд мард, ӕмӕ райгас+, уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд“. Гъемӕ хъазт, минас бацайдагъ. 25  Хистӕр фырт+ та уыцы афон уыди быдыры. Фӕстӕмӕ куы ’рбацӕйцыд ӕмӕ хӕдзармӕ куы баввахс, уӕд фехъуыста цагъд ӕмӕ, чи кафыд, уыдоны хъӕлӕба. 26  Ӕмӕ фӕдзырдта лӕггадгӕнджытӕй иумӕ ӕмӕ йӕ бафарста, цы хабар нӕм ис, зӕгъгӕ. 27  Уый йын дзуапп радта: „Де ’фсымӕр+ ӕрцыд, ӕмӕ дӕ фыд+ хаст уӕныг аргӕвста, фӕстӕмӕ йыл дзӕбӕхӕй кӕй сӕмбӕлд, уый номыл“. 28  Хистӕр фырт тынг смӕсты ӕмӕ мидӕмӕ дӕр нал куымдта. Уӕд ӕм фыд рацыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын байдыдта+. 29  Фӕлӕ йын уый афтӕ бакодта: „Ныр дын уал азы цагъары куыст кӕнын, дӕ ныхасы сӕрты никуы ахызтӕн, ӕмӕ мӕнӕн афтӕ дӕр никуы загътай, мӕнӕ дын сӕныкк ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ абад, зӕгъгӕ+. 30  Хӕлд сылгоймӕгтимӕ+ дын дӕ мулк чи бахордта, уыцы фырт+ та дӕм куыддӕр фӕзынд, афтӕ йын хаст уӕныг аргӕвстай“+. 31  Фыд та йын загъта: „Мӕ хъӕбул, ды ӕдзух мемӕ дӕ, ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕу у+. 32  Фӕлӕ куыннӕ хъуамӕ уӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм, кӕд ӕмӕ де ’фсымӕр уыд мард, ӕмӕ райгас, уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд?“»+

Фиппаинӕгтӕ

Драхмӕ – ӕвзист ӕхца, пайда дзы кодтой грекъӕгтӕ.
Комк. «уӕлӕрвты раз».