Лукайы 2:1—52
2 Уыцы рӕстӕг Ромы паддзах* Августӕй рацыд бардзырд+, цӕмӕй, уыцы паддзахады цы адӕм цард, уыдон иууылдӕр сӕхи ныффыстаиккой.
2 Ацы хабар уыди фыццаг хатт, скодтой йӕ, Сирийы бӕстӕйы хицау Квириний куы уыд, уӕд.
3 Ӕмӕ алчидӕр йӕхи ныффыссынмӕ ацыд+, цы горӕты райгуырд, уырдӕм.
4 Гъемӕ Иосиф дӕр рараст Галилейӕйӕ, горӕт Назаретӕй, ӕмӕ ӕрцыд Иудейӕмӕ, Давиды горӕт Вифлееммӕ+, уымӕн ӕмӕ уыди Давиды мыггаг ӕмӕ хӕдзарвӕндагӕй+.
5 Йемӕ ракодта Марийӕйы+ дӕр, цӕмӕй сӕхи ныффыстаиккой. Уӕдмӕ Марийӕйы ракуырдта+, ӕмӕ йын тагъд хъуамӕ сывӕллон райгуырдаид+.
6 Вифлеемы куы уыдысты, уӕд Марийӕйӕн ӕрцыд йӕ арыны афон,
7 ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, йӕ фыццаг хъӕбул+. Марийӕ йӕ батыхта ӕмӕ йӕ нывӕрдта кӕвдӕсы+, уымӕн ӕмӕ, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат не ссардтой.
8 Уым быдыры цардысты фыййӕуттӕ ӕмӕ ӕхсӕвыгон хъахъхъӕдтой сӕ дзугтӕ.
9 Ӕмӕ ӕваст сӕ разы февзӕрд Йегъовӕйы зӕд+, ӕмӕ Йегъовӕйы кадӕй+ сӕ алыварс бӕстӕ ныррухс, ӕмӕ тынг фӕтарстысты.
10 Фӕлӕ сын зӕд загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз уӕм ӕрхастон, ӕппӕт адӕмы зӕрдӕтӕ дӕр цинӕй чи байдзаг кӕндзӕн, ахӕм хорз хабар+:
11 абон Давиды горӕты+ райгуырд уӕ Ирвӕзынгӕнӕг+, Хицау+ Чырысти!
12 Афтӕ кӕй у, уый базондзыстут уымӕй, ӕмӕ кӕвдӕсы, хӕцъилты тыхтӕй, ссардзыстут ноггуырд сывӕллоны».
13 Ӕмӕ ӕваст уыцы зӕды раз февзӕрд дуне зӕдтӕ*+ ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын+ райдыдтой:
14 «Кад уӕлӕрвты бӕрзондылбадӕг+ Хуыцауӕн! Зӕххыл та, йӕ хорзӕх+ кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн!»+
15 Зӕдтӕ уӕларвмӕ куы аздӕхтысты, уӕд фыййӕуттӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Рӕвдздӕр цомут Вифлееммӕ ӕмӕ, цы ’рцыд, Йегъовӕ+ нын цӕй тыххӕй фӕхабар кодта, уый фенӕм».
16 Гъемӕ уырдӕм атагъд кодтой ӕмӕ дзы ссардтой Марийӕ ӕмӕ Иосифы, ноггуырд та хуыссыд кӕвдӕсы.
17 Фыййӕуттӕ йӕ куы федтой, уӕд рахабар кодтой, сывӕллоны тыххӕй сын цы уыд загъд, уый.
18 Ӕмӕ цы радзырдтой, ууыл иууылдӕр тынг дис кодтой.
19 Марийӕ та сын сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ+.
20 Фыййӕуттӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхтысты, уӕд Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ йӕ бӕрзонд кодтой, уымӕн ӕмӕ, цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой,– ӕппӕт дӕр уыд, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ.
21 Сывӕллоныл аст боны+ куы сӕххӕст ӕмӕ йын сунӕт скӕныны+ афон куы ралӕууыд, уӕд ӕй схуыдтой Йесо+ – гуыбыны дӕр куы нӕма уыд, уӕд зӕд куыд загъта, афтӕ+.
22 Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сӕ сыгъдӕг кӕныны бонтӕ+ куы фесты, уӕд Йесойы ахастой Иерусалиммӕ, Йегъовӕйы размӕ, мӕнӕ ацы сывӕллон дӕу у, зӕгъгӕ,
23 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы закъоны афтӕ фыст у: «Фыццаг цы лӕппу райгуыра, уый хъуамӕ уа Йегъовӕйы»+.
24 Стӕй ма сӕ Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ хъуыди «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны» нывондӕн ӕрхӕссын+.
25 Иерусалимы уыд иу лӕг, Симеон, зӕгъгӕ. Уый уыд рӕстаг, Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау Израилы адӕмӕн удӕнцой+ кӕд ратдзӕн, уымӕ. Уыцы лӕг хайджын уыди Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй.
26 Хуыцау ын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты раргом кодта, зӕгъгӕ, цалынмӕ Йегъовӕйы ӕрвыст Чырыстийы+ нӕ фенай, уӕдмӕ нӕ амӕлдзынӕ.
27 Гъемӕ йӕ сыгъдӕг тых+ ӕрбакодта кувӕндонмӕ. Ӕмӕ Закъоны цы фыст ис, уый сӕххӕст кӕныны тыххӕй гыццыл Йесойы йӕ ныййарджытӕ уырдӕм куы ’рбахастой+,
28 уӕд Симеон сывӕллоны йӕ хъӕбысмӕ райста, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ загъта:
29 «Ныр, Дунедарӕг Хуыцау, куыд загътай, афтӕ дӕ цагъары уадзыс, ӕмӕ ныр фарнимӕ+ ӕрӕнцайдзынӕн,
30 уымӕн ӕмӕ ӕз федтон, адӕмы чи фервӕзын кӕндзӕн, уый+.
31 Ды йӕ ӕрцӕттӕ кодтай, ӕмӕ йӕ федтой ӕппӕт адӕмтӕ+.
32 Уый у, адӕмтыл+ цы ӕмбӕрзӕн+ ис, уый чи сисдзӕн, уыцы рухс+ ӕмӕ дӕ адӕм Израилӕн – йӕ кад».
33 Сывӕллоны тыххӕй Симеон цы загъта, ууыл фыд ӕмӕ мад тынг дис кодтой.
34 Уый фӕстӕ сын Симеон раарфӕ кодта. Фӕлӕ ма Марийӕйӕн, сывӕллоны мадӕн, афтӕ дӕр загъта: «Ацы адӕймаг лӕвӕрд у, цӕмӕй уый тыххӕй Израилы+ иутӕ фӕкӕлой+, иннӕтӕ та сӕ къахыл слӕууой. Ӕмӕ кӕд Хуыцау адӕмӕн диссӕгтӕ равдисдзӕн, цӕмӕй, семӕ кӕй ис, уый феной, уӕддӕр бирӕтӕ йӕ ныхмӕ дзурдзысты+,
35 цӕмӕй раргом уа, бирӕтӕн сӕ зӕрдӕты цы ис, уый+. Ды та дӕхӕдӕг, цыма дӕ зӕрдӕйы* стыр кард ахызт, афтӕ фӕуыдзынӕ»+.
36 Уым уыд ус-пехуымпар Аннӕ дӕр – Фануилы чызг, Асиры мыггагӕй. Аннӕ уыди ацӕргӕ сылгоймаг. Мой скодта ӕрыгонӕй, фӕлӕ йӕ лӕгимӕ авд азы йеддӕмӕ нӕ фӕцард,
37 ӕмӕ идӕдзӕй баззад+. Цӕугӕ та йыл кодта ӕстай цыппар азы. Аннӕ ӕдзух уыд кувӕндоны – ӕхсӕвӕй-бонӕй+ лӕггад кодта Хуыцауӕн, ком даргӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй кувгӕйӕ.
38 Гъемӕ раст уыцы сахат сӕ размӕ бацыд ӕмӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнын райдыдта, ӕмӕ, Иерусалимы ирвӕзындзинадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзырдта сывӕллоны тыххӕй+.
39 Йегъовӕйы закъон+ куыд амыдта, ӕппӕт дӕр афтӕ куы бакодтой, уӕд аздӕхтысты Галилейӕмӕ, кӕм цардысты, уыцы горӕт Назаретмӕ+.
40 Ӕмӕ сывӕллон рӕзыд, фидарӕй-фидардӕр кодта+, бонӕй-бонмӕ йӕ зондыл ӕфтыд, ӕмӕ йыл Хуыцау аудыдта+.
41 Йӕ ныййарджытӕ алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ+ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ.
42 Йесойыл дыууадӕс азы куы цыди, уӕд дӕр та бӕрӕгбоны ӕгъдаумӕ+ гӕсгӕ уырдӕм ацыдысты.
43 Ӕмӕ цалынмӕ бӕрӕгбон нӕ фӕци, уӕдмӕ уыдысты уым. Фӕстӕмӕ куы раздӕхтысты, уӕд ӕнахъом Йесо Иерусалимы баззад, йӕ ныййарджытӕ та йӕ нӕ базыдтой.
44 Афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ се ’мбӕлццӕттимӕ цӕуы, ӕмӕ афтӕ иу бон фӕцыдысты+. Стӕй йӕ уӕд сӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕ зонгӕты ’хсӕн агурын райдыдтой.
45 Ӕмӕ йӕ куы не ссардтой, уӕд фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты, ӕмӕ йӕ уым дӕр фӕцагуырдтой
46 ӕмӕ йӕ ӕртӕ боны фӕстӕ ссардтой кувӕндоны+ – уым ахуыргӕнджыты ’хсӕн бадт ӕмӕ сӕм хъуыста ӕмӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта.
47 Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ+.
48 Йӕ ныййарджытӕ йӕ уым куы федтой, уӕд дисы бафтыдысты, ӕмӕ йын йӕ мад афтӕ бакодта: «Хъӕбул, уый нын цы ми бакодтай? Дӕ фыдимӕ дӕу агурынӕй нӕ сӕрӕн куы ницыуал зыдтам».
49 Фӕлӕ сын уый загъта: «Ӕмӕ мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, ӕз мӕ Фыды хӕдзары кӕй дӕн? Ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаин?»+
50 Фӕлӕ афтӕ цӕмӕн загъта, уый нӕ бамбӕрстой+.
51 Ӕмӕ семӕ рацыд ӕмӕ ӕрцыдысты Назаретмӕ, ӕмӕ сын уыд коммӕгӕс+. Йӕ мад та уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр йӕ зӕрдыл бадардта+.
52 Йесо та зондджынӕй-зондджындӕр кодта+ ӕмӕ рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «цезӕр», ома Ромы император.
^ Комк. «ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад».
^ Комк. «уды» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.