Лукайы 20:1—47

20  Иу бон та Йесо адӕмы кувӕндоны куы ахуыр кодта ӕмӕ хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд ӕм бацыдысты сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ+  ӕмӕ йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕцӕй дӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар? Ахӕм бар дын чи радта?»+  Уый та сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн, ӕмӕ мын дзуапп раттут+:  Иоанмӕ донаргъуыд дӕттыны бар уӕларвӕй уыд ӕви йын ӕй адӕм радтой?»+  Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нын зӕгъдзӕн, ӕмӕ йыл уӕд цӕуылнӕ баууӕндыдыстут, зӕгъгӕ+.  Афтӕ куы зӕгъӕм: „Адӕм ын радтой уыцы бар“, уӕд та нӕ адӕм иууылдӕр дуртӕй амардзысты+, уымӕн ӕмӕ Иоанны+ пехуымпарыл нымайынц»+.  Ӕмӕ йын дзуапп радтой, нӕ йӕ зонӕм, кӕцӕй йӕм уыд уыцы бар, зӕгъгӕ.  Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Гъемӕ уын ӕй ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар мӕм кӕцӕй ис»+.  Стӕй адӕмӕн радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Иу лӕг скодта сӕнӕфсирдон+ ӕмӕ йӕ радта ӕххуырст кусджытӕм, йӕхӕдӕг та цасдӕр рӕстӕгмӕ ацыди ӕндӕр бӕстӕм+. 10  Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд сӕнӕфсирдоны кусджытӕм+ йӕ цагъары арвыста+, цӕмӕй йын сӕнӕфсирӕй хай раттаиккой+. Фӕлӕ йӕ уыдон фӕнадтой ӕмӕ йӕ афтидкъухӕй рарвыстой+. 11  Арвыста та сӕм ӕндӕр цагъары дӕр. Ӕмӕ уый дӕр фӕнадтой, фӕхынджылӕг дзы кодтой ӕмӕ йӕ афтидкъухӕй рарвыстой+. 12  Уый фӕстӕ сӕм арвыста ӕртыккаджы дӕр+, фӕлӕ та уый дӕр фӕхостой ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ раппӕрстой. 13  Уӕд сӕнӕфсирдоны хицау загъта: „Ныр куыд бакӕнон? Цӕй ӕмӕ сӕм мӕ уарзон фырты арвитон+. Кӕд уымӕй уӕддӕр фефсӕрмы уаиккой“. 14  Фӕлӕ йӕ кусджытӕ куы ауыдтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай бындар у. Амарӕм ӕй, цӕмӕй сӕнӕфсирдон мах бауа!“+ 15  Гъемӕ йӕ сӕнӕфсирдонӕй раппӕрстой+ ӕмӕ йӕ амардтой+. Куыд уӕм кӕсы, сӕнӕфсирдоны хицау уыцы кусджытӕн цы бакӕндзӕн?+ 16  Ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзӕн, сӕнӕфсирдон та ратдзӕн ӕндӕртӕм»+. Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Хуыцау бахизӕд!» 17  Фӕлӕ сӕм уый бакаст ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ Фыстады мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц: „Аразджытӕ цы дур аппӕрстой+, уый сси фисыны сӕйраг дур“?+ 18  Уыцы дурыл чидӕриддӕр ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн+. Дур йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа+, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн»+. 19  Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ бамбӕрстой, уыцы фӕсномыг ныхасы сӕ кой кӕй кодта, ӕмӕ йӕ хъавыдысты тӕккӕ уыцы сахат ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты+. 20  Уӕд ӕм иуцасдӕр сӕ хъус фӕдардтой, ӕмӕ уый фӕстӕ кӕимӕдӕрты баныхас кодтой, цӕмӕй сӕхи афтӕ равдыстаиккой, цыма алцыдӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнынц, ӕмӕ йӕ ныхасӕй ӕрцахстаиккой+, цӕмӕй йӕ стӕй хицауады ӕмӕ бӕстӕйы хицауы къухтӕм раттаиккой+. 21  Гъемӕ йӕм уыдон дӕр бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды алцыдӕр раст дзурыс ӕмӕ раст ахуыр кӕныс ӕмӕ хъулон никӕй кӕныс. Ды Хуыцауы фӕндаг раст амоныс+. 22  Зӕгъ-ма нын, паддзахӕн* нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»+ 23  Фӕлӕ сын уый сӕ хиндзинад бамбӕрста ӕмӕ сын загъта+: 24  «Равдисут-ма мӕм динар*. Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Паддзахы»+. 25  Ӕмӕ сын уӕд уый дӕр загъта: «Гъемӕ уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут+, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн»+. 26  Ӕмӕ йӕ адӕмы раз сӕ бон нӕ баци ныхасӕй ӕрцахсын. Уый нӕ, фӕлӕ ма сӕ йӕ дзуапп дисы бафтыдта, ӕмӕ ницыуал загътой+. 27  Уӕд та йӕм бацыдысты саддукейтӕй чидӕртӕ,– уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты+, зӕгъгӕ,– ӕмӕ йӕ бафарстой: 28  «Ахуыргӕнӕг, Моисей+ ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр+ хъуамӕ ракура йӕ усы ӕмӕ йӕ мард ӕфсымӕрӕн зӕнӕг рауадза“+. 29  Цардис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ракуырдта, фӕлӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амарди+. 30  Уый фӕстӕ уыцы сылгоймаджы ракуырдта дыккаг, 31  стӕй ӕртыккаг ӕфсымӕр. Ӕмӕ йӕ авд ӕфсымӕры дӕр ракуырдтой, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр ӕнӕзӕнӕгӕй амардысты+. 32  Ӕппынфӕстаг амарди сылгоймаг дӕр+. 33  Ӕмӕ ныр, мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд дзы кӕцыйы ус уыдзӕн? Авды бинойнаг дӕр куы уыди»+. 34  Уӕд сын Йесо дзуапп радта: «Ацы дунейы адӕм устытӕ курынц+ ӕмӕ чындзы цӕуынц. 35  Ӕрцӕуинаг дунейы*+ цӕрыны аккаг чи суа+ ӕмӕ мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон+ та нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты. 36  Ӕмӕ мӕлгӕ дӕр нал кӕндзысты+, уымӕн ӕмӕ уыдзысты зӕдты хуызӕн. Уыдон уыдзысты Хуыцауы хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау райгас кӕндзӕн+. 37  Мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕнынц, уый та Моисей дӕр равдыста, сындзы къутӕры кой кӕнгӕйӕ+, Йегъовӕйы „Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“ куы схуыдта, уӕд+. 38  Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ уымӕн иууылдӕр удӕгас сты»+. 39  Уӕд ын чиныджыдӕснытӕй чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, хорз загътай». 40  Ӕмӕ ма йӕ истӕмӕй бафарстаиккой, уымӕ сӕ ныфс нал хастой. 41  Уӕд сын загъта: «Афтӕ цӕмӕн дзурынц, зӕгъгӕ, Чырысти Давиды фырт у?+ 42  Псаломты чиныджы Давид йӕхӕдӕг афтӕ куы зӕгъы, зӕгъгӕ, „Йегъовӕ мӕ Хицауӕн загъта: „Бад мӕ рахиз фарс, 43  цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“+. 44  Уӕдӕ йӕ Давид хоны йӕ Хицау, ӕмӕ уӕд йӕ фырт куыд у?» 45  Уый фӕстӕ, адӕм ӕм иууылдӕр куы хъуыстой, уӕд, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта+: 46  «Уӕхи хъахъхъӕнут чиныджыдӕснытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын, стӕй ма сын цӕмӕй базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой, уый дӕр. Уарзынц ӕмбырдгӕнӕнты разӕй бадын, фынгтыл та – уӕлейӕ+. 47  Идӕдз устытӕн сӕ муртӕ хӕрынц+ ӕмӕ адӕмы цӕстмӕ бирӕ фӕкувынц. Уыдон уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цезӕрӕн», ома Ромы императорӕн.
Кӕс Мф 20:2, фип.
Комк. «Уыцы цардӕвӕрды».