Лукайы 21:1—38
21 Уӕд Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ федта, хъӕздгуытӕ ӕхцавӕрӕнты мысайнӕгтӕ куыд ӕппӕрстой, уый+.
2 Стӕй йӕ цӕст ӕрхӕцыд, дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы* чи ныппӕрста, иу ахӕм мӕгуыр идӕдз усыл+,
3 ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын: уӕртӕ уыцы идӕдз ус, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста+.
4 Уыдон мысайнӕгтӕ уый тыххӕй ӕппӕрстой, ӕмӕ сӕм фагӕй фылдӕр ис. Уыцы идӕдз ус та, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр ныппӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ»+.
5 Фӕстӕдӕр, чидӕртӕ кувӕндоны тыххӕй куы дзырдтой, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ, адӕм Хуыцауы номыл лӕварӕн цы ’рхастой, уыдӕттӕй куыд фидауы, зӕгъгӕ+,
6 уӕд сын загъта: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, ам цы уынут, уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн»+.
7 Уӕд ӕй уыдон бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ ӕмӕ, кӕд хъуамӕ ӕрцӕуой, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг*?»+
8 Йесо сын загъта: «Кӕсут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа+, уымӕн ӕмӕ мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“ ӕмӕ „Уыцы рӕстӕг ӕввахс у“+. Сӕ фӕдыл-иу ма ацӕут.
9 Стӕй, хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты тыххӕй куы хъусат, уӕд-иу ма тӕрсут+. Уымӕн ӕмӕ уал фыццаг хъуамӕ уыдӕттӕ ӕрцӕуой, фӕлӕ кӕрон уайтагъд не ’рцӕудзӕн».
10 Уый фӕстӕ сын загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ+, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ+.
11 Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг+. Стӕй уындзысты ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕмӕ арвыл стыр диссӕгтӕ+.
12 Фӕлӕ уал уӕ ӕппӕт ацы хабӕртты размӕ ахсдзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл зилдзысты+, бакӕндзысты-иу уӕ ӕмбырдгӕнӕнтӕм ӕмӕ-иу уӕ ахӕстӕтты баппардзысты. Мӕ номы тыххӕй уӕ ӕрлӕууын кӕндзысты паддзӕхты раз ӕмӕ хицӕутты раз+.
13 Ӕмӕ уын уыдзӕни фадат хорз хабар хъусын кӕнынӕн+.
14 Гъемӕ уӕхицӕн фидарӕй зӕгъут, цы дзуапп ратдзыстут, ууыл рагацау кӕй нӕ хъуыды кӕндзыстут+,
15 уымӕн ӕмӕ уын ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ ахӕм зонд ратдзынӕн, ӕмӕ, уе знӕгтӕ иууылдӕр куы баиу уой, уӕддӕр сӕ бон нӕ бауыдзӕн уӕ ныхмӕ фӕлӕууын кӕнӕ уӕ ныхмӕ исты зӕгъын+.
16 Ӕмӕ уыл суанг уӕ ныййарджытӕ+, уе ’фсымӕртӕ, уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уӕ хӕлӕрттӕ дӕр гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ уӕ кӕйдӕрты мӕлӕтмӕ дӕр ратдзысты+.
17 Ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй иууылдӕр се сӕфт уындзысты+.
18 Фӕлӕ сымахӕн уӕ сӕрӕй иу хъуын+ дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн.
19 Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ*+.
20 Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты+, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, йе сӕфт кӕй ӕрхӕстӕг+.
21 Уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Иерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алыварс цы хъӕутӕ ис, уым чи уа, уыдон та горӕтмӕ ма бацӕуӕнт+,
22 уымӕн ӕмӕ уыцы бонтӕ уыдзысты мастисӕн бонтӕ, цӕмӕй, фыст цы у, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст уой+.
23 Мӕгуыры бон уыдзӕн уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл+, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххыл фыдзаман скӕндзӕн ӕмӕ ацы адӕмыл Хуыцау йӕ маст ныккалдзӕн.
24 Кардӕй цагъды фӕуыдзысты ӕмӕ сӕ алы адӕмтӕм уацары акӕндзысты+, ӕмӕ Иерусалим адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ адӕмтӕн сӕ рӕстӕг нӕ фӕуа, уӕдмӕ+.
25 Стӕй уӕд адӕм уындзысты ӕнахуыр диссӕгтӕ хур+, мӕй ӕмӕ стъалытыл. Зӕххыл та адӕм хъизӕмар кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ абухгӕ денджызы+ хъӕрӕй сӕ сӕрӕн ницыуал зондзысты+.
26 Ӕмӕ адӕм фыртӕссӕй+ ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты+, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты+.
27 Ӕмӕ уӕд фендзысты Адӕймаджы Фырты+ мигъыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ+.
28 Фӕлӕ ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ цӕуын куы райдайой, уӕд-иу уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг».
29 Уый фӕстӕ сын ӕрхаста цӕвиттон: «Акӕсут-ма легъуибӕласмӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ бӕлӕстӕм+.
30 Къуыбыр куы ракалынц, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы+.
31 Уӕдӕ куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг+.
32 Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр дӕр ма ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ+.
33 Арв ӕмӕ зӕхх куы нал уой+, уӕддӕр мӕ ныхӕстӕ ӕрцӕудзысты+.
34 Сымах та уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт+ ӕмӕ царды сагъӕстӕй+ ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа+,
35 ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат+. Уымӕн ӕмӕ уыцы бон, зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕййафдзӕн+.
36 Уӕдӕ ма бафынӕй ут+. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут+, цӕмӕй уӕ бон бауа, ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын»+.
37 Гъемӕ-иу бонӕй кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта+, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу йе ’хсӕв, Оливӕбӕлӕсты хох кӕй хонынц, уым арвыста+.
38 Ӕмӕ-иу адӕм+ иууылдӕр райсомӕй раджы кувӕндонмӕ йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ ӕрбацыдысты.