Лукайы 24:1—53

24  Къуырийы фыццаг бон* та райсомӕй раджы зӕппадзмӕ ацыдысты ӕмӕ семӕ ахастой, цы хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон+.  Куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, зӕппадзы бахизӕны чи уыд, уыцы дур иуварс фӕлдӕхтӕй кӕй лӕууы+.  Ӕмӕ мидӕмӕ куы бахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ Хицау Йесойы мард уым нӕй+.  Ӕмӕ сагъӕстыл куыд фесты, афтӕ сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы цӕхӕркалгӕ дарӕсы+.  Сылгоймӕгтӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ сӕртӕ уӕлӕмӕ дӕр нал истой, фӕлӕ сын уыцы лӕгтӕ загътой: «Удӕгасы мӕрдты ’хсӕн цӕмӕн агурут?  [Ам нӕй – райгас.]*+ Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Галилейӕйы ма куы уыд, уӕд уын цы дзырдта+,  зӕгъгӕ, Адӕймаджы Фырты ратдзысты тӕригъӕдджынты къухтӕм ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтындздзысты, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн»+.  Ӕмӕ уӕд йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты+,  ӕмӕ уырдыгӕй раздӕхтысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр радзырдтой йӕ иуӕндӕс апостолӕн ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн+. 10  Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты Марийӕ Магдалинӕ, Иоаннӕ+ ӕмӕ Иаковы мад Марийӕ. Ӕмӕ ма семӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ+ дӕр дзырдтой ацы хабӕрттӕ апостолтӕн. 11  Фӕлӕ уыдонмӕ сылгоймӕгты ныхӕстӕ фӕкастысты дзӕгъӕл дзӕнгӕда, ӕмӕ сыл нӕ баууӕндыдысты+. 12  [Петр та сыстад ӕмӕ зӕппадзмӕ азгъордта. Куы ӕргуыбыр кодта ӕмӕ мидӕмӕ куы бакаст, уӕд дзы хӕцъилтӕ йеддӕмӕ ницы федта. Гъемӕ уырдыгӕй рацыд, цы ’рцыди, ууыл дисгӕнгӕйӕ.]* 13  Тӕккӕ уыцы бон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ фӕцӕйцыд, Иерусалимӕй иуӕндӕс километры бӕрц кӕмӕ хъуыд, уыцы хъӕумӕ, Еммаус, зӕгъгӕ. 14  Ӕмӕ фӕндагыл, цытӕ ’рцыд, уыдӕттыл ныхас кодтой+. 15  Куыд ныхас кодтой, афтӕ сӕм Йесо ӕрбаиу+ ӕмӕ йӕ фӕндаг семӕ акодта. 16  Фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой+. 17  Уӕд сӕ бафарста: «Цӕуыл ныхас кӕнут?» Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты, 18  ӕмӕ йын сӕ иу, Клеопӕ, зӕгъгӕ, дзуапп радта: «Ӕвӕццӕгӕн, Иерусалимы ӕрцӕуӕггаг дӕ ӕмӕ дзы хибарӕй цӕрыс. Ацы бонты дзы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй куыннӕ фехъуыстай?» 19  Уый та сӕ бафарста: «Ома цавӕр хабӕрттӕ?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы тыххӕй+. Уый хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр сси тыхджын пехуымпар+ Хуыцауы раз ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз. 20  Нӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ йын нӕ разамонджытӕ та мӕлӕты тӕрхон рахӕссын кодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой+. 21  Мах та ӕнхъӕл уыдыстӕм, ӕмӕ уый, Израилы чи хъуамӕ ссӕрибар кӕна, уыцы адӕймаг у+. Стӕй ныр уыцы хабӕрттыл ӕртыккаг бон цӕуы. 22  Уымӕй уӕлдай ма нӕ нӕ сылгоймӕгтӕй+ дӕр чидӕртӕ дисы бафтыдтой: райсомӕй раджы зӕппадзмӕ ацыдысты, 23  фӕлӕ йын йӕ мард не ссардтой. Ӕмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ нын радзырдтой, зӕгъгӕ, дам, нӕм зӕдтӕ дӕр фӕзындысты ӕмӕ нын загътой, удӕгас, дам, у. 24  Уӕд нӕхицӕй дӕр чидӕртӕ ацыдысты зӕппадзмӕ+, ӕмӕ, сылгоймӕгтӕ куыд загътой, ӕппӕт дӕр уыд афтӕ, фӕлӕ йын йӕхи нӕ федтой». 25  Уӕд сын уый загъта: «Куыд ӕнӕмбаргӕ стут, пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут!+ 26  Цӕмӕй Чырысти скадджын уыдаид+, уый тыххӕй ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ ма бавзӕрстаид?»+ 27  Ӕмӕ сын уӕд Моисейы+ чингуытӕй ӕмӕ Пехуымпарты+ чингуытӕй се ’ппӕтӕй дӕр райдыдта ӕмбарын кӕнын, ӕппӕт Фыстады йӕхи тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ. 28  Уӕдмӕ, сӕ фӕндаг цы хъӕумӕ дардтой, уымӕ бахӕццӕ сты, ӕмӕ Йесо йӕхи дарддӕр цӕуӕг скодта. 29  Фӕлӕ йӕм уыдон ныххатыдысты: «Немӕ ӕрлӕуу, уымӕн ӕмӕ тагъд баизӕр уыдзӕн, бонӕй бирӕ нал баззад». Ӕмӕ уый дӕр бацыд хъӕумӕ ӕмӕ семӕ ӕрлӕууыд. 30  Ӕмӕ семӕ фынгыл куы бадт, уӕд райста дзул, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта+. 31  Уӕд уыдон бамбӕрстой, чи уыд, уый ӕмӕ йӕ базыдтой, фӕлӕ уӕдмӕ ӕрбацыдӕр+. 32  Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, немӕ фӕндагыл куы ныхас кодта ӕмӕ нын Фыстад куы ’мбарын кодта, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуы нӕ сыгъдысты?» 33  Гъемӕ раст уыцы сахат сыстадысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты, ӕмӕ уым иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы иннӕтимӕ ӕмбырдӕй баййӕфтой. 34  Уыдон загътой: «Хицау ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ Симонмӕ фӕзынд!»+ 35  Уӕд сын сӕхӕдӕг дӕр радзырдтой, фӕндагыл сыл цы ’рцыд ӕмӕ, Йесо дзул куыд ӕрсаста, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыд базыдтой, уыцы хабӕрттӕ+. 36  Ӕмӕ уыдӕттыл куыд ныхас кодтой, афтӕ йӕхӕдӕг дӕр сӕ астӕу ӕрлӕууыд [ӕмӕ сын загъта: «Фарнӕй хайджын ут!»]* 37  Фӕлӕ уыдон банхъӕлдтой, ӕмӕ сӕм зӕд* фӕзынд, ӕмӕ тынг фӕтарстысты+. 38  Уӕд сын Йесо загъта: «Цӕмӕй фӕтарстыстут ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдыдтат? 39  Мӕнӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ къӕхтӕм ӕрбакӕсут: уый ӕз дӕн. Бавналут+ мӕм ӕмӕ йӕ бамбардзыстут, уымӕн ӕмӕ зӕдӕн фыд ӕмӕ стӕгӕй+ буар нӕй, ӕз та, куыд уынут, афтӕмӕй фыд ӕмӕ стӕгӕй конд дӕн». 40  [Уый куы загъта, уӕд сӕм равдыста йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ.]* 41  Фӕлӕ сӕ фырцинӕй уӕддӕр куы нӕма уырныдта+ ӕмӕ куы дис кодтой, уӕд сын загъта: «Хӕринаг уӕм ницы ис?»+ 42  Ӕмӕ йӕм зынгылфых кӕсаджы хай авӕрдтой+. 43  Уый йӕ райста ӕмӕ йӕ сӕ разы бахордта+. 44  Уый фӕстӕ сын загъта: «Хъуыды ма йӕ кӕнут, уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын куыд дзырдтон+, Моисейы закъоны, Пехуымпарты+ чингуыты ӕмӕ Псаломты+ мӕн тыххӕй цы фыст ис, уыдон иууылдӕр кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой?» 45  Уӕд сын сӕ зонд бынтондӕр байгом кодта, цӕмӕй Фыстад бамбӕрстаиккой+, 46  ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ фыст у, зӕгъгӕ, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдзӕн+, 47  ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр йӕ номӕй хъусын кӕндзысты+, зӕгъгӕ, уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уын хатыргонд ӕрцӕудзысты+. Гъемӕ Иерусалимы+ дӕр, ӕмӕ стӕй иннӕ рӕтты дӕр 48  хъусын кӕнут+, цы федтат, уыдӕттӕ. 49  Ӕз уыл ӕруадздзынӕн, мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Сымах та уал горӕты лӕуут, цалынмӕ уыл уӕларвӕй тых не ’рцӕуа, уӕдмӕ»+. 50  Стӕй сӕ уырдыгӕй акодта Вифанийы онг, ӕмӕ уым йӕ къухтыл хӕрдмӕ схӕцыд ӕмӕ сын раарфӕ кодта+. 51  Арфӕ сын куыд кодта, афтӕ сӕ фӕхицӕн ӕмӕ уӕларвмӕ цӕуын байдыдта+. 52  Уӕд ын уыдон сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой ӕмӕ цингӕнгӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты+. 53  Ӕмӕ ӕдзухдӕр уыдысты кувӕндоны ӕмӕ Хуыцауӕн арфӕ кодтой+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Мф 28:1, фип.
Кӕс Лк 23:34, фип.
Кӕс Лк 23:34, фип.
Кӕс Лк 23:34, фип.
Комк. «уд; тых». Кӕс 39 ст. дӕр.
Кӕс Лк 23:34, фип.