Лукайы 8:1—56

8  Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесо араст ӕмӕ горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл зылди ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта+. Йемӕ уыдысты йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы,  стӕй, дӕлимонты кӕмӕй расырдта ӕмӕ сӕ низтӕй кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймӕгтӕй+ чидӕртӕ: Магдалинӕ кӕй хуыдтой, уыцы Марийӕ – авд дӕлимоны кӕмӕй рацыд, уый+,  Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Хузӕйы ус Иоаннӕ+, Сусаннӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон Йесойӕн ӕмӕ йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн, цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой.  Уый фӕстӕ Йесомӕ ӕрбамбырд бирӕ адӕм, уыимӕ, иу горӕтӕй иннӕ горӕтмӕ йемӕ чи цыди, уыдон дӕр, ӕмӕ сын радзырдта фӕсномыг ныхас+:  «Иу бон тауӕг рацыд хор тауынмӕ. Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон ӕмӕ къӕхты бын фесты, ӕмӕ сӕ мӕргътӕ рауыгътой+.  Иннӕтӕ ӕрхаудысты къӕдзӕхыл, ӕмӕ ӕвзар куы суагътой, уӕд донхъуагӕй бахус сты+.  Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты сындзыты ’хсӕн. Сындзытӕ дӕр семӕ ссыдысты ӕмӕ сӕ рӕзын нал суагътой+.  Нӕмгуытӕй ӕрхауди хорз зӕххыл дӕр, ӕмӕ куы равзӕрдысты, уӕд радтой тыллӕг сӕдӕ хатты фылдӕр»+. Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд»+.  Уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕрсын байдыдтой, уыцы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, зӕгъгӕ+. 10  Уый сын загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Хуыцауы паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ ӕмбарыны хъомыс, иннӕтӕн та сты ӕрмӕстдӕр фӕсномыг ныхӕстӕ+, цӕмӕй кӕсой, фӕлӕ мацы уыной, хъусой, фӕлӕ йӕ ма ӕмбарой+. 11  Фӕсномыг ныхас+ та мӕнӕ цы нысан кӕны: нӕмыг у Хуыцауы дзырд+. 12  Фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон сты ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ дзырд фехъусынц+, фӕлӕ уый фӕстӕ Хӕйрӕг+ ӕрбацӕуы ӕмӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕтӕй ахӕссы, цӕмӕй ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой+. 13  Къӕдзӕхыл цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон сты ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ дзырд куы фехъусынц, уӕд ӕй сӕ зӕрдӕмӕ цингӕнгӕ айсынц, фӕлӕ сын уидаг нӕ вӕййы. Ӕмӕ иуцасдӕр феууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд та уырнындзинадӕй фӕиппӕрд вӕййынц+. 14  Сындзыты ’хсӕн цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон сты ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ дзырд фехъусынц, фӕлӕ ацы царды сагъӕстыл, хъӕздыгдзинадыл ӕмӕ ирхӕфсӕнтыл+ свӕййынц ӕмӕ нал сырӕзынц, гъемӕ кӕронмӕ ницы ахӕццӕ кӕнынц+. 15  Хорз зӕххыл цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон та сты, хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ+ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ: уыдон дзырд куы фехъусынц, уӕд ӕй сӕ зӕрдӕты арф нывӕрынц ӕмӕ, фӕразон кӕй вӕййынц+, уый фӕрцы раттынц тыллӕг. 16  Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй барӕн къусӕй нӕ ӕрӕмбӕрзынц кӕнӕ йӕ сынтӕджы бын нӕ бавӕрынц, фӕлӕ йӕ сӕвӕрынц цырагъдарӕныл, цӕмӕй, мидӕмӕ чи хиза, уыдонӕн рухс кӕна+. 17  Ахӕм сусӕгдзинад нӕй+, ӕмӕ ма раргом уа, ницы у афтӕ арф ӕмбӕхст, ӕмӕ йӕ макуы базоной ӕмӕ макуы рахъӕр уа+. 18  Гъемӕ уӕдӕ, куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр+. Кӕмӕ нӕй, уымӕн та байсдзысты, ис мӕм, зӕгъгӕ, цӕмӕй ӕнхъӕл у, уый дӕр»+. 19  Уыцы рӕстӕг Йесомӕ ӕрбацыдысты йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ+, фӕлӕ йӕм адӕмӕй хӕстӕг бацӕуын сӕ бон нӕ баци+. 20  Уӕд ын фӕхабар кодтой: «Уӕртӕ дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ ӕддейӕ лӕууынц, дӕ фенын сӕ фӕнды»+. 21  Фӕлӕ сын уый загъта: «Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты мӕ мад ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ»+. 22  Иу бон куы уыди, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады фаллаг фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты+. 23  Фӕндагыл Йесо бафынӕй. Уӕдмӕ тыхдымгӕ сыстад ӕмӕ сӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта, ӕмӕ сӕ хабар хорз нал уыди+. 24  Уӕд ӕм бацыдысты, хъал кӕнын ӕй байдыдтой ӕмӕ йын дзырдтой: «Ахуыргӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм!»+ Йесо райхъал, сыстад, ӕмӕ дымгӕ ӕмӕ абухгӕ донӕн бауайдзӕф кодта+, ӕмӕ банцадысты. Ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр. 25  Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Фӕлӕ уыдон фӕтарстысты, ӕмӕ ма фырдиссагӕй кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай чи у, дымгӕ ӕмӕ донӕн дӕр барджынӕй куы дзуры ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсынц?»+ 26  Ӕмӕ бахӕццӕ сты донӕн йӕ иннӕ фарсмӕ, Герасӕйы бӕстӕм – уый уыд Галилейӕйы акомкоммӕ+. 27  Ӕмӕ Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд йӕ размӕ фӕци, хӕйрӕджытӕ кӕй мидӕг уыд, иу ахӕм адӕймаг, уыди хӕстӕг горӕтӕй. Ныр иуцасдӕр йӕ уӕлӕ дзаума нӕ дардта, стӕй цӕргӕ дӕр хӕдзары нӕ кодта, фӕлӕ зӕппӕдзты ’хсӕн+. 28  Ӕмӕ куыддӕр Йесойы ауыдта, афтӕ ныцъцъӕхахст кодта, стӕй йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй+, Йесо, Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт? Лӕгъстӕ дын кӕнын, хъизӕмарӕй мӕ ма мар»+. 29  Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ Йесо дӕлимонӕн карзӕй дзырдта, лӕгӕй рацу, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕймаджы рагӕй дӕр йӕ ахӕсты дардта+, ӕмӕ-иу ӕй кӕд рӕхыстӕй сбастой, хъадамантӕ дӕр-иу ыл бакодтой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдтой, уӕддӕр-иу сӕ атыдта, ӕмӕ та-иу ӕй дӕлимон ӕдзӕрӕг ранмӕ акодта. 30  Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый йын загъта: «Ӕфсад», уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ хӕйрӕджытӕ бацыд+. 31  Гъемӕ уыцы хӕйрӕджытӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодтой+, дӕлдзӕхмӕ нӕ ма арвит, зӕгъгӕ+. 32  Уыцы рӕстӕг уым хохыл хызти бирӕ хуытӕ+, ӕмӕ йын хӕйрӕджытӕ ныллӕгъстӕ кодтой, бар нын ратт, ӕмӕ хуыты бацӕуӕм, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ сын уый дӕр бар радта. 33  Уӕд уыдон дӕр лӕгӕй рацыдысты ӕмӕ хуыты мидӕг бацыдысты. Ӕмӕ хуытӕ былмӕ ныййарц сты, уырдыгӕй сӕхи цадмӕ аппӕрстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты+. 34  Хуыгӕстӕ та, цы ’рцыд, уый куы федтой, уӕд азгъордтой ӕмӕ хабар горӕты ӕмӕ хъӕуты радзырдтой+. 35  Уӕд адӕм фӕфӕдис сты, цы ’рцыди, зӕгъгӕ, ӕмӕ Йесомӕ ӕрбацыдысты. Ӕмӕ йын йӕ къӕхты раз бадгӕ баййӕфтой, хӕйрӕджытӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы адӕймаджы дарӕсы мидӕг, йӕ зонд йӕхимӕ, афтӕмӕй. Ӕмӕ сӕ тас бацыд+. 36  Хабар йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон сын радзырдтой, хӕйрӕджджын лӕг куыд сдзӕбӕх, уый+. 37  Гъемӕ, Герасӕйы алыварс бӕстӕй цы бирӕ адӕм ӕрцыд, уыдоны стыр тас бацыди+, ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодтой, ардыгӕй ацу, зӕгъгӕ. Уӕд уый дӕр бӕлӕгъы сбадт, цӕмӕй уырдыгӕй ацыдаид. 38  Хӕйрӕджытӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы лӕг та йын лӕгъстӕ кодта, демӕ мӕ ауадз, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ Йесо фӕстӕмӕ арвыста ӕмӕ йын загъта+: 39  «Уӕхимӕ аздӕх ӕмӕ дзур, Хуыцау дын цы хорздзинад ракодта, уый тыххӕй»+. Уый дӕр ацыд ӕмӕ йын Йесо цы хорздзинад ракодта, уый тыххӕй дзырдта ӕгас горӕты дӕр+. 40  Йесо фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ыл адӕм тынг бацин кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕм се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты+. 41  Раст уыцы рӕстӕг Йесомӕ ӕрбацыд иу лӕг, Иаир, зӕгъгӕ, ӕмбырдгӕнӕны хистӕр, йӕ разы ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, ӕрбацу-ма нӕм, зӕгъгӕ+, 42  уымӕн ӕмӕ йӕ иунӕг чызг,– цыдаид ыл дыууадӕс азы,– мӕлӕты къахыл ныллӕууыд+. Ӕмӕ Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕй адӕм алырдыгӕй цъист кодтой+. 43  Се ’хсӕн уыди, дыууадӕс азы тугцыдӕй+ чи удхар кодта, иу ахӕм сылгоймаг. Йӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ кӕмӕ нӕ фӕцыд, ахӕм нал баззад, фӕлӕ йын баххуыс кӕнын никӕй бон баци+. 44  Уыцы сылгоймаг ӕм фӕстӕрдыгӕй бацыд, йӕ уӕлӕдарӕсы+ хаутыл+ ын андзӕвыд, ӕмӕ ӕвиппайды йӕ туг йӕ цӕуынӕй банцад+. 45  Уӕд Йесо бафарста: «Чи мыл андзӕвыд?»+ Фӕлӕ иууылдӕр афтӕ куы дзырдтой, ӕз нӕ уыдтӕн, зӕгъгӕ, уӕд ын Петр афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг, ай мӕнӕ дӕ алыварс адӕмӕй фезмӕлӕн куы нӕй»+. 46  Фӕлӕ Йесо загъта: «Нӕ, чидӕр мыл андзӕвыд – тых+ мӕ кӕй рацыд, уый бамбӕрстон»+. 47  Сылгоймаг куы бамбӕрста, цы сарӕзта, уый кӕй нӕ басусӕг, уӕд ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз радзырдта, цӕмӕн ыл андзӕвыд ӕмӕ ӕвиппайды куыд сдзӕбӕх, уый+. 48  Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта+. Фарнимӕ цу»+. 49  Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕмбырдгӕнӕны хистӕрмӕ хӕдзарӕй чидӕр ӕрбацыд ӕмӕ йын фӕхабар кодта: «Дӕ чызг амард. Мауал тыхсын кӕн ахуыргӕнӕджы»+. 50  Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст дӕм уырнындзинад уӕд+, ӕмӕ дӕ чызг фервӕздзӕн». 51  Куы бахӕццӕ сты, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Иаковы, стӕй чызгӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады йеддӕмӕ йемӕ мидӕмӕ никӕй бауагъта+. 52  Адӕм та иууылдӕр куыдтой ӕмӕ сӕхи хостой. Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут+. Чызг мӕлгӕ нӕ акодта, фынӕй у»+. 53  Уыдон ыл худын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, мӕлгӕ кӕй акодта+. 54  Йесо чызгӕн йӕ къухыл рахӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Чызг, сыст!»+ 55  Ӕмӕ чызг райгас*+ ӕмӕ уайтагъд рабадт+. Уӕд Йесо загъта, цӕмӕй сывӕллонӕн исты бахӕрын кодтаиккой+. 56  Гъемӕ ма йӕ ныййарджыты цинӕн кӕрон кӕм уыди. Фӕлӕ сӕ Йесо бафӕдзӕхста, цы ’рцыд, уый тыххӕй макӕмӕн дзурут, зӕгъгӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «чызгмӕ йӕ улӕфт ӕрыздӕхт»; «улӕфт» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.