Лукайы 9:1—62

9  Уый фӕстӕ Йесо йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын радта тых, сӕ бар куыд цӕуа ӕппӕт хӕйрӕджытыл ӕмӕ сӕ бон куыд уа адӕмы сӕ низтӕй дзӕбӕх кӕнын+.  Стӕй сӕ арвыста Хуыцауы паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ.  Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Фӕндагмӕ уемӕ мацы райсут: нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хызын, нӕдӕр дзул, нӕдӕр ӕвзист ӕхца, нӕдӕр ивӕн хӕдон*+.  Кӕмфӕнды ма уат, цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым-иу ӕрлӕуут ӕмӕ-иу дарддӕр уырдыгӕй абалц кӕнут+.  Цы горӕты уӕ не суазӕг кӕной, уырдыгӕй рацӕугӕйӕ+ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут, цӕмӕй йӕ зоной, кӕй рӕдийынц»+.  Гъемӕ уыдон дӕр хъӕутыл зилын байдыдтой, ӕмӕ алы ран дӕр хъусын кодтой хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодтой рынчынты+.  Уӕдмӕ ӕппӕт уыцы хабӕртты тыххӕй фехъуыста уымы хицау Ирод* дӕр, ӕмӕ тынг стыхст, уымӕн ӕмӕ йын чи афтӕ дзырдта, зӕгъгӕ, Иоанн мӕрдтӕй сыстад+,  чи – Илийа, дам, ӕрцыд, чи та – рагон пехуымпартӕй, дам, чидӕр райгас.  Фӕлӕ Ирод загъта: «Иоаннӕн йӕ сӕр куы акъуырын кодтон+, уӕд, уыдӕттӕ кӕмӕй дзурынц, уый та чи у?» Ӕмӕ йӕ куыд фена, ууыл архайдта+. 10  Апостолтӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ын радзырдтой, цы сарӕзтой, уыдӕттӕ+. Уый фӕстӕ сӕ йемӕ акодта ӕмӕ ацыдысты, Вифсаидӕ кӕй хуыдтой, уыцы горӕтмӕ, цӕмӕй иунӕгӕй+ аззадаиккой. 11  Фӕлӕ адӕм уый куы базыдтой, уӕд йӕ фӕдыл ацыдысты. Йесо сӕ куы федта, уӕд сыл бацин кодта ӕмӕ сын райдыдта Хуыцауы паддзахады+ тыххӕй дзурын, стӕй, дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыд, уыдоны сдзӕбӕх кодта+. 12  Уӕдмӕ ӕризӕр. Ӕмӕ йӕм йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Адӕмы ауадз, цӕмӕй хӕстӕг хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууой, уый ссарой ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг самал кӕной, уымӕн ӕмӕ ам ахӕм ран стӕм, ӕмӕ дзы цӕрӕг дӕр нӕй»+. 13  Фӕлӕ сын уый афтӕ бакодта: «Сымах сын бахӕрын кӕнут исты»+. Уыдон та йын загътой: «Кӕд нӕхӕдӕг ацӕуӕм ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕмӕн хӕринаг ӕлхӕнгӕ бакӕнӕм+, ӕндӕр махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы+ йеддӕмӕ ницы ис». 14  Уым та уыди фондз мин лӕджы бӕрц+. Уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Адӕм фынгыл куыд ӕрбадынц, афтӕ сӕ къордгӕйттӕй ӕрбадын кӕнут – алы къорды дӕр фӕндзай адӕймаджы куыд уа»+. 15  Ӕмӕ сын куыд загъта, афтӕ се ’ппӕты дӕр ӕрбадын кодтой. 16  Уый фӕстӕ уыцы фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы райста, арвмӕ скаст, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, стӕй сӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуӕрстаиккой+. 17  Гъемӕ иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма дзы цы къӕбӕртӕ баззад, уыдонӕй ӕрӕмбырд дыууадӕс чыргъӕды+. 18  Фӕстӕдӕр, Йесо иунӕгӕй куы куывта, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы дзурынц адӕм мӕн тыххӕй, чи, дам, у?»+ 19  Уыдон ын дзуапп радтой: «Чи дӕ Аргъауӕг Иоанн хоны, чи – Илийа, чи та зӕгъы, рагон пехуымпартӕй, дам, чидӕр райгас»+. 20  Ӕмӕ та сӕ ногӕй бафарста: «Сымах та куыд хъуыды кӕнут, чи дӕн?» Петр ын дзуапп радта+: «Ды дӕ Хуыцауы ӕрвыст Чырысти+». 21  Ӕмӕ сын уӕд Йесо ныффӕдзӕхста, ацы хабар макӕмӕн дзурут, зӕгъгӕ+. 22  Стӕй ма сын загъта: «Адӕймаджы Фырт бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзардзӕн, ӕмӕ йыл хистӕр лӕгтӕ, сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ сӕ къух сисдзысты, стӕй йӕ амардзысты+, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн»+. 23  Уый фӕстӕ се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд+, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд, алы бон дӕр ӕй хӕссӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд+. 24  Йӕ цард* бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн, йӕ цард мӕн тыххӕй чи ратта, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн+. 25  Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа кӕнӕ йӕхицӕн зиан куы ракӕна, уӕд ын уый цы пайда у?+ 26  Мӕн кӕй зоны ӕмӕ мын мӕ ныхӕстыл кӕй ӕууӕнды, уый худинаг кӕмӕ фӕкӕса, уыцы адӕймагӕй, ай мӕ ахуыргӕнинаг у, зӕгъгӕ, зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр худинаг фӕкӕсдзӕн, йӕ Фыд ӕмӕ йӕ рухс зӕдты кадимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд+. 27  Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, афтӕ фендзысты Хуыцауы паддзахад»+. 28  Ӕмӕ иу-аст боны фӕстӕ Йесо йемӕ акодта Петры, Иоанны ӕмӕ Иаковы ӕмӕ ссыд хохмӕ кувынмӕ+. 29  Гъемӕ куы куывта, уӕд йӕ цӕсгомы хуыз фендӕр+, йӕ дарӕс та ахӕм урс сси, ӕмӕ цӕхӕр калдта+. 30  Ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ лӕджы йемӕ ныхас кӕнынц – Моисей ӕмӕ Илийа+. 31  Уыдон фӕзындысты кадимӕ ӕмӕ сӕ ныхас уыд йӕ ацыдыл – Иерусалимы йыл цы хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл+. 32  Петр ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон та ӕрфынӕй сты. Фӕлӕ куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы йӕ кады+, йӕ фарсмӕ та лӕууыд дыууӕ лӕджы. 33  Ӕмӕ уыцы лӕгтӕ йӕ цурӕй куы фӕцӕйцыдысты, уӕд Петр Йесойӕн афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Цӕй ӕмӕ ам ӕртӕ цатыры ӕрӕвӕрӕм: иу дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн»,– цы дзырдта, уый та йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста+. 34  Фӕлӕ нырма дзургӕ кодта, афтӕ фӕзынд мигъ ӕмӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта. Мигъы мидӕг куы фесты, уӕд тынг фӕтарстысты+. 35  Ӕмӕ мигъӕй райхъуыст хъӕлӕс+: «Ай у мӕ Фырт, ӕз кӕй равзӕрстон+, уый. Хъусут ӕм»+. 36  Ӕмӕ уыцы хъӕлӕс куы райхъуыст, уӕд Йесоимӕ ничиуал уыд+. Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цы федтой, уыдӕтты тыххӕй уыцы рӕстӕг никӕмӕн ницы дзырдтой+. 37  Дыккаг бон, хохӕй куы ’рцыдысты, уӕд Йесойы размӕ рацыд бирӕ адӕм+. 38  Ӕмӕ йӕм адӕмы ’хсӕнӕй иу лӕг ныхъхъӕр кодта: «Ахуыргӕнӕг, лӕгъстӕ дын кӕнын, мӕ лӕппуйӕн мын баххуыс кӕн, иунӕг+ хъӕбул+ мын у! 39  Дӕлимон+ ӕй ӕрцахсы, ӕмӕ лӕппу уыциу хъӕр ныккӕны, стӕй йӕ дӕлимон ныууигъы, ӕмӕ йӕ комы фынк акӕлы. Ӕмӕ йӕ куы фӕхойы, уӕд ма йӕ тыххӕйты ныууадзы. 40  Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр бӕргӕ загътон, цӕмӕй дзы дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци»+. 41  Уӕд Йесо загъта: «О ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр!+ Цас ма уыдзынӕн уемӕ ӕмӕ ма уын цас быхсдзынӕн? Ӕрбакӕн-ма мӕм дӕ фырты»+. 42  Фӕлӕ лӕппу куы ’рбацӕйцыд, уӕд ӕй дӕлимон зӕххыл ныццавта ӕмӕ йӕ тынг ныууыгъта. Ӕмӕ уӕд Йесо дӕлимонӕн карзӕй загъта, цӕмӕй йӕ ныууагътаид, ӕмӕ лӕппуйы сдзӕбӕх кодта. Стӕй йын йӕ фыдӕн загъта, мӕнӕ дӕ фырт, зӕгъгӕ+. 43  Ӕмӕ иууылдӕр дисӕй мардысты, Хуыцаумӕ цы диссаджы тых+ ис, ууыл. Йесо цы арӕзта, ӕппӕт уыдӕттыл адӕм куы дис кодтой, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: 44  «Цы уын зӕгъдзынӕн, уымӕ уӕ хъус ӕрдарут: Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм»+. 45  Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой – ӕргом сын нӕ уыд, цӕмӕй сӕм ма бахъардтаид. Уыцы ныхӕстӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд, уымӕй бафӕрсын та йӕ нӕ уӕндыдысты+. 46  Уый фӕстӕ се ’хсӕн рауад ныхас, уӕлдӕр сӕ чи уыдзӕн, ууыл+. 47  Йесо та сын зыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ ӕрбакодта гыццыл сывӕллоны, йӕ цуры йӕ ӕрлӕууын кодта+ 48  ӕмӕ сын загъта: «Ацы гыццыл сывӕллоны мӕ номы тыххӕй чи суазӕг кӕна, уый суазӕг кӕндзӕн мӕн дӕр. Ӕмӕ мӕн чи суазӕг кӕна, уый та суазӕг кӕндзӕн, мӕн чи рарвыста, уый дӕр+. Уӕдӕ сымахӕй йӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл+ чи нымайы, уӕлдӕр гъе уый у»+. 49  Уӕд ын Иоанн афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, дӕ номӕй хӕйрӕджыты+ чи суры, иу ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ йын загътам, цӕмӕй афтӕ мауал кӕна+, уымӕн ӕмӕ махӕй нӕу»+. 50  Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Уадзут ӕй, уымӕн ӕмӕ, уӕ ныхмӕ чи нӕу, уый уӕ фарс у»+. 51  Уӕлӕрвтӕм йӕ ацыды афон куы ’рхӕстӕг+, уӕд фидарӕй сфӕнд кодта Иерусалиммӕ ацӕуын. 52  Гъемӕ йӕ разӕй арвыста минӕвӕрттӕ. Уыдон араст сты ӕмӕ бацыдысты иу самариаг+ хъӕумӕ, цӕмӕй йын йе ’рцыдмӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтаиккой. 53  Фӕлӕ Иерусалиммӕ кӕй цыд, уый тыххӕй йӕ адӕм хъӕумӕ нӕ бауагътой+. 54  Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн+ уый куы федтой, уӕд загътой: «Хицау, фӕнды дӕ, уӕд зӕгъӕм, ӕмӕ арвӕй арт+ ӕрцӕуа ӕмӕ сӕ аныхъуыра?» 55  Фӕлӕ сӕм уый разылд ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта. 56  Ӕмӕ уӕд ӕндӕр хъӕумӕ ацыдысты. 57  Фӕндагыл ын иу чидӕр загъта: «Кӕдӕмфӕнды ма цӕуай,– ӕз дӕр ацӕудзынӕн дӕ фӕдыл»+. 58  Фӕлӕ йын Йесо афтӕ бакодта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй»+. 59  Иннӕмӕн та загъта: «Мӕ фӕдыл рацу». Уый йын афтӕ бакодта: «Хицау, ауадз мӕ, ӕмӕ уал мӕ фыды баныгӕнон»+. 60  Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ+ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та ацу ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй алкӕмдӕр хъусын кӕн»+. 61  Иу чидӕр та йын загъта: «Хицау, ӕз дӕ фӕдыл ацӕудзынӕн, фӕлӕ мӕ ауадз, ӕмӕ уал мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъон»+. 62  Уӕд ын Йесо загъта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ+ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс чи кӕны+, уый Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕу».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «дыууӕ хӕдоны».
Кӕс Лк 3:1, фип.
Комк. «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.