Малахи 1:1—14

1  Ахсджиаг хабар. Йегъовӕ Малахийы уылты Израилы тыххӕй загъта+:  «Ӕз уӕ бауарзтон»+,– зӕгъы Йегъовӕ. Фӕлӕ сымах зӕгъут: «Цӕмӕй бӕрӕг у, кӕй нӕ бауарзтай, уый?»+ «Исав Иаковы ӕфсымӕр нӕ уыд?+ – зӕгъы Йегъовӕ.– Фӕлӕ ӕз Иаковы бауарзтон+,  Исавӕй+ та ме сӕфт федтон. Йӕ хӕхтыл ын ницыуал ныууагътон+ ӕмӕ йын йӕ бынтӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕг хъӕддаг куыйтӕн радтон»+.  «Едом афтӕ кӕй дзуры, нӕ горӕттӕ нын ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ хӕлддзӕгтӕ фестын кодтой, фӕлӕ мах фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм ӕмӕ сӕ ногӕй сараздзыстӕм, зӕгъгӕ, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Уыдон сӕ сараздзысты, ӕз та сын сӕ ныппырх кӕндзынӕн+. Ӕмӕ адӕм уыцы бӕстӕ хондзысты „фыддзинады зӕхх“, сӕхи та сын хондзысты „Йегъовӕйы фыдӕх+ ӕнустӕм кӕуыл ис, уыцы адӕм“.  Уыцы хабар сымах уӕхи цӕстӕй фендзыстут ӕмӕ зӕгъдзыстут: „Йегъовӕ кадджын уӕд ӕгас Израилы зӕххыл“»+.  «„Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн+, лӕггадгӕнӕг та – йӕ хицауӕн+. Уӕдӕ кӕд ӕз уӕ фыд дӕн+, уӕд мын цӕуылнӕ кад кӕнут?+ Ӕмӕ кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд мӕ цӕуылнӕ тӕрсут?“+ – зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ сымахӕн, мӕ номыл мын ӕнӕрвӕссон чи кӕны, уыцы сауджынтӕн+. „Фӕлӕ сымах дзурут: „Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс, ӕмӕ дын дӕ номыл ӕнӕрвӕссон кӕнӕм?“  „Уымӕн ӕмӕ мын мӕ нывондхӕссӕныл ӕвӕрут, чи фӕчъизи, ахӕм дзул“+. „Сымах дзурут: „Цӕмӕй дӕ фӕчъизи кодтам?“ „Афтӕ кӕй дзурут, Йегъовӕйы фынг+ сӕрмӕхӕссинаг нӕу, зӕгъгӕ, уымӕй“+.  Нывондӕн куырм фос ӕрхӕссут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Уым ӕвзӕрӕй ницы ис“. Къуылых кӕнӕ рынчын фос ӕрхӕссут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Уым ӕвзӕрӕй ницы ис“»+. «Ахӕм фос-ма дӕ хицауӕн балӕвар кӕн. Цымӕ дӕ райгондӕй баззайдзӕн ӕмӕ дӕм хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн?» – зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.  «Фӕлӕ уӕ ныр курын, Хуыцауы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕнут+, цӕмӕй нын йӕ хорзӕхӕй бахай кӕна+. Ацы хъуыддаг сымах бакодтат. Ӕмӕ ма уӕ искӕмӕ хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн?» – зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ. 10  «Стӕй сымахӕй дуӕрттӕ дӕр чи сӕхгӕндзӕн?+ Мӕ нывондхӕссӕныл мын арт дӕр лӕвар куы не скӕндзыстут+. Нӕ уӕ райы мӕ зӕрдӕ,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕмӕ мын цы кувинӕгтӕ ӕрхӕссут, уыдон дӕр мын ӕнад сты»+. 11  «Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ адӕмты ’хсӕн мӕ ном кадджын уыдзӕн+, алы рӕтты дӕр-иу мӕ номӕн нывӕндты фӕздӕг суадздзысты+ ӕмӕ сыгъдӕг кувинӕгтӕ хӕсдзысты+, уымӕн ӕмӕ адӕмты ’хсӕн мӕ ном уыдзӕн кадджын»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ. 12  «Сымах дзурут, Йегъовӕйы фынг сыгъдӕг нӕу ӕмӕ йыл цы кувинӕгтӕ ис, уыдон дӕр сӕрмӕхӕссинаг не сты+, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй хынджылӕггаг кӕнут+. 13  Сымах дзурут, нӕ бон нал у+, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕ былтӕ ракъуыр-бакъуыр кӕнут,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– Сымах мын ӕрбахӕссут, тыхӕй кӕй байстат, ахӕм фос, стӕй къуылых ӕмӕ рынчын фос+, о, лӕварӕн мын сӕ ӕрбахӕссут. Цымӕ уӕ уыдӕттӕ ӕхсызгонӕй райсдзынӕн?»+ – зӕгъы Йегъовӕ. 14  «Ӕлгъыст у уыцы адӕймаг, йӕ дзуджы дзӕбӕх нӕл фос кӕмӕн ис ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзырд чи ратты, фӕлӕ йын стӕй нывондӕн сахъат фос чи ’рхӕссы ӕмӕ афтӕмӕй хинӕй чи архайы+. Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн цытджын Паддзах+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕмӕ мӕ ном адӕмтыл тас ӕфтаудзӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ