Малахи 4:1—6

4  «Мӕнӕ, ӕрхӕстӕг кӕны, пецау пиллон арт чи уадзы, уыцы бон+, ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕм ӕмӕ фыдгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хъӕмпӕй уӕлдай нӕ уыдзысты+. Цы бон ӕрхӕстӕг кӕны, уый сӕ аныхъуырдзӕн,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ нӕдӕр уидаг баззайдзӕн, нӕдӕр къалиу+.  Сымахыл та, мӕ номӕй чи тӕрсы, уыдоныл, рӕстдзинады хур ракӕсдзӕн+, ӕмӕ уын йӕ тынтӕ* уыдзысты ӕвдадзы хос+. Сымах рацӕудзыстут ӕмӕ уӕхицӕн хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут»+.  «Сымах фыдгӕнджытыл балӕгӕрддзыстут, уымӕн ӕмӕ, хъуыддӕгтӕм цы бон ӕркӕсдзынӕн, уыцы бон уыдон уӕ къӕхты бын рыгӕй уӕлдай нӕ уыдзысты»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.  «Уӕ зӕрдыл дарут мӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы закъон, Хоривы йын ӕгас Израилӕн кӕй радтон, уыцы закъон,– цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзы цы тӕрхӕттӕ ис, уыдон+.  Цалынмӕ Йегъовӕйы стыр бон, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы бон не ’рцыд+, уӕдмӕ уӕм фервитын пехуымпар Илийайы+.  Уый фыдӕлты зӕрдӕтӕ раздахдзӕн сӕ фырттӕм, фыртты зӕрдӕтӕ та – сӕ фыдӕлтӕм, цӕмӕй, куы ’рцӕуон, уӕд зӕхх ма ӕрцӕвон ӕмӕ йӕ сӕфты хай ма бакӕнон»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ базыртӕ». (Ам Дзуттаг-арамейаг Фыстыты тӕлмац фӕци. Дарддӕр цӕуы Чырыстон Грекъаг Фыстыты тӕлмац.)