Марчы 1:1—45
1 Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар райдыдта афтӕ.
2 Пехуымпар Исайы чиныджы фыст у: «Ӕз фервитын дӕ разӕй мӕ фидиуӕджы, ӕмӕ дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕн фӕндаг*+.
3 Байхъусут! Ӕдзӕрӕг быдыры чидӕр хъӕр кӕны: „Йегъовӕйӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнут! Алӕгъз ын кӕнут йӕ цӕуӕнтӕ!“»+
4 Афтӕ фӕзынд ӕдзӕрӕг быдыры Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ адӕмӕн хъусын кодта, уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ донаргъуыд райсут, цӕмӕй уын хатыргонд ӕрцӕуой, зӕгъгӕ+.
5 Ӕмӕ йӕм уырдӕм цыдысты ӕгас Иудейӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ сӕ аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны, ӕмӕ-иу ӕргом басастысты сӕ тӕригъӕдтыл+.
6 Иоанн дардта теуайы хъуынӕй дарӕс, йӕ астӕуыл+ та баст уыд сӕрак рон. Хӕргӕ та кодта мӕтыхтӕ+ ӕмӕ хъӕддаг мыд+.
7 Уый адӕмӕн хъусын кодта: «Мӕ фӕстӕ ’рбацӕуы, мӕнӕй фылдӕр бартӕ кӕмӕ ис, уый. Ӕз, ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ йын йӕ дзабырты бӕттӕнтӕ райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн+.
8 Ӕз уын аргъуыд лӕвӕрдтон донӕй, уый та уын аргъуыд дӕтдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй*»+.
9 Уыцы рӕстӕг галилейаг горӕт Назаретӕй уырдӕм ӕрбацыди Йесо дӕр, ӕмӕ йын Иоанн Иорданы цӕугӕдоны донаргъуыд радта+.
10 Куыддӕр донӕй рахызт, афтӕ ауыдта, арв куыд фегом ӕмӕ йӕ сӕрмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд, уый+.
11 Ӕмӕ уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт»+.
12 Тӕккӕ уыцы сахат ӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕцӕуӕг кодта+.
13 Ӕдзӕрӕг быдыры фӕци цыппор боны+, ӕмӕ йӕ уым Сайтан фӕлвӕрдта+. Уыцы ран Йесо уыди хъӕддаг сырдты ’хсӕн, ӕмӕ йын зӕдтӕ лӕггад кодтой+.
14 Уый фӕстӕ, Иоанны куы ’рцахстой, уӕд, Йесо ацыди Галилейӕмӕ+ ӕмӕ уым хъусын кодта Хуыцауы хорз хабар+
15 ӕмӕ дзырдта: «Афон ӕрцыд+, Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг. Ӕрфӕсмон кӕнут+ ӕмӕ хорз хабарыл баууӕндут».
16 Йесо Галилейӕйы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыд, уӕд федта Симоны+ йе ’фсымӕр Андреимӕ, сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕ,– уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ+.
17 Ӕмӕ сын загъта: «Рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ»+.
18 Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты+.
19 Уырдыгӕй гыццыл фалдӕр куы бауад, уӕд та федта Зеведейы фыртты – Иаковы ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны. Уыдон бадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ хызтӕ ӕмпъызтой+.
20 Йесо сӕм уайтагъд фӕдзырдта. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ фыд Зеведейы йе ’ххуырст кусджытимӕ бӕлӕгъы бадгӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты.
21 Ӕмӕ ’рбацыдысты Капернауммӕ+.
Куыддӕр сабат ралӕууыд, афтӕ бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ* ӕмӕ уым райдыдта адӕмы ахуыр кӕнын.
22 Ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кодта, ууыл дисӕй мардысты+, уымӕн ӕмӕ сӕ чиныджыдӕснытау+ нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас.
23 Уыцы рӕстӕг се ’мбырдгӕнӕны уыд, дӕлимон уӕгъд кӕй нӕ уагъта, иу ахӕм лӕг. Ӕмӕ уыцы лӕг хъӕр кодта+:
24 «Цы дӕ хъӕуы махӕй, назаретаг Йесо?+ Уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, ӕмӕ нӕ фесафай? Ӕз ӕй зонын+, чи дӕ – ды дӕ Хуыцауӕй+ ӕрвыст*»+.
25 Фӕлӕ йын Йесо карзӕй загъта: «Ныхъхъус у ӕмӕ дзы рацу!»+
26 Ӕмӕ дӕлимон уыцы адӕймаджы ныууыгъта, йӕ хъӕлӕсыдзаг ныцъцъӕхахст кодта, ӕмӕ дзы рацыд+.
27 Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Ай цавӕр диссаг у? Афтӕ никуыма ничи амыдта!* Дӕлимонтӕн дӕр барджынӕй дзуры, ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсынц»+.
28 Ӕмӕ йӕ кой уайтагъд айхъуыст ӕгас бӕстӕйыл, Галилейӕйы алы къуымты дӕр+.
29 Уыдон та уыцы сахат ӕмбырдгӕнӕнӕй рахызтысты ӕмӕ Симон+ ӕмӕ Андрейтӕм хӕдзармӕ бацыдысты. Семӕ уыдысты Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр.
30 Симонӕн та йӕ усы мадмӕ+ тӕвд уыдис, ӕмӕ хуысгӕ кодта+. Ӕмӕ уый тыххӕй уайтагъд Йесойӕн загътой.
31 Ӕмӕ йӕм Йесо бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд+, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта+.
32 Изӕрӕй, хур куы аныгуылд, уӕд ӕм адӕм кӕнын байдыдтой ӕппӕт рынчынтӕ+ ӕмӕ хӕйрӕджджынты дӕр+.
33 Ӕмӕ ӕнӕхъӕн горӕт сӕ дуармӕ ӕрӕмбырд.
34 Йесо сдзӕбӕх кодта бирӕ адӕмы, алыхуызон низтӕй рынчынты+. Стӕй фӕсырдта бирӕ хӕйрӕджыты, ӕмӕ сӕ дзурын нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти* кӕй у, уый+.
35 Райсомӕй раджы, нырма талынг уыд, афтӕ сыстади, ӕддӕмӕ рахызт, ацыд хибар ранмӕ+ ӕмӕ уым куывта+.
36 Уӕд Симон йе ’мбӕлттимӕ йӕ агурӕг рацыд.
37 Ӕмӕ йӕ куы ссардтой, уӕд ын загътой: «Иууылдӕр дӕу куы агурынц».
38 Уый та сын загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕввахс горӕттӕм, цӕмӕй уым дӕр хорз хабар хъусын кӕнон+, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн»+.
39 Ӕмӕ ацыд ӕмӕ ӕгас Галилейӕйы ӕмбырдгӕнӕнты хорз хабар хъусын кодта, стӕй адӕмӕй хӕйрӕджыты сырдта+.
40 Иухатт ӕм ӕрбацыд иу хъотырджын лӕг. Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ»+.
41 Йесо йын тынг фӕтӕригъӕд кодта+, ӕмӕ йӕм йӕ къух бадардта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у»+.
42 Ӕмӕ лӕгӕн йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт, ӕмӕ сдзӕбӕх+.
43 Уый фӕстӕ йын загъта, ныр ацу, зӕгъгӕ. Ӕрмӕст ын ныффӕдзӕхста:
44 «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур. Фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн+, ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс+, цӕмӕй, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уый сауджынтӕ базоной»+.
45 Фӕлӕ лӕг куы ацыд, уӕд уыцы хабар алы ран дзурын райдыдта ӕмӕ йӕ дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уый тыххӕй Йесойӕн горӕтмӕ ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыди, ӕмӕ-иу горӕты ӕдде, адӕм кӕм нӕ уыд, уым баззад. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр алы рӕттӕй цыдысты ӕмӕ цыдысты+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «сыгъдӕг удӕй»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Комк. «синагогӕмӕ».
^ Комк. «Хуыцауы Сыгъдӕг».
^ Кӕнӕ «Цыдӕр ног ахуырад!»