Марчы 13:1—37

13  Йесо кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма! Мӕнӕ цы дуртӕ ӕмӕ цы агъуыстытӕ ис!»+  Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Раст зӕгъыс, стыр агъуыстытӕ сты+. Фӕлӕ афтӕ ныппырх уыдзысты+, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн»+.  Ӕмӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл кувӕндоны акомкоммӕ куы бадти, уӕд ӕй Петр+, Иаков, Иоанн ӕмӕ Андрей хибарӕй бафарстой+:  «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, ӕмӕ, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕн сӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн*+  Гъемӕ сын Йесо райдыдта ӕмбарын кӕнын: «Кӕсут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа+.  Мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты, ӕз Чырысти дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты+.  Стӕй хӕстӕг рӕттӕй ӕмӕ дард рӕттӕй хӕстыты кой хъусдзыстут, фӕлӕ-иу ма тӕрсут – уыцы хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕн+.  Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ+. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ+ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг+. Уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан+.  Фӕлӕ сымах уӕхимӕ кӕсут. Адӕм уӕ дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм+ ӕмӕ уӕ сӕ ӕмбырдгӕнӕнты нӕмдзысты+. Стӕй уӕ мӕн тыххӕй ӕрлӕууын кӕндзысты хицӕутты раз ӕмӕ паддзӕхты раз, ӕмӕ уый фӕрцы уыдонӕн дӕр радзурдзыстут, цӕуыл ӕууӕндут, уый тыххӕй+. 10  Зӕгъын ма уын уый дӕр, ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ хорз хабар+ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа+. 11  Фӕлӕ уӕ тӕрхондонмӕ куы кӕной, уӕд, цы зӕгъдзыстут, ууыл ма тыхсут+ – уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут, ӕмӕ-иу уый дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых+. 12  Ӕфсымӕр ӕфсымӕры ратдзӕн мӕлӕтмӕ, фыд та – йӕ хъӕбулы+, ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр суыдзысты сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ ратдзысты мӕлӕтмӕ+. 13  Ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй иууылдӕр се сӕфт уындзысты+. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа+, уый фервӕздзӕн+. 14  Бӕстӕ чи сафы+, уыцы ӕлгъагдзинад+, кӕм не ’мбӕлы, уым лӕугӕ куы фенат,– ацы ныхӕстӕ чи кӕса, уый-иу ӕй бамбарӕд+,– уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм+. 15  Ӕмӕ хӕдзары сӕр* чи уа, уый мауал ӕрхизӕд ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал бацӕуӕд+. 16  Быдыры чи уа, уый дӕр фӕстӕмӕ мауал раздӕхӕд йӕ уӕлӕдарӕс рахӕссынмӕ+. 17  Мӕгуыры бон уыдзӕн уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл+. 18  Кувут, цӕмӕй уыцы хабар зымӕджы ма ’рцӕуа+, 19  уымӕн ӕмӕ уыцы бонты уыдзӕн, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи никуыма уыд, ахӕм бӕллӕх+ – ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн+. 20  Ӕмӕ Йегъовӕ+ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр кӕнид, уӕд ничи* фервӕзид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты+ тыххӕй, йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыдоны тыххӕй+, фӕцыбыр кӕндзӕн уыцы бонтӕ+. 21  Стӕй уын уӕд исчи афтӕ куы зӕгъа, Чырысти мӕнӕ ам ис, кӕнӕ, уӕртӕ уым ис+, зӕгъгӕ,– ма-иу ыл баууӕндут+, 22  уымӕн ӕмӕ фӕзындзӕн мӕнг Чырыститӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕ+. Уыдон ӕвдисдзысты диссӕгтӕ ӕмӕ ӕнахуыр цыдӕртӕ+, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕной+. 23  Уӕдӕ къӕрцхъус ут+ – рагацау уын зӕгъын ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй+. 24  Ӕмӕ уӕд, уыцы бӕллӕхы фӕстӕ, хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй рухс нал кӕндзӕн, 25  стъалытӕ арвӕй хаудзысты ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты+. 26  Ӕмӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты+ мигътыл стыр тых ӕмӕ кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ+. 27  Уӕд уый йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст+ адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ+. 28  Цӕвиттонӕн райсӕм легъуибӕлас. Ног къалиутӕ йыл куы рацӕуы ӕмӕ сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы+. 29  Уӕдӕ куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл+. 30  Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр дӕр ма ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ+. 31  Арв+ ӕмӕ зӕхх куы нал уой, уӕддӕр мӕ ныхӕстӕ+ ӕрцӕудзысты+. 32  Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд+. 33  Уӕдӕ кӕсут, ма бафынӕй ут+, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут+. 34  Уый абарӕн ис, ӕндӕр бӕстӕм чи цыди, иу ахӕм лӕг+ куыд бакодта, уыимӕ: йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар бакодта, алкӕмӕн дӕр дзы радта йӕхи куыст, ӕмӕ дуаргӕсӕн ныффӕдзӕхста, ма бафынӕй у, зӕгъгӕ. 35  Уӕдӕ сымах дӕр ма бафынӕй ут+, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонут, кӕд ӕрцӕудзӕн хӕдзары хицау: изӕрӕй*, ӕмбисӕхсӕв*, кӕркуасӕнты* ӕви боныцъӕхтыл*+,– 36  цӕмӕй, ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕзына, уӕд уӕ фынӕйӕ ма ӕрӕййафа+. 37  Сымахӕн цы дзурын, уый та хауы алкӕмӕ дӕр: ма бафынӕй ут!»+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уымӕн йӕ нысан цы уыдзӕн».
Кӕс Мф 24:17, фип.
Комк. «иу буар дӕр нӕ».
«Изӕрӕй» – фыццаг хъахъхъӕнӕн афон; грекъӕгтӕ ӕмӕ-иу ромӕгтӕм уый уыди хурныгуылдӕй изӕры 9 сахатмӕ.
«Ӕмбисӕхсӕв» – дыккаг хъахъхъӕнӕн афон; уыди изӕры 9 сахатӕй ӕмбисӕхсӕвмӕ.
«Кӕркуасӕнты» – ӕртыккаг хъахъхъӕнӕн афон; уыди ӕмбисӕхсӕвӕй ӕхсӕвы 3 сахатмӕ.
«Боныцъӕхтыл» – цыппӕрӕм хъахъхъӕнӕн афон; уыди ӕхсӕвы 3 сахатӕй хурыскасты онг.