Марчы 2:1—28

2  Цалдӕр боны фӕстӕ Йесо ногӕй Капернауммӕ ӕрцыд, ӕмӕ, хӕдзары кӕй ис, уый ӕгас бӕстыл айхъуыст+.  Гъемӕ йӕм уырдӕм уыйбӕрц адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ хӕдзары суанг бахизӕны дӕр ӕрлӕууӕн нал уыд. Ӕмӕ сын райдыдта хорз хабар хъусын кӕнын+.  Уыцы рӕстӕг ӕм цыппар лӕгӕй ӕрбахастой, паралич кӕй ныццавта, ахӕм адӕймаджы+.  Фӕлӕ йӕм адӕмӕй бацӕуӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕдзарӕн йӕ сӕр систой, цары хуынкъ скодтой ӕмӕ рынчыны йӕ хуыссӕныл бынмӕ ӕруагътой+.  Йесо сын сӕ уырнындзинад куы федта+, уӕд рынчынӕн загъта: «Хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»+.  Уым уыди чиныджыдӕснытӕй дӕр чидӕртӕ. Уыдон бадтысты ӕмӕ сӕхинымӕр хъуыды кодтой+:  «Ацы лӕг афтӕтӕ куыд дзуры? Ай Хуыцауы куы фауы! Кӕй бон у Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын?»+  Йесо уайтагъд бамбӕрста, сӕхинымӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Афтӕтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнут?+  Цы ӕнцондӕр у, рынчынӕн афтӕ зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“?+ 10  Фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ зонат: Адӕймаджы Фыртмӕ+ ис уыцы бар, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна»+. Ӕмӕ рынчынӕн загъта: 11  «Дӕумӕ дзурын: сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ уӕхимӕ ацу»+. 12  Уый дӕр сыстад, йӕ хуыссӕн фелвӕста ӕмӕ адӕмы рӕзты ацыди+. Уый фенгӕйӕ иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ Хуыцауы кадджын кодтой, ахӕм диссаг никуы федтам, зӕгъгӕ+. 13  Йесо та ногӕй ацыд денджызы былмӕ. Уырдӕм ӕм ӕрбацыд бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ ахуыр кодта. 14  Денджызы былгӕрӕтты дарддӕр куы фӕцӕйцыд, уӕд федта Алфейы фырт Левийы+ хъалонӕмбырдгӕнӕны бадгӕ. Ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фӕдыл рацу». Уый дӕр сыстад ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд+. 15  Фӕстӕдӕр ӕм Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уазӕгуаты куы уыд, уӕд семӕ фынгыл бадт* бирӕ хъалонисджытӕ+ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ – уыдон дӕр цыдысты йӕ фӕдыл+. 16  Фӕлӕ дзы фарисейты къордӕй цы чиныджыдӕснытӕ уыди, уыдон ӕй тӕригъӕдджынтӕ ӕмӕ хъалонисджытимӕ бадгӕ куы федтой, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл куыд бады?»+ 17  Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ. Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты»+. 18  Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ-иу фарисейтӕ дардтой ком. Гъемӕ Йесомӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ ком куы дарынц, уӕд дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ком цӕуылнӕ дарынц?»+ 19  Йесо сын загъта: «Сиахс цалынмӕ йе ’мбӕлттимӕ уа, уӕдмӕ йе ’мбӕлттӕ ком дардзысты?+ Нӕ, цалынмӕ семӕ уа, уӕдмӕ сӕ ком дарын нӕ хъӕуы+. 20  Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ сиахсы акӕндзысты, ӕмӕ уӕд дардзысты ком+. 21  Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры, науӕд ног хъуымац куы сбада, уӕд зӕрондӕй ратондзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы стырдӕр фӕуыдзӕн+. 22  Уӕдӕ ног сӕн дӕр зӕронд лалымы ничи ныккӕны. Куы йӕ ныккӕнай, уӕд та сӕн лалым атондзӕн, ӕмӕ сӕн дӕр фесӕфдзӕн, ӕмӕ лалым дӕр+. Фӕлӕ ног сӕн ныккӕнынц ног лалымы»+. 23  Иу сабатбон куы уыди, уӕд Йесо фӕцӕйцыд хоры хуымтыл, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕфсиртӕ+ тонын байдыдтой+. 24  Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд ын афтӕ бакодтой: «Бакӕс-ма сӕм! Сабаты цы не ’мбӕлы, уый цӕмӕн аразынц?»+ 25  Уый та сын дзуапп радта: «Ау, никуы кастыстут, Давид+ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм хӕринаг куы ницыуал уыд ӕмӕ куы сӕххормаг сты, уӕд Давид цы бакодта?+ 26  Сауджынты хистӕр Авиафары+ рӕстӕджы Хуыцауы хӕдзармӕ куыд бацыд ӕмӕ нывонд дзултӕй+ куыд бахордта ӕмӕ дзы, йемӕ чи уыди, уыдонӕн дӕр куыд радта – кӕд ӕмӕ дзы сауджынтӕн йеддӕмӕ хӕрын никӕмӕн ӕмбӕлы?»+ 27  Стӕй ма сын ноджыдӕр загъта: «Хуыцау адӕймаджы сабаты тыххӕй не скодта+ – сабат скодта адӕймаджы тыххӕй+. 28  Уӕдӕ Адӕймаджы Фыртӕн сабатыл дӕр цӕуы йӕ бар»+.

Фиппаинӕгтӕ

Уӕды заманты-иу фынджы уӕлхъус бадгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу сӕхи сӕ иу фарсыл ӕруагътой.