Марчы 3:1—35

3  Ӕмӕ та ногӕй бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уым уыди, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм лӕг+.  Фарисейтӕ та лӕмбынӕг кастысты Йесомӕ, кӕддӕра йӕ сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ – куыд ӕй фӕаххосджын кодтаиккой, уый агуырдтой+.  Уый та, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст ӕмӕ размӕ рацу».  Стӕй уыдоны бафарста: «Сабаты цы ’мбӕлы – хорз хъуыддаг саразын ӕви ӕвзӕр? Искӕй* фервӕзын кӕнын ӕви фесафын?»+ Фӕлӕ сӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд.  Уӕд сыл мӕстыйӕ йӕ цӕст ахаста – тынг хъыг ын уыд, афтӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, уый+. Стӕй лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма мӕм ӕрбадар». Уый йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх+.  Уӕд фарисейтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ, Ироды фарс чи уыди+, уыдонимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, куыд ӕй амарой, ууыл+.  Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕхи айста денджызы ’рдӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыди дуне адӕм Галилейӕйӕ ӕмӕ Иудейӕйӕ+.  Ӕмӕ ма Иерусалимы, Идумейӕйы ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс, стӕй Тир+ ӕмӕ Сидоны алыварс цӕрджытӕ куы фехъуыстой, цас диссӕгтӕ аразы, уый, уӕд ӕм суанг уырдыгӕй дӕр ӕрцыд дуне адӕм.  Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста иу гыццыл бӕлӕгъ цӕттӕйӕ дарын, адӕм ӕгӕр куы гуылф кӕной, зӕгъгӕ, 10  уымӕн ӕмӕ бирӕты сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ йыл ныр, алыхуызон уӕззау низтӕ кӕмӕ уыд, уыдон иууылдӕр сӕхи ӕппӕрстой, цӕмӕй-иу ыл андзӕвыдаиккой+. 11  Суанг ма-иу ӕй дӕлимонтӕ*+ дӕр куы федтой, уӕд-иу йӕ разы ӕрхаудтой ӕмӕ-иу хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!»+ 12  Фӕлӕ-иу сӕ уый тынг бафӕдзӕхста, чи дӕн, уый ма дзурут, зӕгъгӕ+. 13  Уый фӕстӕ ссыд хохмӕ, стӕй фӕдзырдта, кӕмӕ йӕ фӕндыд, уыдонмӕ+, ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты+. 14  Ӕмӕ дзы равзӕрста дыууадӕс адӕймаджы, схуыдта сӕ апостолтӕ, цӕмӕй уой йемӕ, хъусын кӕнынмӕ сӕ ӕрвита+ 15  ӕмӕ сӕ бон уа адӕмӕй хӕйрӕджыты сурын+. 16  Уыцы дыууадӕс ахуыргӕнинаджы уыдысты: Симон, схуыдта ма йӕ Петр+ дӕр; 17  Зеведейы фырттӕ Иаков+ ӕмӕ Иоанн – уыдоны та схуыдта Воанергес, ома «арвнӕрды фырттӕ»; 18  Андрей, Филипп, Варфоломей, Матфей, Фома, Алфейы фырт Иаков, Фаддей, Симон Кананит* 19  ӕмӕ Иудӕ Искариот, фӕстӕдӕр ӕй чи ауӕй кодта+, уый. Уый фӕстӕ Йесо бацыд иу хӕдзармӕ. 20  Ӕмӕ та сыл уыйбӕрц адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ сын бахӕрыны фадат дӕр нал фӕци+. 21  Йӕ хиуӕттӕ+ уый куы фехъуыстой, уӕд ӕм ӕрцыдысты, йӕ сӕрызонд фӕцыди ӕмӕ йӕ ракӕнӕм, зӕгъгӕ+. 22  Уымӕй уӕлдай ма, Иерусалимӕй цы чиныджыдӕснытӕ ӕрцыд, уыдон дзырдтой: «Амӕн йӕ мидӕг Велзевул* ис, ӕмӕ хӕйрӕджыты дӕр хӕйрӕджыты ӕлдары хъаруйӕ суры»+. 23  Уӕд сӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын ӕрхаста цӕвиттонтӕ: «Сайтан йӕхӕдӕг йӕхи куыд хъуамӕ сура? 24  Цӕвиттон, паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕфесӕфгӕ нӕй+. 25  Ӕмӕ хӕдзары мидӕг дӕр бинонтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд сӕ цардӕн ӕнӕфехӕлгӕ нӕй+. 26  Уӕдӕ кӕд Сайтан дӕр йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ сыстади ӕмӕ ныддихтӕ, уӕд йе сӕфт ӕрцыд+. 27  Тыхджын адӕймаджы хӕдзармӕ чи бабырса, уый йын йӕ фӕллӕйттӕ нӕ рахӕсдзӕн+, цалынмӕ уал ын йӕхи не сбӕтта, уӕдмӕ. Ӕрмӕстдӕр ын уӕд фӕкъахдзӕн йӕ хӕдзар+. 28  Ӕцӕг уын зӕгъын: адӕм цыфӕнды тӕригъӕд ма ракӕной ӕмӕ цыфӕнды фауӕн ныхас ма зӕгъой – хатыр сын уыдзӕн+. 29  Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи зӕгъа фауӕн ныхас, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн – уыцы тӕригъӕд ыл уыдзӕн ӕнусмӕ»+. 30  Афтӕ та сын уымӕн загъта, ӕмӕ дзы дзырдтой, йӕ мидӕг дӕлимон* ис, зӕгъгӕ+. 31  Уӕдмӕ йӕм йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ+ дӕр ӕрбахӕццӕ сты. Ӕддейӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йӕм барвыстой, фӕдзурут-ма йӕм, зӕгъгӕ+. 32  Ӕмӕ адӕм йӕ алыварс ӕмбырдӕй куыд бадтысты, афтӕ йӕм бадзырдтой: «Уӕртӕ дӕм дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ ӕддейӕ лӕууынц, дӕу агурӕг ӕрбацыдысты»+. 33  Фӕлӕ сын уый загъта: «Чи у мӕ мад, чи сты ме ’фсымӕртӕ?»+ 34  Ӕмӕ, йӕ алыварс чи бадт, уыдоныл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ адон сты мӕнӕн мӕ мад ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ!+ 35  Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
«Кананит» нысан кӕны «зынгзӕрдӕ». Абар Лк 6:15.
«Велзевул» – хӕйрӕджыты ӕлдары нӕмттӕй иу.
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.