Марчы 4:1—41

4  Ӕмӕ та ногӕй райдыдта адӕмы денджызы был ахуыр кӕнын+. Йӕ разы ӕрӕмбырд тынг бирӕ адӕм, ӕмӕ уый дӕр бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ иу гыццыл фалдӕр баленк кодта. Адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон+.  Ӕмӕ сын бирӕ цыдӕртӕ амыдта фӕсномыг ныхӕсты+ руаджы. Радзырдта сын+:  «Байхъусут ахӕм фӕсномыг ныхасмӕ. Иу бон тауӕг рацыд тауынмӕ+.  Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕмӕ мӕргътӕ ӕртахтысты ӕмӕ сӕ рауыгътой+.  Иннӕтӕ ӕрхаудысты дурджын ран, сыджыт дзы бирӕ нӕ уыд. Ӕмӕ иугӕр сыджыт арф нӕ уыди, уӕд уайтагъд сгӕпп кодтой+.  Фӕлӕ хур куы ӕрӕндӕвта, уӕд сӕ асыгъта, ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф нӕ уыдысты+.  Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты сындзыты ’хсӕн. Сындзытӕ куы ссыдысты, уӕд сӕ рӕзын нал суагътой, ӕмӕ тыллӕг дӕр нал радтой+.  Фӕлӕ нӕмгуытӕй ӕрхауди хорз зӕххыл+ дӕр. Ӕмӕ уыдон сӕхиуыл куы схӕцыдысты ӕмӕ куы сырӕзтысты, уӕд радтой тыллӕг: чи ӕртын хатты фылдӕр, чи ӕхсай хатты фылдӕр, чи та сӕдӕ хатты фылдӕр»+.  Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд»+. 10  Адӕм куы ацыдысты, уӕд ӕй, йӕ дыууадӕс апостолимӕ чи баззад, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ фӕсномыг ныхӕсты тыххӕй бафарстой+. 11  Ӕмӕ сын дзуапп радта: «Сымахӕн ӕргом у Хуыцауы паддзахады сусӕгдзинад+, иннӕтӕн та ӕппӕт уыдӕттӕ фӕсномыг ныхӕстӕ йеддӕмӕ ницы сты+, 12  цӕмӕй кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусой, фӕлӕ йӕ ма ӕмбарой, ӕмӕ мӕм ма раздӕхой ӕмӕ сын хатыр ма уа»+. 13  Уый фӕстӕ сын загъта: «Кӕд ацы фӕсномыг ныхас не ’мбарут, уӕд иннӕтӕ та куыд бамбардзыстут? 14  Тауӕг цы тауы, уый у дзырд+. 15  Фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон сты, дзырд кӕй зӕрдӕйы байтыдтой, ахӕм адӕймӕгтӕ: куыддӕр ӕй фехъусынц, афтӕ Сайтан ӕрбацӕуы+ ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕйы цы дзырд байтыдтой, уый ахӕссы+. 16  Дурджын рӕтты цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон дӕр афтӕ: дзырд куыддӕр фехъусынц, афтӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ цингӕнгӕ айсынц+. 17  Фӕлӕ вӕййынц ӕнӕуидаг. Ӕмӕ кӕд иуцасдӕр ахӕссынц, уӕддӕр, фыдӕвзарӕнты куыддӕр бахауынц ӕмӕ сӕ Хуыцауы паддзахады дзырды тыххӕй ӕфхӕрын куыддӕр райдайынц, афтӕ фӕцудынц+. 18  Ис ма ахӕмтӕ дӕр, сындзыты ’хсӕн чи ’рхауд. Уыдон дӕр дзырд фехъусынц+, 19  фӕлӕ ацы царды* сагъӕстыл+ свӕййынц, хъӕздыгдзинад+ сӕ йӕ фӕдыл асайы, сӕ зӕрдӕйы ӕндӕр бӕллицтӕ+ бынат скӕнынц, ӕмӕ дзырд нал сырӕзы. Гъемӕ тыллӕг дӕр нӕ ратты+. 20  Хорз зӕххыл чи ’рхауд, уыдон та ахӕм адӕм сты, ӕмӕ дзырдмӕ чи байхъусы, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ чи айсы ӕмӕ тыллӕг чи ратты – чи ӕртын хатты фылдӕр, чи ӕхсай хатты фылдӕр, чи та сӕдӕ хатты фылдӕр»+. 21  Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Цырагъ исты уый тыххӕй рахӕссынц, цӕмӕй йӕ барӕн къусы бын кӕнӕ сынтӕджы бын бавӕрой? Уый тыххӕй йӕ нӕ рахӕссынц, цӕмӕй йӕ цырагъдарӕныл сӕвӕрой?+ 22  Кӕд исты сусӕг у, уӕддӕр уый тыххӕй, цӕмӕй раргом уа, ӕмӕ кӕд исты арф ӕмбӕхст у, уӕддӕр уый тыххӕй, цӕмӕй рахъӕр уа+. 23  Хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд»+. 24  Уый фӕстӕ сын ныффӕдзӕхста: «Цы хъусут, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут+. Уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр+, ӕмӕ ма уын ратдзысты уымӕй дӕр фылдӕр+. 25  Уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр. Кӕмӕ нӕй, уымӕн та, цы йӕм ис, уый дӕр байсдзысты»+. 26  Ноджыдӕр ма сын загъта: «Хуыцауы паддзахад абарӕн ис, мыггаг зӕххы чи ныппӕрста, ахӕм адӕймагимӕ+. 27  Уый ӕхсӕвы фынӕй фӕкӕны, бонӕй сысты. Уӕдмӕ мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы – куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны+. 28  Афтӕ зӕхх йӕхӕдӕг сабыргай ратты тыллӕг: фыццаг мӕнӕу ссӕуы, уый фӕстӕ скӕны ӕфсир, стӕй уӕд ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы. 29  Куыддӕр сцӕттӕ вӕййы, афтӕ та йыл ӕхсырф рауадзы, уымӕн ӕмӕ ӕрцыд йӕ кӕрдын афон». 30  Ӕмӕ дарддӕр дзырдта: «Цӕимӕ ис абарӕн Хуыцауы паддзахад, науӕд ӕй цавӕр фӕсномыг ныхасӕй ис бамбарын кӕнӕн?+ 31  Уый абарӕн ис хъыцъыйы нӕмыгимӕ – зӕххыл цыдӕриддӕр тауинӕгтӕ ис, уыдонӕй уымӕй гыццылдӕр нӕй+. 32  Фӕлӕ йӕ куы ныссадзынц ӕмӕ куы сырӕзы, уӕд свӕййы цӕхӕрадоны зайӕгойтӕй се ’ппӕтӕй стырдӕр – йӕ къалиутӕ дардыл айтындзы+, ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ+ йӕ аууоны сӕхицӕн бынат скӕнынц»+. 33  Йесо сын бирӕ ахӕм фӕсномыг ныхӕстӕ+ дзырдта – сӕ бон бамбарын цас уыд, уыйбӕрц. 34  Ӕмӕ сын ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй ницы дзырдта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та-иу алцыдӕр хибарӕй бамбарын кодта+. 35  Куы баизӕр, уӕд сын загъта: «Ахизӕм денджызы фаллаг фарсмӕ»+. 36  Уыдон адӕмы ауагътой ӕмӕ, Йесо кӕм бадт, уыцы бӕлӕгъы аленк кодтой. Уым ма уыди ӕндӕр бӕлӕгътӕ дӕр+. 37  Уӕдмӕ сыстад тыхдымгӕ, уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл цавтой, ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын байдыдта+. 38  Йесо та фӕстӕрдыгӕй базыл йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта ӕмӕ фынӕй кодта. Уыдон ӕй райхъал кодтой ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, ай мӕнӕ сӕфгӕ куы кӕнӕм, уӕд куыд ницы аразыс?»+ 39  Уӕд сыстад ӕмӕ дымгӕйӕн бауайдзӕф кодта, стӕй денджызӕн дӕр загъта: «Банцай! Ныссабыр у!»+ Дымгӕ банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр+. 40  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Ныр дӕр ма уӕ ницы уырны, ӕви?» 41  Фӕлӕ уыдоны стыр тас бацыд, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай чи у, дымгӕ дӕр ӕмӕ денджыз дӕр йӕ коммӕ куы кӕсынц?»+

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «цардӕвӕрды».