Марчы 5:1—43

5  Ӕмӕ бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Герасӕйы алыварс бӕстӕм+.  Ӕмӕ куыддӕр Йесо бӕлӕгъӕй рахызт, афтӕ йӕ размӕ фӕци, дӕлимон уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм лӕг – рацыд зӕппӕдзты ’хсӕнӕй+.  Цӕргӕ дӕр зӕппӕдзты кодта. Никӕй бон ӕй уыд рӕхыстӕй сбӕттын дӕр.  Бӕргӕ-иу ыл бакодтой хъадамантӕ дӕр ӕмӕ-иу ӕй бӕргӕ сбастой рӕхыстӕй, фӕлӕ-иу йӕ рӕхыстӕ атыдта, йӕ хъадамантӕ та-иу ныссаста. Ӕмӕ йын никӕй бон ницы бакӕнын уыд.  Ӕдзухдӕр, ӕхсӕвӕй-бонӕй, зӕппӕдзтӕ ӕмӕ хӕхтӕй йӕ хъӕр цыди ӕмӕ йӕхи дуртӕй хоста.  Фӕлӕ Йесойы дардмӕ куы ауыдта, уӕд уыциу тахт ракодта, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд  ӕмӕ ныхъхъӕр кодта+: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт?+ Хуыцауы хатырӕй+, хъизӕмарӕй мӕ ма мар»+.  Афтӕ та уымӕн ныхъхъӕр кодта, ӕмӕ йын Йесо загъта, уӕртӕ дӕлимон, ныууадз лӕджы, зӕгъгӕ+.  Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый йын загъта: «Мӕ ном у Ӕфсад+, уымӕн ӕмӕ бирӕ стӕм»+. 10  Ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, дӕлимонты ацы бӕстӕйӕ ма фӕсур, зӕгъгӕ+. 11  Уыцы рӕстӕг хохрӕбын хызти+ бирӕ хуытӕ+. 12  Ӕмӕ йын дӕлимонтӕ ныллӕгъстӕ кодтой: «Барвит нӕ уӕртӕ хуытӕм, уыдоны мидӕг бацӕуӕм». 13  Уый дӕр сын бар радта. Уӕд дӕлимонтӕ лӕджы ныууагътой ӕмӕ хуыты мидӕг бацыдысты. Ӕмӕ хуытӕ,– уыдаиккой иу-дыууӕ мины бӕрц,– былмӕ ныййарц сты, уырдыгӕй сӕхи денджызмӕ аппӕрстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты+. 14  Хуыгӕстӕ та азгъордтой ӕмӕ, цы ’рцыд, уый горӕты ӕмӕ хъӕуты радзырдтой. Ӕмӕ адӕм фӕфӕдис сты, уый цы хабар у, зӕгъгӕ+. 15  Йесомӕ куы ’рбацыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ уыцы хӕйрӕджджын лӕг, ӕнӕхъӕн дӕлимонты ӕфсад кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг, бады дарӕсы, йӕ зонд йӕхимӕ, афтӕмӕй. Ӕмӕ сӕ тас бацыд. 16  Стӕй ма сын, уыцы хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон дӕр радзырдтой, хӕйрӕджджын лӕджы хабар куыд уыд ӕмӕ хуытыл цы ’рцыд, уый. 17  Уӕд Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕ бӕстӕйӕ ацыдаид+. 18  Бӕлӕгъмӕ куыд фӕцӕйхызт, афтӕ йын, хӕйрӕджджын чи уыд, уыцы лӕг лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, демӕ мӕ акӕн, зӕгъгӕ+. 19  Фӕлӕ йӕ нӕ ауагъта. Загъта йын: «Ацу уӕхимӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕн+ ӕппӕт дӕр радзур – Йегъовӕ+ дын цы хорздзинад ракодта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта+, уый». 20  Уый дӕр ацыд ӕмӕ Дӕссахарыл*+ айхъуысын кодта, Йесо йын цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттӕ. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр дисӕй мардысты+. 21  Йесо бӕлӕгъыл фӕстӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ куы ахызт, уӕд ӕм дуне адӕм ӕрбамбырд. Ӕмӕ нырма былгӕрон уыд+, 22  афтӕ йӕм уырдӕм ӕрбацыд ӕмбырдгӕнӕны хистӕртӕй сӕ иу, Иаир, зӕгъгӕ. Иаир Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста+ 23  ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ гыццыл чызг тынг ӕвзӕр у. Курын дӕ, рацу мемӕ, дӕ къух ыл ӕрӕвӕр+, ӕмӕ уӕд адзӕбӕх уыдзӕн ӕмӕ мын цӕрдзӕн»+. 24  Ӕмӕ Йесо дӕр йемӕ ацыд. Йӕ фӕдыл та уыйбӕрц адӕм рараст, ӕмӕ йӕ размӕ цӕуын дӕр нӕ уагътой+. 25  Уым уыд, дыууадӕс азы+ тугцыдӕй чи удхар кодта, ахӕм сылгоймаг+. 26  Бирӕ дохтыртӕм фӕцыд+, ӕмӕ йын бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уый схардз кодта, фӕлӕ фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕци. 27  Ӕмӕ Йесойы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ӕм адӕмы ’хсӕнты фӕстӕрдыгӕй бацыд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсыл андзӕвыд+, 28  уымӕн ӕмӕ йӕхицӕн дзырдта: «Йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн»+. 29  Ӕмӕ уайтагъд йӕ туг йӕ цӕуынӕй банцад. Ӕмӕ сылгоймаг банкъардта, йӕ удхайраг низӕй кӕй фервӕзт+. 30  Уыцы сахат Йесо та банкъардта, тых дзы кӕй рацыд+. Уӕд разылд, адӕмыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Мӕ уӕлӕдарӕсыл мын чи андзӕвыд?»+ 31  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та йын загътой: «Ам адӕмӕй фезмӕлӕн куы нӕ ис+, уӕд ды та афтӕ зӕгъыс, чи мыл андзӕвыд, зӕгъгӕ?» 32  Фӕлӕ уый уӕддӕр йӕ алыварс ракӕс-бакӕс кодта, цӕмӕй йыл цы сылгоймаг андзӕвыд, уый федтаид. 33  Ӕмӕ йӕм уӕд сылгоймаг, цы йыл ӕрцыд, уый зонгӕйӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр радзырдта+. 34  Йесо та йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу+. Дӕ удхайраг низӕй макуыуал схъӕрз»+. 35  Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕмбырдгӕнӕны хистӕрмӕ хӕдзарӕй чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Цы ма тыхсын кӕныс ахуыргӕнӕджы?»+ 36  Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕмбырдгӕнӕны хистӕрӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст дӕм уырнындзинад уӕд»+. 37  Йемӕ та Петр, Иаков ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ никӕй ауагъта ацӕуын+. 38  Ӕмбырдгӕнӕны хистӕры хӕдзармӕ куы ’рцыдысты, уӕд дзы адӕмы баййӕфта тыхстӕй, кӕугӕ ӕмӕ хъарӕггӕнгӕ. 39  Уӕд мидӕмӕ бахызт ӕмӕ сын загъта: «Цӕуыл стыхстыстут ӕмӕ цӕуыл кӕут? Сывӕллон мӕлгӕ нӕ акодта, фынӕй у»+. 40  Уыдон ыл худын райдыдтой. Фӕлӕ уый се ’ппӕты дӕр ӕддӕмӕ рарвыста ӕмӕ, сывӕллон кӕм уыд, уырдӕм бахызт – йемӕ мидӕмӕ бакодта сывӕллоны фыд ӕмӕ мады, стӕй йе ’мбӕлтты дӕр+. 41  Уый фӕстӕ гыццыл чызджы къухыл рахӕцыд ӕмӕ йӕм бадзырдта: «Талифа куми», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст!»+ 42  Ӕмӕ чызг,– цыди йыл дыууадӕс азы,– уайтагъд сыстад ӕмӕ цӕуын райдыдта. Ныййарджытӕ ма фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой+. 43  Йесо та сын ныффӕдзӕхста, ацы хабар макӕмӕн радзурут+, зӕгъгӕ. Стӕй сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кодтаиккой.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «дӕс горӕтыл».