Матфейы 11:1—30
11 Йесо йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн, куыд ӕмӕ сӕ цы кӕнын хъӕуы, уыдӕттӕ куы бацамыдта, уӕд уырдыгӕй ацыди, цӕмӕй иннӕ горӕтты дӕр адӕмы ахуыр кодтаид ӕмӕ сын хъусын кодтаид+.
2 Иоанн та ахӕстоны+ фехъуыста Чырыстийы хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ йӕм йӕ ахуыргӕнинӕгты арвыста,
3 цӕмӕй йӕ бафарстаиккой: «Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»+
4 Йесо сын дзуапп радта: «Ацӕут ӕмӕ Иоаннӕн радзурут, цы хъусут ӕмӕ цы уынут, уый:
5 куырмытӕ цӕстӕй уынынц+, къуылыхтӕ+ къуылых нал цӕуынц, хъотырджынтӕ+ сӕ низӕй дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ+ хъусынц, мӕрдтӕ+ ӕгас кӕнынц ӕмӕ мӕгуыртӕн хъуыстгонд цӕуы хорз хабар+.
6 Амондджын у уыцы адӕймаг, мӕныл чи нӕ дызӕрдыг кӕны*»+.
7 Уыдон куы ацыдысты, уӕд Йесо байдыдта адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг быдырмӕ?+ Дымгӕ кӕй фӕйлауы, уыцы хъӕз?+
8 Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Фӕлмӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл ис, ахӕм лӕджы? О, фӕлӕ фӕлмӕн хъуымацӕй дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты сты+.
9 Уӕдӕ уӕддӕр цӕмӕн цыдыстут? Пехуымпары уынынмӕ? О, уый пехуымпар у, ӕмӕ уын зӕгъын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕр+.
10 Гъе уый тыххӕй уыдысты фыст ацы ныхӕстӕ дӕр: „Ӕз фервитын мӕ фидиуӕджы дӕ разӕй, уый дын барӕвдз кӕндзӕн дӕ фӕндаг!“+
11 Ӕцӕг уын зӕгъын: сылгоймагӕй чи райгуырд+, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр нӕ уыди, фӕлӕ уӕларвон паддзахады+ гыццылдӕр чи у, уый дӕр уымӕй уӕлдӕр у.
12 Аргъауӕг Иоанны заманӕй абоны онг уӕларвон паддзахадмӕ адӕм тырнынц сӕ тых, сӕ бонӕй, ӕмӕ йӕм чи тырны, уыдоны бавӕййы+.
13 Уымӕн ӕмӕ иууылдӕр, Пехуымпарты чингуытӕ дӕр ӕмӕ Закъон дӕр, дзырдтой, Иоанн цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ+.
14 Ӕмӕ уӕ кӕд фӕнды зонын, уӕд уый у, „чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы Илийа“+.
15 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд+.
16 Кӕимӕ абарон ацы фӕлтӕр?+ Уыдон сты гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн, базары фӕзты чи бады ӕмӕ се ’мбӕлттӕн афтӕ чи дзуры+:
17 „Мах уын уадындзӕй цагътам, фӕлӕ сымах нӕ кафыдыстут, хъарджытӕ кодтам, фӕлӕ сымах нӕ куыдтат ӕмӕ уӕхи нӕ хостат“+.
18 Раст афтӕ ацы адӕм дӕр – ӕрцыд Иоанн, ӕмӕ нӕдӕр хӕргӕ кӕны, нӕдӕр нуазгӕ+, ӕмӕ дзы дзурынц: „Ай хӕйрӕджджын у“.
19 Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт дӕр, уый та хӕргӕ дӕр кӕны ӕмӕ нуазгӕ дӕр+, фӕлӕ уымӕй дӕр дзурынц: „Ай мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ нозтуарзаг* куы у, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“+. Куыдфӕнды ма уа,– зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй»+.
20 Уый фӕстӕ уайдзӕф кӕнын райдыдта, йӕ диссӕгтӕн* сӕ фылдӕр кӕм равдыста, фӕлӕ уӕддӕр фӕсмон чи не ’ркодта, уыцы горӕттӕн+:
21 «Мӕгуыр дӕ бон, Хоразин! Мӕгуыр дӕ бон, Вифсаидӕ!+ Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕ куы федтаиккой, уӕд сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой: сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скодтаиккой ӕмӕ фӕнычы сбадтаиккой+.
22 Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны бон+ Тир ӕмӕ Сидонӕн сымахӕй+ ӕнцондӕр уыдзӕн.
23 Науӕд ды, Капернаум+, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты? Дӕлдзӕхмӕ*+ ныххаудзынӕ+, уымӕн ӕмӕ ды цы диссӕгтӕ федтай, уыдон Содомы цӕрджытӕ куы федтаиккой, уӕд ма уыцы горӕт абоны онг дӕр лӕууыдаид.
24 Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны бон Содомы бӕстӕйӕн дӕуӕй* ӕнцондӕр уыдзӕн»+.
25 Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Йесо загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй+.
26 О, мӕ Фыд, дӕу афтӕ бафӕндыд.
27 Мӕнӕн ӕппӕт дӕр радта мӕ Фыд+, ӕмӕ Фырты алцӕмӕй дӕр Фыд куыд зоны, афтӕ йӕ ничи зоны+, стӕй Фыды дӕр ничи зоны Фырты хуызӕн ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый хуызӕн+.
28 Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут+, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн.
29 Ме ’фсондз+ уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн+ ӕмӕ сӕрныллӕг*, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут+.
30 Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «мӕныл чи нӕ фӕкӕла».
^ Комк. «сӕнуарзаг».
^ Комк. «хъомысджын хъуыддӕгтӕн». Кӕс 21, 23 ст. дӕр.
^ Комк. «гадесмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
^ «Дӕуӕй» – амоны горӕт Капернауммӕ.
^ Комк. «ныллӕгзӕрдӕ».