Матфейы 12:1—50

12  Иу сабатбон Йесо фӕцӕйцыди хоры хуымтыл+. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕххормаг сты ӕмӕ ӕфсиртӕ тонын байдыдтой ӕмӕ сын сӕ нӕмгуытӕ хордтой+.  Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Йесомӕ фесты+: «Акӕс-ма! Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, сабаты цы не ’мбӕлы, уый аразынц»+.  Уый сын загъта: «Нӕ кастыстут, ӕви, Давид цы бакодта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр куы сӕххормаг сты, уӕд?+  Хуыцауы хӕдзармӕ бацыд, райста нывонд дзултӕ+ ӕмӕ дзы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр бахордтой, кӕд ӕмӕ дзы хӕрын ӕмбӕлди+ ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн+.  Науӕд Закъоны нӕ кастыстут+, сабатбон сауджынтӕ кувӕндоны кӕй фӕкусынц ӕмӕ сыл уӕддӕр аххос кӕй нӕй?+  Фӕлӕ уын зӕгъын: ам ис, кувӕндонӕй уӕлдӕр чи у, уый+.  Куы йӕ ӕмбариккат, цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, „мӕн нывӕндтӕ нӕ хъӕуы+, фӕлӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уат+, уый“, уӕд ӕнаххос адӕмӕн не стӕрхон кодтаиккат.  Адӕймаджы Фыртӕн та сабатыл цӕуы йӕ бар»+.  Уырдыгӕй Йесо ацыд се ’мбырдгӕнӕнмӕ. 10  Уым уыд, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, ахӕм адӕймаг+. Ӕмӕ цӕмӕй фарисейтӕ Йесойы истӕмӕй фӕаххосджын кодтаиккой, уый тыххӕй йӕ бафарстой: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы?»+ 11  Уый сын загъта: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа ӕмӕ йын сабаты дзыхъхъы куы ныххауа+, уӕд ӕй нӕ сисдзӕн?+ 12  Ӕмӕ уӕд адӕймаг та цас зынаргъдӕр у фысӕй!+ Афтӕ уӕдӕ, сабаты хорздзинад аразӕн ис». 13  Уый фӕстӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма мӕм ӕрбадар». Уый дӕр ӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх, раст ын иннӕйы хуызӕн сси+. 14  Фарисейтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Йесойы амарой+. 15  Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта ӕмӕ уырдыгӕй йӕхи айста. Адӕмӕй дӕр бирӕтӕ йӕ фӕдыл ацыдысты, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта+. 16  Ӕрмӕст сӕ тынг бафӕдзӕхста, мӕ кой макӕмӕн кӕнут+, зӕгъгӕ. 17  Афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исай цы загъта, уый: 18  «Мӕнӕ мӕ лӕггадгӕнӕг+, ӕз кӕй равзӕрстон ӕмӕ кӕй уарзын+, уый. Мӕнӕ мӕ зӕрдӕйы* фӕндиаг адӕймаг! Ӕз ӕй мӕ тыхӕй* схайджын кӕндзынӕн+, ӕмӕ адӕмтӕн, рӕстдзинад цы у, уый бамбарын кӕндзӕн. 19  Уый нӕдӕр тыхныхас кӕндзӕн+, нӕдӕр хъӕр, ӕмӕ йын стыр уынгты йӕ хъӕлӕс ничи фехъусдзӕн. 20  Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ* нӕ ахуыссын кӕндзӕн+. Уый афтӕ кӕндзӕн, цалынмӕ рӕстдзинад+ уӕлахизмӕ не ’ркӕна, уӕдмӕ. 21  Ӕмӕ йӕ номӕй ныфсджын уыдзысты адӕмтӕ»+. 22  Уӕд ӕм ӕрбакодтой, йӕ мидӕг хӕйрӕг кӕмӕн уыд, иу ахӕм куырм ӕмӕ ӕгомыг лӕджы, ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта – ӕгомыг сдзырдта ӕмӕ цӕстӕй дӕр ракаст. 23  Адӕм та дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой+: «Ай Давиды Фырт ма уа?»+ 24  Уыцы ныхӕстӕ фарисейтӕ куы айхъуыстой, уӕд загътой: «Ацы лӕг хӕйрӕджыты суры хӕйрӕджытӕн се ’лдар Велзевулы хъаруйӕ»+. 25  Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ+ ӕмӕ сын загъта: «Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ныххӕлӕттаг уыдзӕн+, ӕмӕ горӕты цӕрджытӕ кӕнӕ хӕдзары мидӕг бинонтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ куы суой, уӕд уыцы горӕт дӕр фесӕфдзӕн ӕмӕ уыцы бинонты цард дӕр фехӕлдзӕн. 26  Уӕдӕ кӕд Сайтан йӕхӕдӕг йӕхи суры, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ сси, ӕмӕ ма уӕд йӕ паддзахад фидар куыд лӕудзӕн? 27  Стӕй кӕд ӕз Велзевулы+ хъаруйӕ сурын хӕйрӕджыты, уӕд сӕ уӕ фӕдылдзӕуджытӕ* та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уӕдӕ уын уӕ фӕдылдзӕуджытӕ уыдзысты тӕрхонгӕнджытӕ. 28  Фӕлӕ кӕд ӕз Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сурын хӕйрӕджыты, уӕд уӕ Хуыцауы паддзахад ӕцӕгдӕр ӕрӕййӕфта+. 29  Науӕд исчи тыхджын адӕймаджы хӕдзармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йын йӕ фӕллӕйттӕ рахӕсдзӕн, цалынмӕ уал ын йӕхи не сбӕтта, уӕдмӕ? Ӕрмӕстдӕр ын уӕд фӕкъахдзӕн йӕ хӕдзар+. 30  Мӕ фарс чи нӕу, уый мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый фӕйнӕрдӕм пырх кӕны+. 31  Гъе уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: адӕймагӕн цыфӕнды тӕригъӕд ӕмӕ фауӕн ныхасы тыххӕй дӕр хатыр уыдзӕн, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых чи бафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн+. 32  Цӕвиттон, Адӕймаджы Фырты ныхмӕ чи дзура, уымӕн уыдзӕн хатыр+, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ чи дзура, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн – нӕдӕр ныр*, нӕдӕр фидӕны+. 33  Кӕд уӕ бӕлас хорз у, уӕд йӕ дыргъ дӕр хорз у, кӕд уӕ бӕлас ӕвзӕр у, уӕд йӕ дыргъ дӕр ӕвзӕр у, уымӕн ӕмӕ бӕлас йӕ дыргътӕй бӕрӕг вӕййы+. 34  Калмы мыггаг+, фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ уӕ бон куыд у хорз ныхӕстӕ кӕнын?+ Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны+. 35  Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй рахӕссы хорздзинӕдтӕ+, ӕвзӕр адӕймаг та йе ’взӕрдзинады къӕбицӕй рахӕссы ӕвзӕрдзинӕдтӕ+. 36  Зӕгъын уын: адӕм сӕ алы дзӕгъӕл ныхасы тыххӕй дӕр Тӕрхоны бон дзуапп ратдзысты+. 37  Дӕ ныхӕсты тыххӕй нымад ӕрцӕудзынӕ кӕнӕ раст адӕймагыл, кӕнӕ – аххосджыныл»+. 38  Уӕд чиныджыдӕснытӕй ӕмӕ фарисейтӕй чидӕртӕ Йесойӕн загътой: «Ахуыргӕнӕг, диссаг-ма нын равдис»+. 39  Ӕмӕ сын уый загъта: «Ацы тӕригъӕдджын ӕмӕ хӕлд*+ фӕлтӕр агурынц диссаг, фӕлӕ пехуымпар Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ницы диссаг фендзысты+. 40  Ионӕ+ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы стыр кӕсаджы хуылфы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт+ дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы+ уыдзӕн зӕххы хуылфы+. 41  Тӕрхоны бон Ниневийы адӕм ацы фӕлтӕримӕ мӕрдтӕй сыстдзысты+ ӕмӕ сын стӕрхон кӕндзысты+, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы ныхӕсты фӕстӕ ӕрфӕсмон кодтой+. Ӕмӕ ам та ис, Ионӕйӕ дӕр уӕлдӕр чи у, уый. 42  Тӕрхоны бон хуссайраг ус-паддзах+ ацы фӕлтӕримӕ мӕрдтӕй сыстдзӕн ӕмӕ сын стӕрхон кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый Соломоны зондмӕ байхъусынмӕ ӕрцыд зӕххы кӕронӕй. Ӕмӕ ам та ис, Соломонӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый+. 43  Дӕлимон адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд хус рӕтты йӕхицӕн бынат агурӕг фӕзилы, фӕлӕ ницы ссары+. 44  Ӕмӕ уӕд фӕзӕгъы, цӕуон фӕстӕмӕ мӕ хӕдзармӕ, кӕцӕй рацыдтӕн, уырдӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ӕрӕййафы афтидӕй, хӕрзмарзтӕй ӕмӕ хӕрзӕфснайдӕй. 45  Уӕд раздӕхы, йемӕ ракӕны ӕндӕр авд дӕлимоны, йӕхицӕй фыддӕрты+, ӕмӕ бацӕуынц уыцы хӕдзармӕ ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ уавӕр, цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр фӕвӕййы+. Раст афтӕ уыдзӕн сӕ хабар ацы тӕригъӕдджын фӕлтӕрӕн дӕр»+. 46  Йесо ма адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕм йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ+ ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕддейӕ ӕрлӕууыдысты – фӕндыди сӕ йемӕ аныхас кӕнын. 47  Ӕмӕ йын чидӕр загъта: «Уӕртӕ дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ ӕддейӕ лӕууынц, демӕ сӕ аныхас кӕнын фӕнды». 48  Фӕлӕ йӕ Йесо бафарста: «Чи у мӕ мад, чи сты ме ’фсымӕртӕ?»+ 49  Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ адон сты мӕнӕн мӕ мад ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ!+ 50  Мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уды» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «фител».
Комк. «фырттӕ».
Кӕнӕ «ацы цардӕвӕрды».
Ома, «Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта».