Матфейы 15:1—39
15 Уӕд Йесомӕ Иерусалимӕй+ ӕрцыдысты фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ йын загътой:
2 «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдау цӕмӕн халынц? Хӕрды размӕ сӕ къухтӕ цӕуылнӕ ӕхсынц?»+
3 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕмӕ сымах та уӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты цӕмӕн хизут?+
4 Цӕвиттон, Хуыцау загъта: „Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады нымай“+, стӕй ма: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады чи ӕфхӕры*, уый хъуамӕ амӕла“+.
5 Сымах та фӕзӕгъут: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй дӕм цы ’мбӕлди, уый Хуыцауӕн нывонд у, зӕгъгӕ,
6 уыцы адӕймаджы нал хъӕуы йӕ фыды нымайын“+. Афтӕмӕй сымах Хуыцауы ныхас уе ’гъдӕуттӕй баивтат+.
7 Цӕстмӕхъустӕ+, пехуымпар Исай+ сымах тыххӕй раст дзырдта:
8 „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй+.
9 Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“»+.
10 Уый фӕстӕ адӕммӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут+:
11 адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цы бацӕуы, уый йӕ нӕ чъизи кӕны, фӕлӕ йӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый йӕ кӕны чъизи»+.
12 Уӕд Йесомӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Зоныс ӕй, дӕ ныхӕстӕ фарисейтӕн хъыг кӕй уыдысты?»+
13 Уый сын дзуапп радта: «Мӕ уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой ӕд уидаг срӕдувдзысты+.
14 Уадзут сӕ. Уыдон сты куырм разамонджытӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы кӕна, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты»+.
15 Уӕд ӕм Петр бахатыд: «Уыцы фӕсномыг ныхас-ма нын бамбарын кӕн»+.
16 Йесо сын загъта: «Ау, сымах дӕр ӕй нӕма бамбӕрстат?+
17 Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цы бацӕуы, уый кӕй ацӕуы гуыбынмӕ, стӕй та – ӕддӕмӕ?
18 Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та зӕрдӕйӕ ссӕуы, ӕмӕ адӕймаджы чъизи дӕр уый кӕны+.
19 Зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ+, марын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн ныллӕууын, фауӕн ныхӕстӕ кӕнын+.
20 Адӕймаджы адӕттӕ чъизи кӕнынц, ӕнӕхсад къухӕй бахӕра, уый йӕ нӕ чъизи кӕны, фӕлӕ»+.
21 Йесо уырдыгӕй рацыд ӕмӕ араст Тир ӕмӕ Сидоны ’рдӕм+.
22 Уым йӕ размӕ рацыд, уыцы ран чи цард, иу ахӕм финикийаг*+ сылгоймаг ӕмӕ йӕм хъӕр кодта: «Хицау, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!+ Мӕ чызджы мын хӕйрӕджытӕ удхарӕй марынц».
23 Фӕлӕ йӕм уый ницы сдзырдта. Уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йӕм бахатыдысты: «Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ ацӕуа, кӕннод нӕ фӕдыл хъӕргӕнгӕ цӕуы».
24 Йесо та сын загъта: «Ӕз ӕрвыст дӕн ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонмӕ»+.
25 Фӕлӕ йӕм сылгоймаг бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Хицау, баххуыс мын кӕн!»+
26 Уый йын загъта: «Сывӕллӕттӕн сӕ къӕбӕр сӕ дзыхӕй ратонай ӕмӕ йӕ къӕбылатӕн* аппарай, уый раст нӕу».
27 Сылгоймаг та загъта: «Уый афтӕ у, Хицау. Фӕлӕ къӕбылатӕ дӕр фӕхӕрынц, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон»+.
28 Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Хорз ус, фидар уырнындзинад дын ис! Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд». Ӕмӕ уыцы сахат йӕ чызг сдзӕбӕх+.
29 Йесо уырдыгӕй ацыд ӕмӕ ӕрцыд Галилейӕйы денджызы былмӕ+. Уыцы ран ссыд хохмӕ+ ӕмӕ уым ӕрбадти.
30 Ӕмӕ йӕм уырдӕм тынг бирӕ адӕм ӕмбырд кӕнын райдыдта. Семӕ кодтой къуылыхты, цӕнкуылты, куырмыты, ӕгомыгты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр алыхуызон рынчынты, йӕ къӕхты раз-иу сӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу сӕ уый сдзӕбӕх кодта+.
31 Адӕм уый куы федтой, ӕмӕ ӕгомыгтӕ дзурынц, къуылыхтӕ цӕуынц ӕмӕ куырмытӕ цӕстӕй уынынц, уӕд дис кодтой ӕмӕ кадджын кодтой Израилы Хуыцауы+.
32 Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта+: «Тӕригъӕд сты+ ацы адӕм. Ныр ӕртӕ боны ам мемӕ сты, ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та мӕ нӕ фӕнды, фӕндагыл исты кӕндзысты».
33 Фӕлӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Ам цӕрӕг дӕр куы нӕй, уӕд уыйбӕрц адӕмы бафсадынӕн дзултӕ кӕм хъуамӕ ссарӕм?»+
34 Уӕд сӕ Йесо бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Авд дзулы, стӕй ма цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр».
35 Адӕмы зӕххыл куы ’рбадын кодта,
36 уӕд уыцы авд дзулы ӕмӕ цалдӕр кӕсаджы райста, Хуыцауӕн бузныг загъта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ айуӕрстой адӕмыл+.
37 Ӕмӕ иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдонӕй та байдзаг кодтой авд чыргъӕды+.
38 Афтӕмӕй та, чи хордта, уыдон,– сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ банымадтой, афтӕмӕй,– уыдысты цыппар мин лӕджы.
39 Ӕмӕ адӕмы куы арвыста, уӕд бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ ӕрцыд Магаданы* бӕстӕм+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «ӕлгъиты».
^ Кӕнӕ «ханаайнаг».
^ Дзуттӕгтӕм куыдз нымад уыди чъизи цӕрӕгойыл.
^ Магадан ӕмӕ Магдалӕ, ӕвӕц., иу сты.