Матфейы 2:1—23
2 Йесо райгуырд иудейаг горӕт Вифлеемы+, паддзах Ироды*+ рӕстӕджы. Уый фӕстӕ Скӕсӕнӕй Иерусалиммӕ ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ+
2 ӕмӕ загътой: «Кӕм ис дзуттӕгты ноггуырд паддзах?+ Скӕсӕны йын йе стъалы+ федтам, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йын бакувӕм».
3 Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд скатай, ӕмӕ йемӕ ӕгас Иерусалимы адӕм дӕр базмӕлыдысты.
4 Паддзах ӕрӕмбырд кодта сауджынты хистӕрты ӕмӕ чиныджыдӕсныты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдта, Чырысти* кӕм хъуамӕ райгуырдаид, зӕгъгӕ.
5 Уыдон ын загътой: «Иудейаг горӕт Вифлеемы+, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у пехуымпармӕ:
6 „Иудӕйы горӕт Вифлеем!+ Иудӕйы сӕргълӕуджытӕн сӕ къаддӕр нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕн, мӕ адӕмӕн, Израилӕн, фыййау чи уыдзӕн+, уыцы сӕргълӕууӕг“»+.
7 Уӕд Ирод стъалыдӕснытӕм йӕхимӕ сусӕгӕй фӕдзырдта ӕмӕ, стъалы кӕд фӕзынд, уый бӕлвырдӕй базыдта.
8 Ӕмӕ сӕ Вифлееммӕ куы ’рвыста, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ дзӕбӕх бацагурут уыцы сывӕллоны, ӕмӕ йӕ куы ссарат, уӕд-иу мын фӕхабар кӕнут, цӕмӕй йӕм ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ йын бакувон»+.
9 Паддзах сын уый куы загъта, уӕд сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой. Ӕмӕ мӕнӕ диссаг: Скӕсӕны+ цы стъалы федтой, уый цыд сӕ разӕй, цалынмӕ, сывӕллон кӕм уыди, уыцы бынаты сӕрмӕ не ’рлӕууыд, уӕдмӕ.
10 Стъалы кӕй ӕрлӕууыд, уый куы федтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди.
11 Ӕмӕ хӕдзармӕ мидӕмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой сывӕллоны йӕ мад Марийӕимӕ, ӕмӕ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ йын бакуывтой. Стӕй систой сӕ хӕзнатӕй ӕмӕ йын радтой лӕвӕрттӕ: сызгъӕрин, урс буд ӕмӕ миррӕ.
12 Фӕлӕ фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ ацыдысты ӕндӕр фӕндагыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау фыны бафӕдзӕхста+, цӕмӕй Иродмӕ мауал аздӕхтаиккой.
13 Уыдон куы ацыдысты, уӕд Иосифмӕ фыны фӕзынд Йегъовӕйы зӕд+ ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн сывӕллоны йӕ мадимӕ ӕмӕ Египетмӕ алидз. Уым лӕуу, цалынмӕ дын нӕ зӕгъон, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис сывӕллоны ссарын ӕмӕ йӕ амарын».
14 Уый дӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв сыстад, ракодта сывӕллоны йӕ мадимӕ ӕмӕ Египетмӕ алыгъд.
15 Ӕмӕ уым фӕци, цалынмӕ Ирод нӕ амард, уӕдмӕ. Афтӕмӕй сӕххӕст+, Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты цы загъта, уый: «Ӕз мӕ фырты Египетӕй+ ракодтон».
16 Ирод уый куы бамбӕрста, ӕмӕ йӕ стъалыдӕснытӕ асайдтой, уӕд мӕстӕй рафыхт, ӕмӕ Вифлееммӕ ӕмӕ йӕ алыварс бӕстӕм йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй ныццагътаиккой, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыди, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр – стъалыдӕснытӕй цы рӕстӕг базыдта, уымӕ гӕсгӕ сывӕллон уыцы кары уыди+.
17 Афтӕмӕй сӕххӕст, пехуымпар Йеремийы уылты цы загъд уыд, уый:
18 «Рамӕйы хъуысы ӕрдиаг+, кӕуын ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг. Рахил+ кӕуы йӕ хъӕбултыл, ӕмӕ йын басабыргӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ нал сты».
19 Ирод куы амард, уӕд та Йегъовӕйы зӕд фыны+ фӕзынд Иосифмӕ Египеты
20 ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн сывӕллоны йӕ мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ, сывӕллоны марынмӕ чи хъавыд*, уыдон амардысты».
21 Ӕмӕ уый дӕр сыстад, ракодта сывӕллоны йӕ мадимӕ ӕмӕ ’рцыд Израилы зӕхмӕ.
22 Фӕлӕ, Иудейӕйы Ироды бӕсты паддзах йӕ фырт Архелай кӕй у, уый куы фехъуыста, уӕд нал бауӕндыд уырдӕм ацӕуын. Стӕй ма йӕ Хуыцау дӕр фыны бафӕдзӕхста+, ӕмӕ Галилейӕйы бӕстӕм ацыд+.
23 Уырдӕм куы ’рцыди, уӕд ӕрцард Назареты+ горӕты, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, пехуымпарты уылты цы загъд уыди, уый: «Схондзысты йӕ назаретаг»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ома Номдзыд Ирод.
^ «Чырысти» – грекъ. Христо́с; дзут. Маши́ах; нысан кӕны «Сӕрст».
^ Комк. «сывӕллоны уд чи агуырдта»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.