Матфейы 23:1—39

23  Уӕд Йесо йе ’ргом аздӕхта адӕммӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм+ ӕмӕ сын загъта:  «Чиныджыдӕснытӕ+ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрбадтысты Моисейы бынаты+.  Уымӕ гӕсгӕ уын цыдӕриддӕр дзурынц+, уый кӕнут, сӕ хъуыддӕгтӕ та сын ма фӕзмут+, уымӕн ӕмӕ, цы дзурынц, уый сӕхӕдӕг нӕ аразынц.  Уыдон стыр уӕргътӕ бабӕттынц ӕмӕ сӕ адӕмы ӕккой сӕвӕрынц+, сӕхӕдӕг та сӕм се ’нгуылдзӕй дӕр нӕ февналынц+.  Цы аразынц, уый та аразынц адӕмы цӕстмӕ+: сӕхи фыдбылызӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕ ныхтыл ӕмӕ сӕ цӕнгтыл Закъоны ныхӕстимӕ цы къоппытӕ дарынц, уыдон фестырдӕр кӕнынц+, сӕ уӕлӕдарӕсы хаутӕ та даргъдӕр фӕкӕнынц+.  Уыдон уарзынц фынгтыл уӕлейӕ бадын+, ӕмбырдгӕнӕнты та – разӕй+.  Уарзынц, цӕмӕй сын базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой+ ӕмӕ сӕм, ахуыргӕнӕг*, зӕгъгӕ, дзурой+.  Фӕлӕ сымах ахуыргӕнӕг мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу ахуыргӕнӕг+ ис, сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут.  Стӕй зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу Фыд+ ис – уӕларвон Фыд. 10  Разамонджытӕ дӕр уӕ мачи хонӕд+, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти. 11  Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг+. 12  Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн+, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн+. 13  Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Сымах адӕмӕн уӕларвон паддзахады дуар ӕхгӕнут+ – уӕхӕдӕг+ дӕр нӕ хизут мидӕмӕ, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут. 14   * – – 15  Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ!+ Денджызыл ӕмӕ сурзӕххыл фӕзилут, цӕмӕй иу адӕймаджы уӕддӕр раздахат уӕ динмӕ. Ӕмӕ уый уӕ къухы куы бафты, уӕд та йӕ уӕхицӕй дыууӕ хатты тынгдӕр фӕкӕнут гееннӕйы* аккаг. 16  Додой уӕ къона, куырм разамонджытӕ!+ Сымах зӕгъут, зӕгъгӕ, исчи кувӕндонӕй куы расомы кӕна, уӕд ницы кӕны, фӕлӕ кувӕндоны сызгъӕринӕй чи расомы кӕна, уымӕн йӕ сомы ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ нӕй+. 17  Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Цы у сӕйрагдӕр: сызгъӕрин ӕви, уыцы сызгъӕрин табуйаг кӕм сси, уыцы кувӕндон?+ 18  Ноджыдӕр ма фӕзӕгъут, зӕгъгӕ, исчи нывондхӕссӕнӕй куы расомы кӕна, уӕд ницы кӕны, фӕлӕ нывондхӕссӕныл ӕвӕрд кувинагӕй чи расомы кӕна, уымӕн йӕ сомы ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ нӕй. 19  Куырмытӕ! Цы у сӕйрагдӕр: кувинаг ӕви, уыцы кувинаг табуйаг кӕм сси, уыцы нывондхӕссӕн?+ 20  Уӕдӕ нывондхӕссӕнӕй чи сомы кӕны, уый сомы кӕны нывондхӕссӕнӕн йӕхицӕй дӕр ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уымӕй дӕр. 21  Стӕй, кувӕндонӕй чи сомы кӕны, уый дӕр сомы кӕны кувӕндонӕн йӕхицӕй дӕр ӕмӕ дзы чи цӕры, уымӕй дӕр+. 22  Ӕмӕ, арвӕй чи сомы кӕны, уый та сомы кӕны Хуыцауы паддзахбадӕнӕй+ дӕр ӕмӕ йыл чи бады, уымӕй дӕр. 23  Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Битъынайӕ, хъонтхорайӕ ӕмӕ зирӕйӕ дӕсӕм хай+ дӕттут, Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ та – рӕстдзинад+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ ӕмӕ иузӕрдиондзинад+ – ницӕмӕ дарут. Уыдӕттӕ дӕр кӕнын ӕмбӕлди, фӕлӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ дӕр нӕ хъуыди рох кӕнын. 24  Куырм разамонджытӕ!+ Уӕ сӕн фӕрсудзгӕ кӕнут, цӕмӕй дзы къогъо+ ма уа, теуайы та ныхъуыргӕ акӕнут!+ 25  Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ ныссыгъдӕг кӕнут+, мидӕгӕй та йедзаг сты стигъын+ ӕмӕ зыд кӕнынӕй. 26  Куырм+ фарисей! Фыццаг уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ мидӕгӕй ныссыгъдӕг кӕн+, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг уыдзысты. 27  Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ!+ Сымах стут чъырӕйцагъд+ ингӕнты хуызӕн. Уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та йедзаг сты мӕрдты стджытӕй ӕмӕ алы чъизитӕй. 28  Афтӕ сымах дӕр ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ рӕстгӕнджытӕ зынут+, мидӕгӕй та йедзаг стут цӕстмӕми ӕмӕ фыддзинадӕй. 29  Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ!+ Сымах пехуымпартӕн ингӕнтӕ аразут ӕмӕ рӕстгӕнджыты зӕппӕдзтӕ срӕсугъд кӕнут+, 30  ӕмӕ фӕзӕгъут: „Мах нӕ фыдӕлты заман куы цардаиккам, уӕд уыдонау пехуымпарты туджы нӕ къухтӕ нӕ сӕвдылдтаиккам“+. 31  Ӕмӕ афтӕмӕй уӕхи дзыхӕй дзурут, пехуымпарты чи мардта, уыдоны фырттӕ кӕй стут+. 32  Уӕдӕ уӕ фыдӕлтӕн цы нӕ бантыст, уый сымах бакӕнут+. 33  Кӕлмытӕ! Калмы мыггаг!+ Ӕнхъӕлут, ӕмӕ гееннӕйы азарӕй алидздзыстут?+ 34  Уый тыххӕй уӕм фервитын+ пехуымпарты, зондджын лӕгты ӕмӕ зондамонджыты+. Кӕйдӕрты дзы амардзыстут+ ӕмӕ хъӕдыл байтындздзыстут, кӕйдӕрты та дзы уе ’мбырдгӕнӕнты ехсӕй нӕмдзыстут+ ӕмӕ иу горӕтӕй иннӕмӕ сӕ фӕдыл зилдзыстут. 35  Гъемӕ сымахыл уыдзӕн, зӕххыл цы рӕстгӕнджыты туг ныккалд+, уый: рӕстгӕнӕг+ Авелы+ тугӕй райдай ӕмӕ Варахийы фырт Захарийы тугӕй, кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн кӕй амардтат, уый тугӕй фӕу+. 36  Ӕцӕг уын зӕгъын: ӕппӕт уыцы фыдракӕндты тыххӕй дзуапп ратдзысты ацы фӕлтӕр+. 37  Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты чи мары+ ӕмӕ йӕм кӕй арвитынц+, уыдоны дуртӕй чи фӕхойы!+ Цал хатты мӕ фӕндыд, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд ӕрбамбырд кӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын!+ Фӕлӕ уӕ нӕ бафӕндыд+. 38  Ныр уын Хуыцау уӕ хӕдзар*+ ныууадздзӕн+. 39  Зӕгъын уын: нал мӕ фендзыстут, цалынмӕ нӕ зӕгъат: „Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. «равви». Комк. нысан кӕны «ахуыргӕнӕг», фӕлӕ н. э. 1 ӕнусы дзуттаг динамонджытӕм афтӕ дзурын райдыдтой кады, цыты номыл, «мӕ цытджын хицау» кӕнӕ «дӕ бӕрзонддзинад» куыд зӕгъай, афтӕ.
Кӕс Мф 17:21, фип.
Кӕс Уӕлӕмх. 9.
Ома кувӕндон.