Матфейы 28:1—20

28  Сабаты фӕстӕ, къуырийы фыццаг бон* куы ’рбарухс, уӕд Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ иннӕ Марийӕ ингӕн фенынмӕ ӕрбацыдысты+.  Уӕдмӕ та стыр зӕххӕнкъуыст ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы зӕд уӕларвӕй ӕрцыд, дур афӕлдӕхта, ӕмӕ ныр уыцы дурыл бадти+.  Зӕд арвӕрттывдау цӕхӕртӕ калдта+, йӕ дарӕс та уыди митау урс-урсид+.  Ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ фыртӕссӕй ныррызтысты ӕмӕ арвы цӕфау фесты.  Зӕд+ сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз ӕй зонын, сымах, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы Йесойы+ агурут.  Ам нӕй – райгас+, куыд загъта, афтӕ. Мӕнӕ, кӕм ӕвӕрд уыд, уыцы бынат дӕр фенут.  Ӕмӕ рӕвдздӕр ацӕут, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ын зӕгъут, мӕрдтӕй райгас+ ӕмӕ Галилейӕмӕ+ уӕ разӕй фӕцӕуы, уым ӕй фендзыстут, зӕгъгӕ. Уый уын мӕ зӕгъинаг»+.  Сылгоймӕгтӕ зӕппадзӕй тагъд-тагъд рацыдысты, ӕмӕ сӕ тас дӕр бацыд, цин дӕр кодтой, афтӕмӕй азгъордтой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хабар фехъусын кӕнынмӕ+.  Фӕндагыл та сыл сӕмбӕлд Йесо ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Уӕ фӕндаг раст!» Уыдон ӕм базгъордтой, йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ йын йӕ къӕхтыл ныттыхстысты. 10  Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут! Цӕут ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн зӕгъут+, цӕмӕй Галилейӕмӕ ацӕуой. Уым мӕ фендзысты». 11  Сылгоймӕгтӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ хъахъхъӕнджытӕй+ чидӕртӕ горӕтмӕ бахӕццӕ сты ӕмӕ, цы ’рцыд, уыдӕттӕ сауджынты хистӕртӕн рахабар кодтой. 12  Уыдон хистӕр лӕгтимӕ ӕрӕмбырд сты, бауынаффӕ кодтой, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бирӕ ӕвзист ӕхцатӕ радтой+ 13  ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Афтӕ дзурут: „Ӕхсӕвы, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ+ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ адавтой“. 14  Ацы хабар бӕстӕйы хицауы хъустыл куы ’рцӕуа, уӕд та мах йемӕ аныхас кӕндзыстӕм, ӕмӕ уын ницы уыдзӕн». 15  Уыдон дӕр ӕвзист ӕхцатӕ райстой ӕмӕ сын куыд бацамыдтой, афтӕ бакодтой. Уыйадыл уыцы ныхас дзуттӕгты ’хсӕн ахӕлиу, ӕмӕ абоны онг дӕр адӕм афтӕ дзурынц. 16  Йесойӕн йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы та ацыдысты Галилейӕмӕ+, цы хохмӕ сын загъта, уырдӕм. 17  Ӕмӕ йӕ куы федтой, уӕд йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Фӕлӕ дзы иуӕй-иуты уӕддӕр нӕ уырныдта+. 18  Йесо та сӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ сын загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ+ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. 19  Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй+ дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ+. Дӕттут сын донаргъуыд+ Фыд+, Фырт+ ӕмӕ сыгъдӕг тыхы* номыл+, 20  ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут+, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ+ ӕххӕст кӕнын+. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа+, уӕдмӕ ӕз+ алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Уый у, ныр хуыцаубон кӕй хонӕм, уыцы бон. Дзуттӕгтӕм уый уыд къуырийы фыццаг бон.
Кӕнӕ «сыгъдӕг уды»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.