Матфейы 7:1—29
7 Макӕй кой кӕнут+, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн*,
2 уымӕн ӕмӕ иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр+, ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр+.
3 Дӕхи цӕсты хъӕд куы нӕ уыныс, уӕд де ’фсымӕры цӕсты хъӕмпыхалмӕ цы кӕсыс?+
4 Науӕд де ’фсымӕрӕн афтӕ куыд зӕгъыс: „Ӕри-ма, ӕз дын дӕ цӕстӕй хъӕмпыхал райсон“, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты хъӕд ис?+
5 Цӕстмӕхъус! Раздӕр уал дӕхи цӕстӕй хъӕд раппар, ӕмӕ уӕд, де ’фсымӕры цӕстӕй хъӕмпыхал куыд райсай, уый дӕр фендзынӕ.
6 Табуйаг цы у, уый куыйтӕн ма дӕттут+ ӕмӕ уӕ налхъуыт* хуыты размӕ ма ӕппарут, цӕмӕй йӕ сӕ къӕхты бын ма ныссӕндой+, ӕмӕ уын стӕй уӕхирдӕм ма фӕуой ӕмӕ уӕ ма бахӕрой.
7 Курут, ӕмӕ уын ратдзысты+. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут+, ӕмӕ уын бакӕндзысты.
8 Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц+, чи агуры, уый ссары ӕмӕ, чи хойы, уымӕн бакӕнынц.
9 Искӕмӕй уӕ йӕ сывӕллон+ дзул куы ракура, уӕд ын дур ратдзӕн?
10 Кӕнӕ дзы кӕсаг куы ракура, уӕд ын калм ратдзӕн?
11 Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ+, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ракӕндзӕн хорздзинӕдтӕ+, чи дзы куры, уыдонӕн!
12 Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр+ – уый мидӕг ис Закъон ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕн сӕ хъуыды+.
13 Бахизут нарӕг дуарыл+, уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц.
14 Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц+.
15 Уӕхи хизут мӕнг пехуымпартӕй+ – уыдон уӕм ӕрбацӕуынц фысы цармы+, мидӕгӕй та сты тугдзых бирӕгътӕ+.
16 Сӕ хъуыддӕгтӕй* сӕ базондзыстут+. Искуы исчи сындзы къутӕрӕй сӕнӕфсир кӕнӕ легъуитӕ ӕртыдта?+
17 Афтӕ алы хорз бӕласыл дӕр ӕрзайы хорз дыргътӕ, ӕвзӕр бӕласыл та – ӕвзӕр дыргътӕ+.
18 Хорз бӕласыл ӕвзӕр дыргътӕ никуы ’рзайдзӕн, ӕвзӕр бӕласыл та – хорз дыргътӕ.
19 Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц+.
20 Уӕдӕ уыцы адӕймӕгты дӕр базондзыстут сӕ хъуыддӕгтӕй*+.
21 Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон+ чи ӕххӕст кӕны, уый+.
22 Уыцы бон мын бирӕтӕ зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау+, мах дӕ номӕй нӕ дзырдтам, дӕ номӕй адӕмӕй хӕйрӕджыты нӕ сырдтам ӕмӕ дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ* нӕ арӕзтам?“+
23 Фӕлӕ сын уӕд ӕз ӕргом зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ нӕ зонын!+ Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ“+.
24 Уӕдӕ мын мӕ ныхӕстӕ чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн+.
25 Иу бон къӕвда ныккалдта, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстад, ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ хӕдзар нӕ ныккалд, уымӕн ӕмӕ къӕдзӕхыл лӕууыд.
26 Мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны+, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи сарӕзта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн+.
27 Иу бон къӕвда ныккалдта, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстад, ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл+. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ бынтондӕр ныппырх»+.
28 Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм дисӕй мардысты+, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл,
29 уымӕн ӕмӕ сӕ уый чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «Макӕмӕн тӕрхон кӕнут, ӕмӕ сымахӕн дӕр ничи тӕрхон кӕндзӕн».
^ Кӕнӕ «дзындз»; уырыс. «жемчуг».
^ Комк. «дыргътӕй».
^ Комк. «дыргътӕй».
^ Комк. «хъомысджын хъуыддӕгтӕ».