Матфейы 8:1—34
8 Йесо хохӕй куы ӕрхызти, уӕд йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм.
2 Ӕмӕ йӕм ӕрбацыд иу хъотырджын лӕг+, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц Хицау, ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ».
3 Йесо йӕм йӕ къух бадардта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у»+. Ӕмӕ йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт+.
4 Уый фӕстӕ йын Йесо загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур+. Фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн+, ӕмӕ Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс+, цӕмӕй, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уый сауджынтӕ базоной».
5 Капернауммӕ куы ’рцыди+, уӕд ӕм ӕрбацыд иу ӕфсӕддон хицау* ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта:
6 «Мӕ буц Хицау, мӕ лӕггадгӕнӕг хӕдзары хуыссы – паралич ӕй ныццавта, ӕмӕ тухӕнӕй мӕлы».
7 Уӕд ын Йесо загъта: «Бацӕудзынӕн уӕм ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн».
8 Фӕлӕ йын ӕфсӕддон хицау загъта: «Мӕ буц Хицау, ӕз уыцы кады аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай. Ды ӕрмӕст ныхас зӕгъ, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.
9 Ӕз дӕр кӕйдӕр дӕлбар дӕн, стӕй мӕ дӕлбар дӕр ӕфсӕддонтӕ ис, ӕмӕ сӕ иуӕн куы фӕзӕгъын: „Ацу!“+ – уӕд ацӕуы, иннӕмӕн та: „Ардӕм рацу!“ – уӕд ӕрбацӕуы, ӕмӕ мӕ цагъарӕн дӕр куы фӕзӕгъын: „Мӕнӕ уый бакӕн!“ – уӕд ӕй бакӕны».
10 Уыцы ныхӕстӕ Йесойы дисы бафтыдтой, ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ӕз Израилы ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон+.
11 Фӕлӕ уын зӕгъын, скӕсӕнӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕй+ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты, ӕмӕ уӕларвон+ паддзахады+ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты.
12 Паддзахады фыртты та раппардзысты+ ӕддӕмӕ, талынгмӕ. Уырдыгӕй цӕудзӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын»+.
13 Уӕд Йесо ӕфсӕддон хицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ уӕд»+. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг уыцы сахат сдзӕбӕх.
14 Йесо Петртӕм хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд ын йӕ усы мады+ баййӕфта хуысгӕйӕ – тӕвд ӕм уыдис+.
15 Уӕд ын Йесо йӕ къухмӕ бавнӕлдта+, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд. Ӕмӕ сыстад ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдыдта+.
16 Куы ӕризӕр, уӕд та Йесомӕ ӕрбакодтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ ныхасӕй фӕсырдта хӕйрӕджыты*, стӕй сдзӕбӕх кодта рынчынты се ’ппӕты дӕр.
17 Афтӕмӕй сӕххӕст, пехуымпар Исай цы загъта, уый: «Нӕ низтӕ нын айста ӕмӕ нын нӕ рынтӕ ахаста»+.
18 Йесо йӕ алыварс бирӕ адӕмы куы федта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, фаллаг фарсмӕ аленк кӕнӕм, зӕгъгӕ+.
19 Уӕд ӕм ӕрбацыд чиныджыдӕснытӕй иу ӕмӕ йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, кӕдӕмфӕнды ма цӕуай,– ӕз дӕр ацӕудзынӕн дӕ фӕдыл»+.
20 Фӕлӕ йын Йесо афтӕ бакодта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй»+.
21 Уӕд ын ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иу загъта: «Хицау, ауадз мӕ, ӕмӕ уал мӕ фыды баныгӕнон».
22 Йесо йын загъта: «Ды мӕ фӕдыл цу, мӕрдтӕ та сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты»+.
23 Ӕмӕ бӕлӕгъмӕ куы бахызт+, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр йӕ фӕстӕ бахызтысты.
24 Уалынмӕ денджыз тынг абухын райдыдта, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъы сӕрты калдысты. Йесо та фынӕй кодта+.
25 Уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, райхъал ӕй кодтой+ ӕмӕ йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!»
26 Фӕлӕ сын уый загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?»+ Стӕй сыстад, дымгӕ ӕмӕ денджызӕн бауайдзӕф кодта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр+.
27 Ӕмӕ уыдон дисгӕнгӕ дзырдтой: «Чи у ацы адӕймаг+, дымгӕ дӕр ӕмӕ денджыз дӕр йӕ коммӕ куы кӕсынц?»
28 Йесо денджызы иннӕ фарсмӕ, Гадарӕйы бӕстӕм+, куы бахӕццӕ, уӕд зӕппӕдзты ’хсӕнӕй йӕ размӕ рацыди дыууӕ хӕйрӕджджын лӕджы+. Уыдон афтӕ знӕт уыдысты, ӕмӕ уыцы фӕндагыл ацӕуын ничи уӕндыд.
29 Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт?+ Ардӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, ӕмӕ нӕ афонӕй раздӕр+ хъизӕмарӕй марай?»+
30 Уыдонӕй та дӕрддзӕф хызти бирӕ хуытӕ.
31 Ӕмӕ йын хӕйрӕджытӕ лӕгъстӕ кӕнынмӕ фесты: «Кӕд нӕ сургӕ кӕныс, уӕд нӕ уӕртӕ уыцы хуытӕм барвит»+.
32 Ӕмӕ сын уый дӕр загъта: «Цӕугӕ ут!» Уыдон уыцы лӕгтӕй рацыдысты ӕмӕ хуыты мидӕг бацыдысты. Уӕд дын хуытӕ былмӕ куы ныййарц уаиккой, уырдыгӕй сӕхи денджызмӕ аппӕрстой, ӕмӕ иууылдӕр доны фесӕфтысты+.
33 Хуыгӕстӕ та азгъордтой горӕтмӕ ӕмӕ уым ӕппӕт дӕр радзырдтой. Радзырдтой, хӕйрӕджджынтыл цы ’рцыд, уый дӕр.
34 Уӕд горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр Йесойы размӕ рагуылф кодтой. Ӕмӕ йӕ куы федтой, уӕд ын ныллӕгъстӕ кодтой, нӕ бӕстӕйӕ ацу, зӕгъгӕ+.