Матфейы 9:1—38

9  Ӕмӕ уӕд Йесо сбадт бӕлӕгъы, ахызт иннӕ фарсмӕ ӕмӕ бацыд йӕ райгуырӕн горӕтмӕ+.  Уым ӕм чидӕртӕ хуыссӕныл ӕрбахастой, паралич кӕй ныццавта, ахӕм лӕджы+. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тыхс, мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»+.  Чиныджыдӕснытӕй чидӕртӕ та сӕхинымӕр дзырдтой: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы!»+  Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта+ ӕмӕ сын загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ цӕмӕн ис уӕ зӕрдӕты?+  Цы ӕнцондӕр у зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Сыст ӕмӕ цу“?+  Фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ зонат: Адӕймаджы Фыртмӕ ис уыцы бар, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна...»+ Ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ уӕхимӕ ацу»+.  Уый дӕр сыстад ӕмӕ сӕхимӕ ацыд.  Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд, ӕмӕ кадджын кодтой+, адӕймагӕн ахӕм бар чи радта+, уыцы Хуыцауы.  Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонӕмбырдгӕнӕны бадгӕ федта иу лӕджы, Матфей, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фӕдыл рацу»+. Уый дӕр сыстад ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд+. 10  Фӕстӕдӕр, иу хӕдзары фынгыл куы бадт*+, уӕд уырдӕм ӕрбацыд бирӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ, ӕмӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрбадтысты. 11  Фӕлӕ фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Уӕ ахуыргӕнӕг хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бады?»+ 12  Уый фехъусгӕйӕ Йесо загъта: «Дохтыр+ рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ. 13  Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ уал базонут, цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ: „Мӕн нывӕндтӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уат, уый“+. Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты». 14  Уӕд ӕм ӕрбацыдысты Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Мах дӕр ӕмӕ фарисейтӕ дӕр ком куы дарӕм, уӕд дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?»+ 15  Йесо та сын загъта: «Сиахс+ цалынмӕ йе ’мбӕлттимӕ уа, уӕдмӕ цӕуыл хъуамӕ хъыг кӕной? Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ сиахсы акӕндзысты+, ӕмӕ уӕд дардзысты ком+. 16  Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры, уымӕн ӕмӕ ног хъуымац куы сбада, уӕд дарӕсӕй ратондзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы стырдӕр фӕуыдзӕн+. 17  Уӕдӕ ног сӕн дӕр зӕронд лалымы ничи ныккӕны. Куы йӕ ныккӕнай, уӕд та лалым атондзӕн, ӕмӕ сӕн дӕр акӕлдзӕн, ӕмӕ лалым дӕр фесӕфдзӕн+. Фӕлӕ ног сӕн ныккӕнынц ног лалымы, ӕмӕ уӕд сӕн дӕр ӕнӕхъӕнӕй баззайы, ӕмӕ лалым дӕр»+. 18  Уыдӕттӕ сын куыд дзырдта, афтӕ йӕм ӕрбацыди иу хицау+, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕм бахатыд+: «Мӕ чызг афонмӕ амард+. Фӕлӕ цом, дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уа»+. 19  Йесо сыстад ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыди. Йемӕ рацыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр. 20  Ӕмӕ йӕм уӕд фӕстӕрдыгӕй бацыд, дыууадӕс азы тугцыдӕй+ чи удхар кодта, ахӕм сылгоймаг ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсы хаутыл андзӕвыди+, 21  уымӕн ӕмӕ йӕхицӕн дзырдта: «Йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн»+. 22  Йесо фӕстӕмӕ фӕзылди, ауыдта йӕ ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта»+. Ӕмӕ уыцы сахат сылгоймаг йӕ низӕй фервӕзти+. 23  Йесо уыцы хицауы хӕдзармӕ куы бацыди+, уӕд дзы баййӕфта уадындзӕй цӕгъдджыты, стӕй бирӕ адӕмы тыхстӕй+, 24  ӕмӕ сын загъта: «Ӕддӕмӕ ахизут, чызг мӕлгӕ нӕ акодта, фынӕй у»+. Уыдон ыл худын райдыдтой+. 25  Куыддӕр адӕмы ӕддӕмӕ ракодтой, афтӕ Йесо бацыди, гыццыл чызгӕн йӕ къухыл рахӕцыд+, ӕмӕ чызг рабадт+. 26  Ӕмӕ хабар айхъуыст ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл дӕр. 27  Йесо уырдыгӕй куы рацыд, уӕд йӕ фӕдыл бафтыд дыууӕ куырм лӕджы+ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Давиды Фырт, батӕригъӕд нын кӕн!»+ 28  Хӕдзармӕ куы бахызт, уӕд ӕм уыцы дыууӕ куырм лӕджы бацыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Уырны уӕ+, мӕ бон уӕ кӕй у сдзӕбӕх кӕнын?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Уырны, Хицау». 29  Уӕд сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта+ ӕмӕ сын загъта: «Уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ уын уӕд». 30  Ӕмӕ цӕстӕй ракастысты. Стӕй сӕ Йесо тынг бафӕдзӕхста: «Афтӕ бакӕнут, ӕмӕ ацы хабар куыд ничи базона»+. 31  Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл йӕ кой айхъуысын кодтой+. 32  Ӕмӕ куы рацӕйцыдысты, уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой, йӕ мидӕг хӕйрӕг кӕмӕн уыди, ахӕм ӕгомыг лӕджы+. 33  Ӕмӕ дзы хӕйрӕджы куы расырдта, уӕд ӕгомыг сдзырдта+. Адӕм дисы бафтыдысты+ ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хабар Израилы никуыма ’рцыд». 34  Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый хӕйрӕджыты суры хӕйрӕджыты ӕлдары хъаруйӕ»+. 35  Йесо зылди ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта, хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыди, уыдоны+. 36  Ӕмӕ уыйбӕрц адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта+, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл+. 37  Ӕмӕ уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл+. 38  Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита»+.

Фиппаинӕгтӕ

Уӕды заманты-иу фынджы уӕлхъус бадгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу сӕхи сӕ иу фарсыл ӕруагътой.