Михей 2:1—13
2 «Додой сӕ къона, йӕ хуыссӕны фыдвӕндтӕ чи кӕны ӕмӕ, цы ӕвзӕрдзинад сараза, ууыл чи хъуыды кӕны, уыдонӕн!+ Куыддӕр ӕрбабон вӕййы, афтӕ сӕ фыдвӕнд бакӕнынц+, уымӕн ӕмӕ бартӕ сӕ къухы сты+.
2 Кӕйдӕр зӕххытӕм бабӕллынц, ӕмӕ сӕ байсынц+, кӕйдӕр хӕдзӕрттӕм бабӕллынц, ӕмӕ сӕ сӕхи бакӕнынц. Адӕймагӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр афӕливынц+, лӕгыл сайдӕй рацӕуынц ӕмӕ йын бынӕн лӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы зӕхх ын байсынц+.
3 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз ацы бинонтыл+ ахӕм бӕллӕх+ ӕруадзынвӕнд кӕнын, ӕмӕ дзы уӕхи нӕ бахиздзыстут+. Ӕмӕ уӕд схъӕлбӕрзӕйӕ нал рацу-бацу кӕндзыстут+, уымӕн ӕмӕ уый уыдзӕн бӕллӕхы рӕстӕг+.
4 Уыцы бон уӕ ӕмбисондӕн дзуринаг фӕкӕндзысты+ ӕмӕ уыл хъарӕг, судзгӕ хъарӕг скӕндзысты+. Дзурдзысты: „Бынтондӕр нӕ фӕхастой!+ Нӕ адӕмы бынтӕ нын иннӕтӕн дӕтты+. Байста нын сӕ! Нӕ зӕххытӕ нын мӕнгард адӕмыл уары“.
5 Уый тыххӕй дын Йегъовӕйы ӕмбырды ахӕм ничи уыдзӕн, хӕлттӕм+ гӕсгӕ кӕй байуӕрстой, уыцы зӕхх бӕндӕнӕй чи сбара.
6 Ма дзурут+. Уыдон дзурынц, фӕлӕ уый тыххӕй ницы дзурдзысты. Ӕнӕмӕнг фегад уыдзысты+.
7 Зӕгъут-ма, Иаковы хӕдзарвӕндаг+, афтӕ нӕ дзурынц: „Мыййаг, уый Йегъовӕйы* зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы ӕмӕ уый кӕны афтӕ?“+ Раст фӕндагыл чи цӕуы, уымӕн+ мӕ ныхӕстӕ пайда+ нӕ хӕссынц?
8 Фӕлӕ знон мӕ адӕм цыфыддӕр знагау мӕ ныхмӕ рацыдысты+. Хӕстӕй здӕхӕг адӕмау уӕ рӕзты ныфсджынӕй чи фӕцӕйцӕуы, уыдонӕн сӕ рӕсугъд пӕлӕзтӕ сӕ уӕлӕйӕ раласут.
9 Мӕ адӕмы сылгоймӕгты мын сӕ адджын къонатӕй сурут. Сӕ сывӕллӕттӕн сын цы диссаджы хорздзинӕдтӕ бахай кодтон+, уыдон сын ӕнустӕм исут+.
10 Сыстут ӕмӕ ацӕут+, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххыл сабырдзинад нал ис+. Йӕхи кӕй фӕчъизи кодта+, уый тыххӕй сӕфы, ӕмӕ йын уый стыр масты хос у+.
11 Дымгӕ ӕмӕ мӕнгдзинады фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймаг куы сайа+, сӕн ӕмӕ дын карз нозты тыххӕй радзурдзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд ӕй зон, ацы адӕмӕн уый кӕй уыдзӕн пехуымпар+.
12 Иаков, ӕз уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+. Израилы адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны иууылдӕр иу ранмӕ ӕркӕндзынӕн+. Се ’ппӕты дӕр иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ иумӕ уыдзысты, фыстӕ кӕрты иумӕ куыд вӕййынц, ӕмӕ фосы дзугтӕ – уӕтӕры, афтӕ+. Ӕмӕ дзы бирӕ адӕмы хъӕлӕба хъуысдзӕн“+.
13 Сӕ разӕй цӕудзӕн, къул сын мидӕгырдыгӕй чи ратондзӕн, уый+, ӕмӕ ууылты рахиздзысты. Кулдуарыл ахиздзысты, ууылты ацӕудзысты+. Сӕ паддзах цӕудзӕн сӕ разӕй, Йегъовӕ сӕ сӕргъы, афтӕмӕй»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «Йегъовӕйы тыхы»; «тых» – дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.