Наум 2:1—13
2 Дӕ адӕмы дын алырдӕм чи ныппырх кӕндзӕн, уый дӕ разы ӕрлӕууыд+. Дӕ фидаргонд горӕт хъахъхъӕн. Фӕндагмӕ кӕс. Дӕ астӕу ӕрбалвас. Ӕрбамбырд кӕн дӕ хъарутӕ+.
2 Йегъовӕ Иаковы кад фӕстӕмӕ раздахдзӕн+, Израилӕн йӕ раздӕры кад куыд раздӕхта, афтӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ стигъджытӕ бастыгътой+ ӕмӕ сын сӕ талатӕ ныссастой+.
3 Йӕ хъӕбатыр хӕстонты уартытӕ сты сырхӕй ахуырст, йӕ тыхджын лӕгтыл ис тарсырх уӕлӕдарӕс+. Йӕхи хӕстмӕ цы бон цӕттӕ кӕны, уыцы бон йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕтты ӕфсӕйнаг хотыхтӕ зынгау цӕхӕртӕ калынц ӕмӕ ӕхсӕлыйӕ+ конд ӕрцытӕ дыууӕрдӕм кӕнынц.
4 Хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ уынгты ӕррайы ратӕх-батӕх кӕнынц+. Горӕты фӕзты дыууӕрдӕм кӕнынц. Сты судзгӕ цырӕгъты хуызӕн. Арвӕрттывдау ферттивынц+.
5 Паддзах йӕ хуыздӕр хӕстонты ӕрхъуыды кӕндзӕн+. Цӕугӕ-цӕуын-иу сӕ къах скъуырдзысты+. Горӕты къултӕм атагъд кӕндзысты ӕмӕ сыджытӕй бырутӕ скӕндзысты.
6 Цӕугӕдӕтты кулдуӕрттӕ фегом уыдзысты, ӕмӕ галуан атайдзӕн.
7 Хъуыддаг лыггонд у. Сбӕгънӕг ӕй кодтой. Ӕнӕмӕнг ӕй уацары акӕндзысты+. Йӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ бӕлӕттау хъӕрздзысты+ ӕмӕ сӕ риу хойдзысты+.
8 Ниневи куы фӕзынд+, уӕдӕй фӕстӕмӕ донӕй йедзаг цады хуызӕн уыди+. Фӕлӕ ныр лидзынмӕ фесты. «Ӕрлӕуут! Ӕрлӕуут!» Фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ кӕсгӕ дӕр ничи кӕны+.
9 Ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин хӕссут+, хӕсгӕ кӕнут, уымӕн ӕмӕ, цы мулк ӕрӕмбырд кодтой, уымӕн ныккӕнӕн дӕр нӕй. Дуне зынаргъ дзауматӕ – алы ӕмӕ алы хуызӕттӕ+.
10 Горӕт сафтид, хасты хуызӕн сси, змӕлӕг дзы нал ис!+ Сӕ зӕрдӕты тас бацыд+, сӕ уӕрджытӕ зыр-зыр кӕнынц+, сӕ хуылф судзгӕ рыст кӕны+. Фыртыхстӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕсгӕмттӕ ныссырх сты+.
11 Кӕм ис домбӕйтты хуыкком ӕмӕ тыхджын домбӕйтты лӕгӕт, домбай-иу кӕдӕм бацыд ӕмӕ-иу кӕм рацу-бацу кодта+, домбайы лӕппын кӕм цард ӕмӕ сын тӕссаг кӕм никӕмӕй уыд, уыцы бынат?+
12 Домбай-иу йӕ лӕппынтӕн бирӕ амӕттӕгтӕ акъабӕзтӕ кодта, йӕ сыл-домбӕйттӕн-иу амӕттӕгтӕ бахурх кодта. Йӕ дзыхъхъытӕ амӕттагӕй байдзаг кодта, ӕмӕ йе ’мбӕхсӕн бынӕттӕ – кӕй акъабӕзтӕ кодта, уыцы сырдтӕй+.
13 «Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+,– ӕмӕ дын дӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ фӕздӕджы басудздзынӕн+. Дӕ тыхджын домбӕйттӕ хъамайы амӕттаг фӕуыдзысты+. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын зӕххыл нал уыдзӕн, кӕй аныхъуырай, уый, ӕмӕ дӕ минӕвӕртты хъӕлӕс нал хъуысдзӕн»+.