Наум 3:1—19

3  Додой йӕ къона, туг чи калы, уыцы горӕтӕн!+ Иууылдӕр дзы кӕнынц сайгӕ ӕмӕ стигъгӕ. Ӕнӕ амӕттагӕй никуы баззайы!  Хъуысы ехсы ӕхситт+ ӕмӕ цӕлхыты хъӕр. Бӕхтӕ размӕ бырсынц, бӕхуӕрдӕттӕ хӕрдты хауынц+.  Барӕг бӕхыл уайы, хъама сзынг, арц цӕхӕртӕ калы+, дуне мӕрдтӕ, сты кӕрӕдзи уӕлӕ кӕлдтытӕ, сӕ кӕрон нӕ зыны. Уыцы мӕрдтыл сӕ къах скъуырынц.  Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ хӕтаг сылгоймаджы хӕлд митӕн кӕрон нӕй+, йӕ рӕсугъддзинадӕй сӕ сӕрра кодта, кӕлӕнтӕ кӕнынмӕ уый хуызӕн нӕй. Йӕ хӕлд митӕй адӕмты къӕппӕджы ӕппары ӕмӕ йӕ кӕлӕнтӕй адӕмыхӕттыты ахсы+.  «Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕмӕ дын дӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитӕ дӕ цӕсгомыл сӕппардзынӕн ӕмӕ дын дӕ бӕгънӕг буар равдисдзынӕн адӕмтӕн+, дӕ худинаг – паддзахӕдтӕн.  Алы ӕлгъаг цӕмӕйдӕрты дӕ байдзаг кӕндзынӕн+. Афтӕ дын бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ ницӕйагыл нымайдзысты, диссагмӕ кӕсӕгау дӕм кӕсдзысты+.  Чидӕриддӕр дӕ фена, уый дӕ лидзынмӕ фӕуыдзӕн+ ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ниневи фӕхастой! Чи йын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн?“ Кӕм ма дын ссарон ныфсӕвӕрджытӕ?  Нилы къанӕутты раз чи бадт+, уыцы Но-Аммонӕй+ цӕмӕй хуыздӕр дӕ? Йӕ алыварс уыди дон, денджыз уыд йӕ хъӕздыгдзинад, ӕмӕ йын къулы бӕсты дӕр уыди денджыз.  Ефиопи ӕмӕ Египет+ уыдысты йе стыр хъомыс. Уыцы хъомысӕн кӕрон нӕ уыд. Фут ӕмӕ йын ливиӕгтӕ ӕххуыс кодтой+. 10  Уый дӕр хъуамӕ йӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕуыдаид, ӕмӕ уацары ацыд+. Йӕ сывӕллӕтты йын уынгты тигътыл фыдмард акодтой+. Йӕ кадджын лӕгтыл ын хӕлттӕ ӕппӕрстой+ ӕмӕ йын йӕ номдзыд адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр хъадамантӕ бакодтой+. 11  Ды дӕр срасыг уыдзынӕ+ ӕмӕ ӕрбайсӕфдзынӕ+. Ды дӕр агурдзынӕ, знагӕй дӕхи кӕм бамбӕхсай, ахӕм бынат+. 12  Дӕ фидӕрттӕ сты, фыццаг легъуитӕ кӕуыл срӕгъӕд сты, ахӕм легъуибӕлӕсты хуызӕн – куы сӕ бауигъай, уӕд сӕ дыргътӕ адӕймаджы дзыхмӕ ӕрхаудзысты+. 13  Акӕс-ма, дӕ адӕм де ’хсӕн сты сылгоймӕгты хуызӕн+. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ де знӕгтӕн байгом уыдзысты. Дӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ дын арт аныхъуырдзӕн+. 14  Дӕхицӕн дон ӕрӕмбырд кӕн, уымӕн ӕмӕ дыл ӕртыхсдзысты+. Дӕ фидӕрттӕм базил+. Цъыфы ныббыр ӕмӕ ӕлыг змӕнт. Агуыридуртӕ араз. 15  Фӕлӕ дӕ уым дӕр арт аныхъуырдзӕн. Хъамайы амӕттаг фӕуыдзынӕ+. Лӕппын мӕтыхтау+ дӕ аныхъуырдзӕн. Лӕппын мӕтыхтау сбирӕ у. Мӕтыхтау дӕ нымӕцыл бафтау. 16  Дӕ базаргӕнджыты афтӕ сбирӕ кодтай, ӕмӕ арвыл дӕр уыйбӕрц стъалытӕ нӕй+. Лӕппын мӕтыхтӕ сӕ царм аппарынц ӕмӕ атӕхынц. 17  Дӕ хъахъхъӕнджытӕ мӕтыхтӕй уӕлдай не сты, де ’фсӕддон хицӕуттӕ – мӕтыхты ӕфсадӕй уӕлдай. Уазал бон дурӕй конд фысдӕтты ӕрбынат кӕнынц. Фӕлӕ куыддӕр хур ракӕсы, афтӕ фӕцыдӕр вӕййынц, ӕмӕ кӕм сты, уый нӕ базондзынӕ+. 18  Ассирийы паддзах, дӕ фыййӕуттӕ ӕрфынӕй сты+. Дӕ хуыздӕр хӕстонтӕ сӕ хӕдзӕртты баззадысты+. Дӕ адӕм хӕхтыл ныппырх сты, ӕмӕ сӕ чи ӕрӕмбырд кӕна, уый нӕй+. 19  Дӕ дудгӕбон дын ницы фӕрогдӕр кӕндзӕн. Дӕ цӕфӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нал ис+. Дӕ хабар дын чидӕриддӕр фехъуса, уыдон ӕмдзӕгъд кӕндзысты+, уымӕн ӕмӕ, дӕ фыдхъуыддӕгтӕй ӕдзух чи нӕ хъизӕмар кодта, ахӕм нӕй»+.

Фиппаинӕгтӕ