Нееми 10:1—39

10  Сӕ мыхуыр+ ыл сӕвӕрдтой: тиршафӕ+ Нееми+, Ахалийы+ фырт,стӕй Седеки,  Серайӕ+, Азари, Йереми,  Пашхур, Амари, Малхи,  Хаттуш, Шевани, Маллух,  Харим+, Меремоф, Овади,  Данел+, Гиннефон, Варух,  Мешуллам, Ави, Миамин,  Маази, Вилгай ӕмӕ Шемайӕ – адон уыдысты сауджынтӕ.  Левиттӕ: Азанийы фырт Йешуа+, Хенадады+ фырттӕй Биннуй, стӕй Кадмиил 10  ӕмӕ се ’фсымӕртӕ Шевани+, Годи, Клитӕ, Фелай, Ханан, 11  Миха, Рехов, Хашави, 12  Заккур, Шереви+, Шевани, 13  Годи, Вани ӕмӕ Венинуй. 14  Адӕмы хистӕртӕ: Парош, Пахаф-Моав+, Елам, Заффу, Вани, 15  Вунни, Азгад, Бевай, 16  Адони, Бигвай, Адин, 17  Атер, Езеки, Азур, 18  Годи, Хашум, Бецай, 19  Хариф, Анафоф, Невай, 20  Магпиаш, Мешуллам, Хезир, 21  Мешезавел, Садок, Иаддуй, 22  Фелати, Ханан, Анайӕ, 23  Оси, Ананийӕ, Хашшув, 24  Галлохеш, Пилхӕ, Шовек, 25  Рехум, Хашавнӕ, Маасейӕ, 26  Ахи, Ханан, Анан, 27  Маллух, Харим ӕмӕ Ваанӕ. 28  Ӕмӕ иннӕ адӕм дӕр – сауджынтӕ+, левиттӕ+, дуаргӕстӕ+, зарӕггӕнджытӕ+, нефинейтӕ+ ӕмӕ, йӕхи чидӕриддӕр нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй фӕхицӕн кодта+, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы закъоныл+ хӕца, уыдон, стӕй сӕ устытӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ ӕмӕ, ӕмбарынхъом чидӕриддӕр уыд, уыдон+,– 29  се ’ппӕт дӕр се ’фсымӕртимӕ+, сӕ кадджын лӕгтимӕ+, расомы кодтой*+, кӕй цӕрдзысты ӕцӕг Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты чи ӕрцыд лӕвӕрд, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ+, ӕмӕ нӕ Хицау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл+, йӕ тӕрхӕттыл ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтыл+ кӕй хӕцдзысты ӕмӕ сӕ кӕй ӕххӕст кӕндзысты+. 30  Мах дзырд радтам, нӕ чызджыты нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн кӕй нӕ дӕтдзыстӕм, стӕй сын сӕ чызджыты дӕр нӕ лӕппутӕн кӕй нӕ курдзыстӕм+. 31  Стӕй-иу нӕм нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕ+ сабаты уӕй кӕнынмӕ хор кӕнӕ ӕндӕр исты куы ’рбахӕссой, уӕд-иу сӕ ницы райсдзыстӕм – нӕдӕр сабаты+, нӕдӕр ӕндӕр сыгъдӕг бон+. Ӕвдӕм аз та-иу зӕхх нӕ бакусдзыстӕм+ ӕмӕ нӕ хӕс чи дара, уыдонӕн-иу ӕй нал бафидын кӕндзыстӕм+. 32  Уымӕй уӕлдай нӕ алчидӕр йӕхимӕ уыцы хӕс райста, алы аз дӕр сиклы* ӕртыккаг хай кӕй дӕтдзӕн, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕн+: 33  нывонд дзултӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы хоры кувинагӕн+, сабатбонты+ ӕмӕ, мӕй куы сног вӕййы+, уыцы бонты кӕй фӕхъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывӕндтӕн, бӕрӕгбӕттӕн+, табуйаг цы у+, уыдӕттӕн, Израилы адӕмы тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн цы нывӕндтӕ фӕхӕссынц+, уыдонӕн ӕмӕ нӕ Хуыцауы хӕдзары ӕппӕт куыстытӕн дӕр+. 34  Хӕлттӕ сӕппӕрстам+ ӕмӕ афтӕмӕй сбӕлвырд кодтам, сауджынтӕй, левиттӕй ӕмӕ адӕмӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ алы афӕдз дӕр суг чи кӕд хӕсдзӕн+, уый, цӕмӕй сӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы нывондхӕссӕныл судзой+, закъоны куыд фыст ис, афтӕ+. 35  Стӕй ма дзырд радтам, алы аз дӕр нӕ зӕххы фыццаг тыллӕг+ ӕмӕ бӕлӕсты фыццаг дыргътӕ+ Йегъовӕйы хӕдзармӕ кӕй хӕсдзыстӕм 36  ӕмӕ нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыцы сауджынтӕм кӕй кӕндзыстӕм+ алы фыццаггуырды+ дӕр – нӕ фырттӕй дӕр ӕмӕ нӕ фосӕй+ дӕр, закъоны куыд фыст ис+, афтӕ. Ӕрбакӕндзыстӕм-иу фыццагзад нӕл фос не стуртӕй дӕр ӕмӕ нӕ лыстӕг фосӕй дӕр+. 37  Ӕмӕ ма нӕ Хуыцауы хӕдзары хӕрӕндӕттӕм сауджынтӕм хӕсдзыстӕм+, фыццаг кӕй ӕрыссӕм, ахӕм ставд ссад+, мысайнӕгтӕ+, алыхуызон бӕлӕсты дыргътӕ+, ног сӕн+ ӕмӕ сой+ дӕр. Нӕ зӕххы тыллӕгӕй дӕсӕм хай та дӕтдзыстӕм левиттӕн+, уымӕн ӕмӕ нӕм зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр кӕнынц, уыцы горӕтты адӕм левиттӕн хъуамӕ дӕттой дӕсӕм хай. 38  Левиттӕ-иу дӕсӕм хай куы исой, уӕд семӕ хъуамӕ уа сауджын, Аароны фырт. Ӕмӕ-иу левиттӕ сӕ дӕсӕм хайӕ хъуамӕ дӕсӕм хай раттой Хуыцауы хӕдзармӕ+, къӕбицы цы хӕрӕндӕттӕ ис+, уырдӕм. 39  Израилы фырттӕ ӕмӕ левитты фырттӕ мысайнагӕн кӕй ӕрбахӕссынц+, уыцы хор, ног сӕн+ ӕмӕ сой хъуамӕ хӕссой, кувӕндоны мигӕнӕнтӕ кӕм сты ӕмӕ сауджынтӕ+, дуаргӕстӕ+ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ+ кӕм лӕггад кӕнынц, уыцы хӕрӕндӕттӕм. Мах нӕхицӕн фидарӕй загътам, нӕ Хуыцауы хӕдзар рохуаты кӕй нӕ ныууадздзыстӕм+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. тексты цы дзырд ис, уый нысан кӕны ахӕм сомы, ӕмӕ адӕймаг йӕхи куы ралгъиты, зӕгъгӕ, афтӕ куы нӕ бакӕнон, уӕд мыл афтӕ ӕмӕ афтӕ ӕрцӕуӕд.
Иу сикл у 11,4 г.