Нееми 11:1—36
11 Ӕмӕ адӕмы кънйӕзтӕ+ Иерусалимы ӕрцардысты+. Иннӕ адӕмыл та хӕлттӕ сӕппӕрстой+ ӕмӕ афтӕмӕй алы дӕс адӕймагӕй дӕр иу равзӕрстой, цӕмӕй ӕрцардаид Иерусалимы, сыгъдӕг горӕты+, иннӕ фараст та баззадысты сӕхи горӕтты.
2 Стӕй ма адӕм раарфӕ кодтой+, Иерусалимы йӕхи фӕндӕй+ чи ӕрцард, уыдонӕн дӕр.
3 Адон сты, дӕлбар бӕстӕйы+ хистӕртӕй Иерусалимы чи цард+, уыдон. Уымӕй уӕлдай ма израилӕгтӕ+, сауджынтӕ+, левиттӕ+, нефинейтӕ+ ӕмӕ Соломоны лӕггадгӕнджыты фырттӕ+ цардысты Иудӕйы горӕтты, алчидӕр – йӕхи зӕххыл ӕмӕ йӕхи горӕты+.
4 Иерусалимы ма цард Иудӕйы ӕмӕ Вениамины+ байзӕддӕгтӕй дӕр иуӕй-иутӕ. Иудӕйы байзӕддӕгтӕй дзы цард: Афай – уый уыд Уззийы фырт, Уззи – Захарийы фырт, Захари – Амарийы фырт, Амари – Сафатийы фырт, Сафати – Малелеилы фырт, Малелеил та – Фаресы+ фырттӕй;
5 стӕй Маасейӕ – уый уыд Варухы фырт, Варух – Колхозейы фырт, Колхозей – Хазайы фырт, Хазай – Адайы фырт, Адай – Иойаривы фырт, Иойарив – Захарийы фырт, Захари та – Шелӕйы хӕдзарвӕндагӕй.
6 Фаресы фырттӕй Иерусалимы ӕдӕппӕтӕй цард цыппарсӕдӕ ӕхсай аст адӕймаджы. Се ’ппӕт дӕр уыдысты сӕрӕнгуырдтӕ.
7 Вениамины+ байзӕддӕгтӕй: Саллу – уый уыд Мешулламы+ фырт, Мешуллам – Иоеды фырт, Иоед – Федайӕйы фырт, Федайӕ – Колайӕйы фырт, Колайӕ – Маасейӕйы фырт, Маасейӕ – Ифиилы фырт, Ифиил та – Йешайӕйы фырт;
8 ноджыдӕр ма Габбай ӕмӕ Саллай – ӕдӕппӕтӕй фарастсӕдӕ дыууын аст адӕймаджы;
9 стӕй Зихрийы фырт Иоил, цӕстдарӕг сын чи уыд, уый, ӕмӕ Гассенуйы фырт Иудӕ, горӕты дыккаг лӕг.
10 Сауджынтӕй: Иойаривы+ фырт Йедайӕ, Иахин+
11 ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хистӕртӕй сӕ иу Серайӕ – уый уыд Хелкийы фырт, Хелки – Мешулламы+ фырт, Мешуллам – Садокы+ фырт, Садок – Мераиофы фырт, Мераиоф та – Ахитувы+ фырт,
12 стӕй се ’фсымӕртӕ, Хуыцауы хӕдзары чи куыста+, уыдон – ӕдӕппӕтӕй астсӕдӕ дыууын дыууӕ адӕймаджы; Адай – уый уыд Йерохамы+ фырт, Йерохам – Фелалийы фырт, Фелали – Амцийы фырт, Амци – Захарийы фырт, Захари – Пашхуры+ фырт, Пашхур та – Малхийы+ фырт,
13 стӕй йе ’фсымӕртӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+ – ӕдӕппӕтӕй дыууӕсӕдӕ цыппор дыууӕ адӕймаджы; Амашсай – уый уыд Азариилы фырт, Азариил – Ахзайы фырт, Ахзай – Мешиллемофы фырт, Мешиллемоф та – Иммеры фырт,
14 стӕй йе ’фсымӕртӕ, тыхджын ӕмӕ хъӕбатыр адӕймӕгтӕ+ – ӕдӕппӕтӕй сӕдӕ дыууын аст адӕймаджы. Цӕстдарӕг+ та сын уыд Завдиил, кадджын хӕдзарвӕндагӕй.
15 Левиттӕй+: Шемайӕ – уый уыд Хашшувы фырт, Хашшув – Азрикамы фырт, Азрикам – Хашавийы+ фырт, Хашави та – Вуннийы фырт;
16 левитты хистӕртӕ Шавфай+ ӕмӕ Иозавад+, уыдон ӕвӕрд уыдысты, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары ӕдде цыдӕриддӕр куыстытӕ уыд, уыдоны сӕргъы;
17 Асафы+ фырт Завдийӕн йӕ фырт Михайы фырт Матфани+, уый уыд, кады зарджытӕ+ чи зарыд, уыдоны амонӕг ӕмӕ-иу кувыны рӕстӕг Хуыцауы кадджын кодта+; Бакбуки, йе ’фсымӕрты ’хсӕн дыккаг, ӕмӕ Авдӕ, Идифуны+ фырт Галалӕн+ йӕ фырт Шаммуйы фырт.
18 Сыгъдӕг горӕты+ ӕдӕппӕтӕй уыд дыууӕсӕдӕ ӕстай цыппар левиты.
19 Дуаргӕстӕ+: Аккув, Талмон+ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ, кулдуӕрттӕ+ чи хъахъхъӕдта, уыдон,– ӕдӕппӕтӕй сӕдӕ ӕвдай дыууӕ адӕймаджы.
20 Иннӕ израилӕгтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ та цардысты Иудӕйы иннӕ горӕтты, алчидӕр – бынӕн кӕй райста, уыцы зӕххыл+.
21 Нефинейтӕ+ цардысты Офелы+, сӕ сӕргъы ӕвӕрд уыдысты Цихӕ ӕмӕ Гишфӕ.
22 Иерусалимы цы левиттӕ уыд, уыдонӕн сӕ цӕстдарӕг+ уыд Уззи. Уззи уыд Ванийы фырт, Вани – Хашавийы фырт, Хашави – Матфанийы+ фырт, Матфани – Михайы+ фырт, Миха та – Асафы+ фырттӕй, зарӕггӕнджытӕй+. Уззи йӕ цӕст дардта, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары цы куыстытӕ кодтой, уымӕ.
23 Зарӕггӕнджыты тыххӕй паддзах уынаффӕ рахаста+ ӕмӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын лӕвӕрдтаиккой, алы бон дӕр сӕ цы хъуыд, уый+.
24 Иудӕйы фырт Зарайы байзӕддӕгтӕй Мешезавелы фырт Петахи уыд паддзахы ӕххуысгӕнӕг – ӕххуыс ын кодта, адӕмимӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ уыд баст, уыдоны.
25 Мӕнӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтӕй иуӕй-иутӕ кӕм цардысты, уыцы бынӕттӕ сӕ зӕххытимӕ+: Кириаф-Арбӕ+ йӕ дӕлбар горӕттимӕ, Дивон йӕ дӕлбар горӕттимӕ, Йекавцеил+ ӕд хъӕутӕ,
26 Йешуа, Моладӕ+, Беф-Палет+,
27 Хацар-Шуал+, Вирсави+ йӕ дӕлбар горӕтимӕ,
28 Секелаг+, Мехонӕ йӕ дӕлбар горӕтимӕ,
29 Ен-Риммон+, Цорӕ+, Иармуф+,
30 Заноах+ ӕмӕ Одоллам+ ӕд хъӕутӕ, Лахис+ йӕ зӕххытимӕ ӕмӕ Азекӕ+ йӕ дӕлбар горӕттимӕ. Уыдон цардысты Вирсавийӕ суанг Енномы+ дӕлвӕзы онг.
31 Вениамины байзӕддӕгтӕ цардысты Гевӕйы+, Михмасы+, Гайы+, Вефилы+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты,
32 Анафофы+, Номвӕйы+, Ананийӕйы,
33 Асоры, Рамӕйы+, Гиффаимы+,
34 Хадиды, Цевоимы, Неваллаты,
35 Лоды+ ӕмӕ Онойы+, ӕрмгуыстгӕнджыты дӕлвӕзы.
36 Иудӕйы мыггаджы зӕххыл чи цард, уыцы левиттӕй кӕцыдӕр къордтӕ ӕрцардысты Вениамины мыггаджы зӕххыл.