Нымӕцтӕ 14:1—45
14 Уӕд адӕм иууылдӕр ӕрдиаг кӕнын райдыдтой, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв куыдтой ӕмӕ богъ-богъ кодтой+.
2 Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой+, ӕмӕ сын адӕм иууылдӕр дзырдтой: «Фӕлтау Египеты куы амардаиккам, науӕд ацы ӕдзӕрӕг быдыры!
3 Цӕмӕ нӕ кӕны Йегъовӕ уыцы зӕхмӕ? Уым нӕ хъамайӕ куы фӕцӕгъддзысты!+ Нӕ устытӕ ӕмӕ нын нӕ сывӕллӕтты та сӕхицӕн акӕндзысты+. Фӕлтау Египетмӕ аздӕхӕм!»+
4 Кӕрӕдзийӕн ма афтӕ дӕр дзырдтой: «Нӕхицӕн искӕй хицауӕй сӕвӕрӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхӕм!»+
5 Уӕд Моисей ӕмӕ Аарон ӕппӕт Израилы адӕмы раз дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+.
6 Навины фырт+ Йесо ӕмӕ Йефоннийы фырт+ Халев та, уыдон дӕр уыдысты зӕхх сгарынмӕ, сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+
7 ӕмӕ Израилы ӕппӕт адӕмӕн дзырдтой: «Цы зӕхх сгарынмӕ ацыдыстӕм, уый у тынг хорз зӕхх, тынг хорз+.
8 Кӕд Йегъовӕйӕн зынаргъ стӕм+, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн уыцы зӕхмӕ, ратдзӕн нын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+.
9 Ӕрмӕст Йегъовӕйы ныхмӕ ма цӕут+, стӕй ма тӕрсут уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй+, ӕнцонтӕй сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм*. Уыдонӕн хъахъхъӕнӕг нал ис+, немӕ та ис Йегъовӕ+. Ма сӕ тӕрсут»+.
10 Фӕлӕ адӕм иууылдӕр дзырдтой, дуртӕй сӕ амарӕм, зӕгъгӕ+. Уӕд ӕмбырды цатыры сӕрмӕ фӕзынд Йегъовӕйы кад ӕмӕ йӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр федтой+.
11 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацы адӕмӕн ма бирӕ+ уыдзынӕн хынджылӕггаг?+ Се ’хсӕн уыйбӕрц диссӕгтӕ сарӕзтон, ӕмӕ мыл уӕддӕр не ’ууӕндынц. Кӕдмӕ кӕндзысты афтӕ?+
12 Ӕз сыл фыдниз бафтаудзынӕн ӕмӕ сӕ бындзагъд фӕкӕндзынӕн, ӕмӕ дӕуӕй рауадздзынӕн ӕндӕр адӕм, адонӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр»+.
13 Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Уӕд уыцы хабар фехъусдзысты египетӕгтӕ, ацы адӕмы дӕ тыхы фӕрцы кӕй ’хсӕнӕй ракодтай, уыдон+.
14 Ӕмӕ уый тыххӕй радзурдзысты уыцы зӕххы цӕрджытӕн дӕр. Уыдон та йӕ фехъуыстой, ды, о Йегъовӕ, ацы адӕмы ’хсӕн кӕй дӕ+, ӕргом сӕм кӕй фӕзыныс+. Фехъуыстой йӕ, ды сын, о Йегъовӕ, сӕ сӕрмӕ мигъ кӕй ӕрлӕууын кӕныс ӕмӕ бонӕй сӕ разӕй мигъы хуызӕн цӕджындзы кӕй фӕцӕуыс, ӕхсӕвы та – арты хуызӕн цӕджындзы+.
15 Ацы адӕмы се ’ппӕты бындзагъд куы ныккӕнай+, уӕд, дӕ кады тыххӕй чи фехъуыста, уыцы адӕмтӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ,
16 Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ баци ацы адӕмы, цы зӕххы тыххӕй сын расомы кодта, уыцы зӕхмӕ бакӕнын, ӕмӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдыры ныццагъта+.
17 Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ, курын дӕ, равдис де стыр тых+, афтӕ куы дзырдтай:
18 „Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, хатыр кӕны рӕдыд дӕр ӕмӕ фыдракӕнд дӕр+, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+, фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг“+.
19 Лӕгъстӕ дын кӕнын, ныххатыр кӕн ацы адӕмӕн сӕ тӕригъӕд де стыр ӕнувыд уарзтмӕ гӕсгӕ, Египеты куы уыдысты, уӕдӕй нырмӕ сын куыд хатыр кодтай, афтӕ»+.
20 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Хорз, дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ сын хатыр кӕнын+.
21 Ӕмӕ дын сомы кӕнын, ӕз, удӕгас Хуыцау: ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы кадӕй+.
22 Фӕлӕ мын мӕ кад чи федта+, стӕй, Египеты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы диссӕгтӕ сарӕзтон+, уыдон дӕр, фӕлӕ мӕ уӕддӕр дӕс хатты чи фӕлвӕрдта+ ӕмӕ мӕм чи нӕ хъуыста+,
23 уыдон никуы фендзысты, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй тыххӕй расомы кодтон, уыцы зӕхх. О, ӕз хынджылӕггаг кӕмӕн дӕн, уыдонӕй йӕ иу дӕр нӕ фендзӕн+.
24 Мӕ лӕггадгӕнӕг Халевы+ та бакӕндзынӕн, кӕм уыд, уыцы зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ уый ӕндӕр зондыл* хӕст уыд ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр каст мӕ коммӕ+, ӕмӕ уыцы зӕхх бауыдзӕн йӕ байзӕддӕгты+.
25 Дӕлвӕзы цӕрынц амаликӕгтӕ ӕмӕ ханаайнӕгтӕ+, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ райсом иннӕрдӕм фӕзилут ӕмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацӕут»+.
26 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта:
27 «Ацы фыдзонд адӕм ма мыл бирӕ хъуыр-хъуыр кӕндзысты?+ Ӕз хъусын, Израилы фырттӕ мыл куыд хъуыр-хъуыр кӕнынц, уый+.
28 Зӕгъ сын афтӕ: „Ӕз дӕн удӕгас Хуыцау,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ-иу кӕсут, кӕд уын, мӕ разы куыддӕриддӕр дзырдтат, афтӕ нӕ бакӕнон!+
29 Уӕ мӕрдтӕ баззайдзысты ацы ӕдзӕрӕг быдыры+ – фыст уӕ чидӕриддӕр ӕрцыд, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, чи мыл хъуыр-хъуыр кодта, уыдоны мӕрдтӕ+.
30 Сымах нӕ бацӕудзыстут, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ+ кӕй тыххӕй расомы кодтон, уым ӕз уемӕ цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ. Уырдӕм бацӕудзысты ӕрмӕстдӕр Халев, Йефоннийы фырт, ӕмӕ Йесо, Навины фырт+.
31 Ӕмӕ уырдӕм ӕнӕмӕнг бакӕндзынӕн уӕ сывӕллӕтты дӕр, афтӕ кӕмӕй загътат, сӕхицӕн сӕ акӕндзысты+, зӕгъгӕ, уыдоны, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, сымах чи нӕ бахъуыд, уыцы зӕхх+.
32 Сымахӕн та уӕ мӕрдтӕ баззайдзысты ацы ӕдзӕрӕг быдыры+.
33 Уӕ фырттӕ цыппор азы ӕдзӕрӕг быдыры уыдзысты фыййӕуттӕ+ ӕмӕ дзуапп дӕтдзысты уӕ хӕтындзинады тыххӕй+, цалынмӕ уе ’ппӕт дӕр ӕдзӕрӕг быдыры нӕ баззайат, уӕдмӕ+.
34 Сымах цыппор боны+ сгӕрстат зӕхх, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп дӕтдзыстут цыппор азы+ – иу бонӕн аз, о, иу бонӕн аз+, цӕмӕй базонат, ӕнӕ мӕнӕй куыд у, уый+.
35 Ӕз, Йегъовӕ, зӕгъын, мӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы фыдзонд адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕд афтӕ нӕ бакӕнон+: ацы ӕдзӕрӕг быдыры ӕрцӕудзӕн сӕ кӕрон, ам ссардзысты сӕ мӕлӕт+.
36 Моисей зӕхх сгарӕг кӕй арвыста ӕмӕ, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, уыцы зӕххӕй ӕвзӕр йеддӕмӕ чи ницы радзырдта ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕппӕт адӕмы дӕр йӕ ныхмӕ чи скодта ӕмӕ хъуыр-хъуыр кӕнын кӕй тыххӕй райдыдтой+,
37 о, уыцы зӕххӕй ӕвзӕр йеддӕмӕ чи ницы радзырдта, уыдон дӕр амӕлдзысты, Йегъовӕйы фыдӕх сӕ баййафдзӕн+.
38 Зӕхх сгарӕг чи уыд, уыдонӕй удӕгасӕй баззайдзысты ӕрмӕстдӕр Йесо, Навины фырт, ӕмӕ Халев, Йефоннийы фырт“»+.
39 Моисей уыцы ныхӕстӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр куы радзырдта, уӕд адӕм хъарӕг ӕмӕ ӕрдиаг кӕнын райдыдтой+.
40 Ӕмӕ райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ сфӕнд кодтой хохмӕ ссӕуын. Уыдон дзырдтой: «Мах тӕригъӕд ракодтам. Ӕмӕ цомут, ссӕуӕм, Йегъовӕ цы бынатӕй загъта, уырдӕм»+.
41 Фӕлӕ сын Моисей загъта: «Цӕмӕн хизут Йегъовӕйы ныхасы сӕрты?+ Ницы уын рауайдзӕн.
42 Ма ацӕут, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уемӕ нӕй, уе знӕгтӕ уӕ ныппырх кӕндзысты+.
43 Амаликӕгтӕ ӕмӕ ханаайнӕгты+ ныхмӕ цӕут, ӕмӕ уӕ хъамайӕ фӕцӕгъддзысты, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйы коммӕ нӕ кӕсут ӕмӕ Йегъовӕ уемӕ нӕ уыдзӕн»+.
44 Фӕлӕ уыдон уӕддӕр уыцы ныфсхастӕй араст сты хохмӕ+. Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕмӕ Моисей та, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй нӕ фезмӕлыдысты+.
45 Уӕд уыцы хохыл цӕрӕг амаликӕгтӕ+ ӕмӕ ханаайнӕгтӕ бынмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ цӕгъдын байдыдтой ӕмӕ сӕ дӕрӕн кодтой суанг Хормӕйы онг+.